1
Лука 11:13
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
Уӕдӕ сымах фыдзӕрдӕтӕ куы стут ӕмӕ уӕддӕр уӕ зӕнӕгӕн хорзы цӕуын куы зонут, уӕд Уӕларвон Фыд куыннӕ ратдзӕни Сыгъдӕг Уд, чи Дзы куры, уыдонӕн!»
አወዳድር
{{ጥቅስ}} ያስሱ
2
Лука 11:9
Уӕдӕ уын Ӕз дӕр зӕгъын: курут ӕмӕ райсдзыстут, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут ӕмӕ уын байгом уыдзӕн.
3
Лука 11:10
Уымӕн ӕмӕ алы курӕг дӕр райсы, алы агурӕг дӕр ссары ӕмӕ алы хойӕгӕн дӕр дуар байгом вӕййы.
4
Лука 11:2
Йесо сын загъта: «Куы фӕкувут, уӕд-иу дзурут: „Нӕ Фыд! Кадджын уӕд Дӕ ном! Ӕрцӕуӕд Дӕ Паддзахад. Уӕлӕрвты куыд у, афтӕ зӕххыл дӕр сӕххӕст уӕд Дӕ фӕндон.
5
Лука 11:4
Ныббар нын нӕ хӕстӕ, мах нӕ хӕсджынтӕн куыд барӕм, афтӕ. Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй“».
6
Лука 11:3
Ратт нын абон цӕрынваг къӕбӕр.
7
Лука 11:34
Буарӕн йӕ рухсгӕнӕн цӕст у. Ӕмӕ дӕ цӕст сыгъдӕг куы уа, уӕд дӕ буар ӕгасӕй дӕр рухс уыдзӕн. Фӕлӕ дӕ цӕст чъизи куы уа, уӕд дӕ буар дӕр талынг уыдзӕн.
8
Лука 11:33
Цырагъ чи ссудзы, уый йӕ сусӕг ран кӕнӕ дурыны нӕ бавӕры, фӕлӕ йӕ цырагъдарӕныл, бацӕуджытӕ рухс куыд уыной, афтӕ сӕвӕры.
ቤት
መጽሐፍ ቅዱስ
እቅዶች
ቪዲዮዎች