Йесо йын дзуапп радта: «Ӕппӕты сӕйрагдӕр у мӕнӕ ацы фӕдзӕхст: „Байхъус, Израил! Нӕ Дунедарӕг Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцау нӕй. Ӕмӕ уарз дӕ Бардарӕг Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ“. Дыккаг ахсджиаг фӕдзӕхст та ахӕм у: „Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз“. Адонӕй ахсджиагдӕр фӕдзӕхстытӕ нӕй».