YouVersion Logo
Search Icon

Рацыд 5

5
1Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ ӕмӕ йын загътой: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: „Мӕ адӕмы Мын рауадз, ӕмӕ Мын бӕрӕгбон скӕной ӕдзӕрӕг быдыры“». 2Фӕлӕ сын фараон загъта: «Чи у уыцы Дунедарӕг ӕмӕ Йӕм цӕмӕн хъуамӕ байхъусон? Ӕз Дунедарӕджы нӕ зонын ӕмӕ израилӕгты нӕ ауадздзынӕн». 3Уыдон ын загътой: «Дзуттӕгты Хуыцау нӕм ӕргом рацыд. Ӕдзӕрӕг быдырмӕ нӕ ауадз ӕртӕ бонцауы ӕддӕдӕр, цӕмӕй Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, нывонд ӕрхӕссӕм, науӕд ныл йӕ рын бафтаудзӕн, йе та нӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн». 4Фӕлӕ сын Мысыры паддзах загъта: «Уӕ Моисей ӕмӕ Аарон! Адӕмы кусын цӕуылнӕ уадзут? Цӕугӕут уӕхӕдӕг дӕр кусынмӕ!» 5Ноджы ма сын загъта: «Уынут, куыд бирӕ сты? Ӕмӕ сымах утӕппӕт адӕмӕн сӕ куыстытӕ уадзын кӕнут?»
6Уыцы бон фараон бафӕдзӕхста цӕстдарджытӕ ӕмӕ бӕрнылӕгтӕн: 7«Нырӕй фӕстӕмӕ ацы адӕмӕн хъӕмп мауал дӕттут самандуртӕн. Сӕхӕдӕг цӕуӕнт ӕмӕ йӕ амал кӕнӕнт. 8Амайӕн дуртӕ та дарддӕр дӕр, ныронг цас кодтой, уый бӕрц кӕнӕнт. Ма сын фӕкъаддӕр кӕнут сӕ куыст. Науӕд сыл зивӕг бахӕцыд ӕмӕ хъӕр самадтой, цом ӕмӕ нӕ Хуыцауӕн нывонд ӕрхӕссӕм, зӕгъгӕ. 9Сӕ куыст уӕззаудӕр куы уа, уӕд сӕ дзӕгъӕл дзӕнгӕдамӕ нал ӕвдӕлдзӕн!»
10Цӕстдарджытӕ ӕмӕ хъахъхъӕнджытӕ израилӕгтӕн загътой: «Фараон уын хъӕмп дӕттын нал уадзы. 11Цӕут ӕмӕ йӕ уӕхӕдӕг, кӕмдӕриддӕр уӕ фӕнды, уым амал кӕнут. Уыимӕ амайӕн дуртӕ та, ныронг цас арӕзтат, уый бӕрц аразут».
12Адӕм Мысыры алы къуымты ныххӕлиу сты ӕмӕ хъӕмпы бӕсты кӕрддзых ӕмбырд кодтой. 13Уыимӕ ма сӕ цӕстдарджытӕ дӕр ноджы тынгдӕр ӕрӕлхъывтой, домдтой, цӕмӕй самандуртӕ алы бон дӕр кӕной, ныронг цӕттӕ хъӕмпимӕ цас кодтой, уый бӕрц. 14Фараоны цӕстдарджытӕ та, Израилы адӕмы сӕргъы кӕй сӕвӕрдтой, уыцы хъахъхъӕнджыты надтой, цы ’мбӕлы, уый цӕуылнӕ кӕнут, зӕгъгӕ, ӕмӕ дзырдтой: «Самандуртӕ ныронджы бӕрц куыд уа!» 15Израилаг бӕрнылӕгтӕ фараонмӕ сӕ хъаст бахастой: «Дӕ цагъартӕ куы стӕм, уӕд нӕ афтӕ цӕмӕн ӕфхӕрыс? 16Махӕн, дӕ цагъартӕн, хъӕмп нал дӕттынц, афтӕмӕй нӕ самандуртӕ агурынц. Нӕмынӕй нӕ ауӕрдынц дӕ цагъартыл. Стыр тӕригъӕд у уый дӕ адӕмӕн!» 17Фӕлӕ сын уый афтӕ: «Зивӕг уыл бахӕцыд, зивӕг, ӕмӕ уымӕн дзурут, цом ӕмӕ Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхӕссӕм, зӕгъгӕ. 18Цӕугӕут кусынмӕ. Хъӕмп нал фендзыстут, самандуртӕ та кӕнут, цас ӕмбӕлы, уый бӕрц».
19Израилаг бӕрнылӕгтӕ куы фехъуыстой, самандуртӕ сӕ раздӕры бӕрц домынц, уый, уӕд базыдтой сӕ мӕгуыры бон. 20Фараоны къӕсӕрӕй куы рахызтысты, уӕд баздӕхтысты Моисей ӕмӕ Ааронмӕ — уыдон сӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты ӕдде — 21ӕмӕ сын загътой: «Дунедарӕг уӕм ӕркӕсӕд ӕмӕ уын Йӕхӕдӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд, фараон ӕмӕ нӕ йӕ дӕлдӕртӕн кӕй сӕнӕуынон кодтат, уый тыххӕй! Кард сын радтат сӕ къухмӕ, цӕмӕй нӕ амарой». 22«О Бардарӕг! — сдзынӕзта Моисей Дунедарӕгмӕ. — Ацы адӕмы удхарӕй цӕмӕн марыс? Ардӕм мӕ цӕмӕн рарвыстай? 23Фараонмӕ Дӕ номӕй куы бацыдтӕн ӕмӕ йын Дӕ фӕндон куы загътон, уӕдӕй фӕстӕмӕ ноджы фыддӕр митӕ кӕны Дӕ адӕмӕн! Ды нӕ фервӕзын кодтай Дӕ адӕмы!»

Currently Selected:

Рацыд 5: ОссБ

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in