YouVersion Logo
Search Icon

Марк 12

12
1Йесо адӕмӕн райдыдта фӕсномыгӕй дзурын: «Иу лӕг сӕндон скодта. Йӕ алыварс ын сарӕзта ӕмбонд, сӕндуцӕн дзы скъахта, хъахъхъӕнӕн мӕсыг дзы самадта, стӕй кусджытӕ баххуырста ӕмӕ йӕ уыдоны бар бакодта, йӕхӕдӕг балцы ацыди. 2Афон куы ралӕууыд, уӕд ӕххуырст кусджытӕм йӕ цагъары арвыста — сӕндонӕй йӕ тыллӕг райсынмӕ. 3Фӕлӕ йӕ уыдон ӕрцахстой, фӕнадтой йӕ ӕмӕ йӕ афтидармӕй арвыстой. 4Йӕ иннӕ цагъары сӕм арвыста, фӕлӕ йӕ сӕрыскъуыд фӕкодтой ӕмӕ йӕ ӕгады тард ракодтой. 5Ӕндӕры дӕр сӕм арвыста, ӕмӕ уый та маргӕ акодтой. Ноджы ма сӕм бирӕты фервыста, ӕмӕ уыдонӕй дӕр кӕй нӕмгӕ кодтой, кӕй — маргӕ. 6Иунӕг ӕмӕ уарзон фырт ма йын баззади, ӕмӕ сӕм ӕппынфӕстаг уый дӕр арвыста, мӕ фыртӕй мын уӕддӕр фефсӕрмы уыдзысты, зӕгъгӕ. 7Фӕлӕ ӕххуырст кусджытӕ сӕ кӕрӕдзийӕн загътой: „Уый йӕ бындар у. Амарӕм ӕй, ӕмӕ йӕ бынтӕ мах бауыдзысты“. 8Уыйадыл ӕй ӕрцахстой, амардтой йӕ ӕмӕ йын йӕ мард сӕндонӕй раппӕрстой. 9Уӕдӕ ныр сӕндоны хицау цы сараздзӕн? Ӕрцӕудзӕн ӕмӕ уыцы кусджыты амарын кӕндзӕн, сӕндон та ратдзӕнис ӕндӕртӕм. 10Ау, Сыгъдӕг Фысты нӕ бакастыстут, ӕви: „Аразджытӕ цы дурыл нӕ барвӕссыдысты, уый сси фисыны сӕйраг дур. 11Уый Хуыцау сарӕзта, ӕмӕ уыцы диссаг мах нӕ цӕстӕй уынӕм“?» 12Йесо ӕмбисонд уыдоны тыххӕй кӕй ӕрхаста, уый бамбӕрстой ӕмӕ Йӕ хъавыдысты ӕрцахсынмӕ, фӕлӕ адӕмӕй нӕ бауӕндыдысты. Уымӕ гӕсгӕ Йӕ ныууагътой ӕмӕ ацыдысты.
13Ӕмӕ Йӕм фарисейтӕй ӕмӕ Ироды фарсхӕцджытӕй кӕйдӕрты барвыстой, цӕмӕй Йӕ исты амалӕй ракъахой ӕмӕ Йын Йӕ ныхӕстӕ Йӕхи ныхмӕ фӕкӕной. 14Уыдон Ӕм бацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ искӕй зӕрдӕ балхӕныныл кӕй нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс, фӕлӕ ӕцӕгады фӕткмӕ гӕсгӕ амоныс Хуыцауы фӕндаг. Кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ? Фидӕм ын ӕви йын ма фидӕм?» 15Йесо сын зыдта сӕ дыдзӕсгомдзинад ӕмӕ загъта: «Цы Мӕ фӕлварут? Рахӕссут-ма Мӕм динар, ӕмӕ йӕм ӕркӕсон». 16Ӕрбахастой Йӕм динар, ӕмӕ сӕ Уый бафарста: «Кӕй ныв ӕмӕ йыл кӕй ном ис?» Уыдон Ын дзуапп радтой: «Кесӕры». 17Йесо сын загъта: «Уӕдӕ кесӕры цы у, уый дӕттут кесӕрӕн, Хуыцауы цы у, уый та — Хуыцауӕн». Ӕмӕ Йыл дис кодтой.
18Уӕд Йесомӕ бацыдысты саддукейтӕ (уыдон дзурынц, мӕрдтӕ нӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ) ӕмӕ Йӕ бафарстой: 19«Ахуыргӕнӕг, Моисей ныффыста: „Искӕмӕн йӕ усджын ӕфсымӕр куы амӕла ӕмӕ йын зӕнӕг куынӕ баззайа, уӕд ын уый хъуамӕ йӕ идӕдзы ракура ӕмӕ дзы йе ’фсымӕры номыл цот рауадза“. 20Уыдис авд ӕфсымӕры. Хистӕр ӕрхаста ус ӕмӕ ӕнӕзӕнӕгӕй амарди. 21Ракуырдта йӕ дыккаг ӕфсымӕр ӕмӕ уый дӕр амарди, йӕ фӕстӕ зӕнӕг нӕ ныууагъта, афтӕмӕй. Афтӕ рауад йӕ хабар ӕртыккагӕн дӕр. 22Авдӕй йӕ куыд хистӕрӕй куырдтой, фӕлӕ дзы зӕнӕг ничи ныууагъта. Се ’ппӕты фӕстӕ сылгоймаг дӕр амарди. 23Ныр мӕрдтӕ куы райгас уой, уӕд сӕ кӕцыйы ус уыдзӕн? Сӕ авды бинойнаг дӕр куы уыд». 24Йесо сын дзуапп радта: «Нӕдӕр Сыгъдӕг Фыст, нӕдӕр Хуыцауы тых кӕй нӕ зонут, уый уӕ нӕ рӕдийын кӕны, ӕви? 25Мӕрдты райгасы фӕстӕ адӕм нӕдӕр ус курдзысты, нӕдӕр мой кӕндзысты, фӕлӕ уыдзысты уӕларвон зӕдты ӕнгӕс. 26Мӕрдтӕ кӕй райгас уыдзысты, уый тыххӕй та Моисейы чиныджы нӕ бакастыстут, Хуыцау ӕм сындзы къутӕрӕй куыд радзырдта: „Ӕз дӕн Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау ӕмӕ Йаковы Хуыцау“? 27Хуыцау мӕрдты Хуыцау нӕу, удӕгӕсты Хуыцау у. Уӕдӕ сымах тынг рӕдийут».
28Динамонджытӕй сын иу хъуыста сӕ быцӕумӕ ӕмӕ, куыд хорз дзуапп сын лӕвӕрдта, уый фиппайгӕйӕ, Йесомӕ бацыд ӕмӕ Йӕ бафарста: «Фӕдзӕхстытӕй кӕцы у сӕйрагдӕр?»
29Йесо йын дзуапп радта: «Ӕппӕты сӕйрагдӕр у мӕнӕ ацы фӕдзӕхст: „Байхъус, Израил! Нӕ Дунедарӕг Хуыцауы йеддӕмӕ ӕндӕр хуыцау нӕй. 30Ӕмӕ уарз дӕ Бардарӕг Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт зондӕй ӕмӕ ӕппӕт хъаруйӕ“. 31Дыккаг ахсджиаг фӕдзӕхст та ахӕм у: „Дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарз“. Адонӕй ахсджиагдӕр фӕдзӕхстытӕ нӕй». 32Динамонӕг Ын загъта: «Раст дзурыс, Ахуыргӕнӕг. Хуыцау иу кӕй у ӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй, уымӕй раст дӕ. 33Ӕмӕ „Йӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт зондӕй, ӕппӕт хъаруйӕ уарзын“, стӕй, „дӕхи куыд уарзыс, дӕ хионы дӕр афтӕ уарзын“ — уый ӕппӕт иууылсудзинаг ӕмӕ ӕппӕт иннӕ нывӕндтӕй ахсджиагдӕр у».
34Йесо дзы ӕмбаргӕ адӕймаджы дзуапп куы фехъуыста, уӕд ын загъта: «Хуыцауы Паддзахадӕй дард нӕ дӕ». Уый фӕстӕ Йесойы бафӕрсынмӕ йӕ ныфс ничиуал хаста.
35Йесо дарддӕр адӕмы ахуыр кодта Кувӕндоны ӕмӕ сӕ фарста: «Динамонджытӕ Чырыстийӕ, Давиды байзӕддаг у, зӕгъгӕ, куыд дзурынц? 36Давид йӕхӕдӕг афтӕ куы дзырдта, Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй: „Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: сбад Мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн“. 37Уӕдӕ Йӕ кӕд Давид йӕ Бардарӕг хоны, уӕд Уый йӕ байзӕддаг куыд у?»
Бирӕ адӕм Йесомӕ зӕрдиагӕй хъуыстой. 38Ӕмӕ сӕ Йесо ахуыр кодта: «Уӕхи хизут динамонджытӕй. Уыдон уарзынц даргъ дарӕсты цӕуын ӕмӕ сахарты фӕзты адӕмы арфӕтӕм хъусын; 39уарзынц синагогӕты раззаг бынӕтты ӕмӕ минасы фынгыл уӕле бадын; 40уыдон хӕрынц идӕдзты хӕдзӕрттӕ, цӕстмӕ кувынц бирӕ. Ахӕмтӕ карз ӕфхӕрд баййафдзысты».
41Йесо ӕрбадти Кувӕндоны хӕзнадоны бакомкоммӕ ӕмӕ кастис, адӕм дзы ӕхца куыд ӕвӕрынц, уымӕ. Хъӕздгуытӕй бирӕтӕ ӕвӕрдтой бирӕ ӕхца. 42Иу мӕгуыр идӕдз ус бацыд ӕмӕ дзы дыууӕ лептӕйы — иу кодрант — нывӕрдта. 43Йесо фӕдзырдта Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕртӕ уыцы мӕгуыр идӕдз ус се ’ппӕтӕй фылдӕр нывӕрдта хӕзнадоны. 44Иннӕтӕ иууылдӕр хай ӕвӕрдтой сӕ исбоны уӕлдайӕ, уыцы мӕгуыр сылгоймаг та нывӕрдта, цыдӕриддӕр ӕм уыдис, уый — йӕ хойраджы аргъ».

Currently Selected:

Марк 12: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in