Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, арвмӕ скасти, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, дзултӕ ӕрсаста ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ адӕмыл байуарой. Афтӕ дыууӕ кӕсаджы дӕр се ’ппӕтыл дӕр байуӕрста. Иууылдӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Дзул ӕмӕ кӕсӕгтӕй ма цы баззади, уыдон куы ӕрӕмбырд кодтой, уӕд уыдысты дыууадӕс чыргъӕды йедзагӕй.