Ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг Павел ӕмӕ Силӕ куывтой, зарыдысты Хуыцауы кадӕн, ахӕстытӕ та сӕм хъуыстой.
Ӕваст зӕхх афтӕ тынг нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстон йӕ бындурӕй нызмӕлыд. Уайсахат байгом сты ахӕстоны ӕппӕт дуӕрттӕ, ӕмӕ ахӕстытӕ иууылдӕр сӕ рӕхыстӕй суӕгъд сты.