Апостолты хъуыддӕгтӕ 16
16
Тимофей баиу Павел ӕмӕ Силӕимӕ
1Павел бахӕццӕ Дервимӕ ӕмӕ Листрӕмӕ. Уым царди иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном — Тимофей. Йӕ мад уыди иудейаг — чырыстон сылгоймаг, йӕ фыд та — муртаттаг.#Ром 16:21; Флп 2:19; 1 Фес 1:1. 2Листрӕйы ӕмӕ Иконийы Тимофейӕ тынг ӕппӕлыдысты ӕфсымӕртӕ. 3Павелы бафӕндыд Тимофейы йемӕ акӕнын. Уым иудейӕгтӕ кӕй царди, уымӕ гӕсгӕ Тимофейӕн сунӕт скодта, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр зыдтой, йӕ фыд муртаттаг кӕй уыд, уый.#1 Кор 9:20.
4Иу сахарӕй иннӕмӕ цыдысты ӕмӕ уырнджытӕн дзырдтой, цӕмӕй, апостолтӕ ӕмӕ аргъуаны хистӕртӕ Йерусалимы цы уынаффӕтӕ рахастой, уыдон ӕххӕст кӕной.#Хъуыд 15:28. 5Афтӕмӕй фидар кодта аргъуанты уырнындзинад, бонӕй-бон фылдӕр кодта уырнджыты нымӕц.
6Ахызтысты Фригийыл ӕмӕ Галатийы бӕстыл, уымӕн ӕмӕ сӕ Сыгъдӕг Уд нӕ бауагъта Хуыцауы ныхас Азийы провинцийы амонын. 7Мисийы арӕнмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд архайдтой Вифинимӕ ацӕуыныл, фӕлӕ сӕ Йесойы Уд уырдӕм нӕ бауагъта. 8Уӕд ахызтысты Мисийыл ӕмӕ ӕрбахӕццӕ сты Троадӕмӕ.
9Уыцы ӕхсӕв Павел федта цӕстылуайӕн: йӕ разы ӕрлӕууыд иу македойнаг лӕг ӕмӕ йӕм хатыд: «Ӕрцу Македонимӕ ӕмӕ нын баххуыс кӕн». 10Павелы цӕстылуайӕны хӕдуӕлвӕд мах нӕхи срӕвдз кодтам Македонимӕ цӕуынмӕ — бамбӕрстам, Хуыцау нӕм уырдӕм Фарны Уац фӕхӕссынмӕ кӕй фӕсидти, уый.
Лидиа баууӕндыд Хуыцауыл
11Араст стӕм Троадӕйӕ ӕмӕ ӕмраст бацыдыстӕм Самофракимӕ, уырдыгӕй дыккаг бон — Неапольмӕ, 12уырдыгӕй та — ромаг колони#16:12 Колони — ромаг граждӕнтӕ кӕм цардысты, ахӕм сахар. Филипптӕм, Македонийы уыцы хайы сӕйраг сахармӕ. Фестӕм дзы цалдӕр боны, 13сабаты та ацыдыстӕм фӕссахармӕ, цӕугӕдоны цурмӕ, мах куыд ӕнхъӕл уыдыстӕм, афтӕмӕй кувӕн бынат кӕм уыди, уырдӕм. Ӕрбадтыстӕм ӕмӕ ныхас кодтам, чи ӕрӕмбырд, уыцы сылгоймӕгтимӕ. 14Ӕмӕ Фиатирӕйы сахарӕй иу сылгоймаг, Хуыцауӕн аргъуыц чи кодта, ахӕм, йӕ ном — Лидиа, сӕнт сырх хъуымац уӕйгӕнӕг, хъуыста ныхасмӕ. Бардарӕг ын байгом кодта йӕ зӕрдӕ, ӕмӕ йӕм Павелы ныхӕстӕ тынг бахъардтой. 15Йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ дӕр донаргъуыд куы райстой, уӕд нӕм ӕрхатыд: «Кӕд мӕ, Бардарӕгыл иузӕрдион чи у, ахӕмыл нымайут, уым рацӕут мӕ хӕдзармӕ ӕмӕ цӕрут мӕнмӕ». Ӕмӕ нӕ сразы кодта.
Павел ӕмӕ Силӕйы ӕрцахстой
16Иу хатт кувӕн бынатмӕ куы фӕцӕйцыдыстӕм, уӕд ныл сӕмбӕлди, дӕсныфӕрсыныл ардауӕг ӕнӕзӕгъинаг кӕй ӕрцахста, ахӕм лӕггадгӕнӕг чызг. Дӕсныфӕрсынӕй йӕ хицӕуттӕн хаста стыр ӕфтиаг. 17Павелимӕ-иу куы цыдыстӕм, уӕд-иу нӕ фӕдыл бафтыд ӕмӕ хъӕр кодта: «Ацы лӕгтӕ Иууылбӕрзонд Хуыцауы цагъартӕ сты; уыдон уын фервӕзыны фӕндаг амонынц».
18Афтӕ кодта бирӕ бонты дӕргъы. Павел ӕппынфӕстаг смӕсты, акасти фӕстӕмӕ ӕмӕ ӕнӕзӕгъинагӕн загъта: «Йесо Чырыстийы номӕй дын бардзырд дӕттын: рацу дзы».
Ӕмӕ дзы уайсахат рацыд.#Мт 10:1; Мк 1:34; 16:17. 19Се ’фтиагыл зӕрдӕ дарӕн кӕй нал ис, чызджы хицӕуттӕ уый куы федтой, уӕд Павел ӕмӕ Силӕйы ӕрцахстой, лӕгдыхӕй сӕ акодтой сӕйраг фӕзмӕ, сахары сӕргълӕуджытӕм. 20Бакодтой сӕ сахары хицӕуттӕм ӕмӕ загътой: «Ацы лӕгтӕ сты иудейӕгтӕ ӕмӕ змӕнтынц нӕ сахар. 21Хӕлиу кӕнынц, махӕн, ромӕгтӕн, сӕрмӕхӕссинаг чи нӕу ӕмӕ нын ӕххӕст кӕнын кӕй не ’мбӕлы, ахӕм ӕгъдӕуттӕ».
22Адӕм дӕр Павел ӕмӕ Силӕйы ныхмӕ фесты. Уӕд сахары хицӕуттӕ радтой бардзырд, цӕмӕй дыууӕйӕн дӕр сӕ дарӕс сӕ уӕлӕйӕ ӕррӕдувой ӕмӕ сӕ лӕдзджытӕй фӕнӕмой.#2 Кор 11:25; 1 Фес 2:2. 23Дзӕбӕх сӕ куы фӕнадтой, уӕд сӕ баппӕрстой ахӕстоны, ӕмӕ хъахъхъӕнӕгӕн бафӕдзӕхстой, къӕрцхъусӕй сӕ куыд хъахъхъӕна. 24Уый ахӕм бардзырд куы райста, уӕд сӕ баппӕрста ахӕстоны рӕбинаг хаймӕ ӕмӕ сын сӕ къӕхтыл бакодта хъадамантӕ.
25Ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг Павел ӕмӕ Силӕ куывтой, зарыдысты Хуыцауы кадӕн, ахӕстытӕ та сӕм хъуыстой.
26Ӕваст зӕхх афтӕ тынг нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстон йӕ бындурӕй нызмӕлыд. Уайсахат байгом сты ахӕстоны ӕппӕт дуӕрттӕ, ӕмӕ ахӕстытӕ иууылдӕр сӕ рӕхыстӕй суӕгъд сты.#Хъуыд 4:31. 27Ахӕстоны хъахъхъӕнӕг куы райхъал ӕмӕ дуӕрттӕ гомӕй куы федта, уӕд фелвӕста йӕ кард ӕмӕ хъавыди йӕхи амарынмӕ; ӕнхъӕл уыд, ӕмӕ ахӕстытӕ алыгъдысты.
28Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн знаггад ма ракӕн! Мах не ’ппӕт дӕр ам стӕм!»
29Уӕд хъахъхъӕнӕг ӕрбахӕссын кодта цырагъ, базгъордта ахӕстонмӕ ӕмӕ тӕрсгӕ-ризгӕйӕ Павел ӕмӕ Силӕйы къӕхтӕм йӕхи ӕрӕппӕрста.
30Стӕй сӕ рахуыдта ӕддӕмӕ ӕмӕ сӕ бафарста: «Ме ’лдӕрттӕ, фервӕзынӕн мын цы амал ис?»
31Уыдон ын загътой: «Баууӕнд Бардарӕг Йесойыл ӕмӕ фервӕздзынӕ дӕхӕдӕг дӕр, стӕй дӕ хӕдзаронтӕ дӕр».#Мк 16:16.
32Хъахъхъӕнӕгӕн ӕмӕ йе ’ппӕт хӕдзаронтӕн Павел ӕмӕ Силӕ фӕцамыдтой Бардарӕджы ныхас. 33Хъахъхъӕнӕг сӕ ӕхсӕвы тӕккӕ уыцы сахатыл ракодта, цӕхсадта сын сӕ хъӕдгӕмттӕ ӕмӕ ӕвӕстиатӕй аргъуыд райста йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йе ’ппӕт хӕдзаронтӕ дӕр. 34Павел ӕмӕ Силӕйы бахуыдта йӕ хӕдзармӕ, фынг сын ӕрӕвӕрдта ӕмӕ цин кодта йе ’ппӕт хӕдзаронтимӕ, Хуыцауыл кӕй баууӕндыдысты, уый тыххӕй.
35Куы сбон ис, уӕд сахары хицӕуттӕ се ’ххуысгӕнджыты арвыстой ахӕстонмӕ бардзырдимӕ: «Рауадзут уыцы лӕгты». 36Хъахъхъӕнӕг уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодта Павелмӕ: «Сахары хицӕуттӕ ӕрбарвыстой уӕ рауадзыны бардзырд, ӕмӕ цӕугӕут ныр фарнимӕ».
37Фӕлӕ Павел загъта: «Мах, ромаг граждӕнты, ӕнӕ тӕрхонӕй куы надтой ӕппӕт адӕмы раз ӕмӕ нӕ ахӕстоны куы баппӕрстой, уӕд нӕ ныр сусӕгӕй уадзынц? Уымӕн уӕвӕн нӕй. Ӕрцӕуӕнт ӕмӕ нӕ сӕхӕдӕг ракӕнӕнт ардыгӕй».#Хъуыд 22:25.
38Ӕрвыст лӕгтӕ уыцы ныхӕстӕ фӕхӕццӕ кодтой сахары хицӕуттӕм. Уыдон, ромаг граждӕнтӕ кӕй сты, уый куы фехъуыстой, уӕд старстысты, 39Ӕрцыдысты сӕм ӕмӕ сӕ хатыр ракуырдтой. Ракодтой сӕ ахӕстонӕй ӕмӕ сӕм ныххатыдысты, цӕмӕй сахарӕй ацӕуой. 40Павел ӕмӕ Силӕ ахӕстонӕй ӕрцыдысты Лидиайы хӕдзармӕ. Уым фембӕлдысты ӕфсымӕртимӕ, ныфс сӕ бауагътой ӕмӕ араст сты дарддӕр.
Currently Selected:
Апостолты хъуыддӕгтӕ 16: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
![None](/_next/image?url=https%3A%2F%2Fimageproxy.youversionapistaging.com%2F58%2Fhttps%3A%2F%2Fweb-assets.youversion.com%2Fapp-icons%2Fen.png&w=128&q=75)
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022