Апостолты хъуыддӕгтӕ 11
11
Петры дзуапп уырнджытӕн
1Муртаттӕгтӕ дӕр Хуыцауы ныхасыл кӕй баууӕндыдысты, уый фехъуыстой, Иудейы чи уыд, уыцы апостолтӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ.#Хъуыд 10:44. 2Ӕмӕ Петр Йерусалиммӕ куы ӕрбацыд, уӕд ын сунӕтгонд уырнджытӕ уайдзӕф кодтой: 3«Ды ӕнӕсунӕт адӕммӕ уыдтӕ ӕмӕ семӕ хордтай».
4Уӕд сын Петр райдыдта, хъуыддаг куыд рауад, уый тыххӕй бӕстон дзурын: 5«Ӕз куывтон Яффойы сахары ӕмӕ федтон цӕстылуайӕн: ӕрцӕйцыди цыдӕр, стыр кӕттаджы хуызӕн, йӕ цыппар тигъӕй йӕ ӕрцӕйуагъдӕуыд уӕларвӕй; ӕмӕ ӕрхӕццӕ мӕнмӕ. 6Ӕз ӕм ӕдзынӕг ныккастӕн ӕмӕ дзы федтон цыппӕркъахыг цӕрӕгойтӕ, сырдтӕ, хилджытӕ ӕмӕ уӕларвон мӕргътӕ. 7Ӕмӕ фехъуыстон хъӕлӕс: „Сыст, Петр, аргӕвд ӕмӕ бахӕр“. 8Фӕлӕ ӕз загътон: „Уый нӕ уыдзӕн, Бардарӕг! Ӕлгъаг ӕмӕ чъизи цы у, ахӕмӕй мӕ дзыхы никуы ницы уыди“. 9Хъӕлӕс мын уӕларвӕй дыккаг хатт дзуапп радта: „Хуыцау цы ссыгъдӕг кодта, уый ӕлгъагыл ма нымай“. 10Афтӕ уыд ӕртӕ хатты, стӕй сӕ иууылдӕр систӕуыд уӕларвмӕ. 11Ӕмӕ уайсахат ӕртӕ лӕджы, ӕз кӕм уыдтӕн, уыцы хӕдзары дуармӕ ӕрбалӕууыдысты; уыдон Кесарийӕ мӕнмӕ ӕрвыст уыдысты. 12Сыгъдӕг Уд мын загъта, цӕмӕй ӕз ӕнӕгуырысхойӕ ацӕуон семӕ. Мемӕ араст сты ацы ӕхсӕз ӕфсымӕры дӕр, ӕмӕ ӕрцыдыстӕм Корнелийы хӕдзармӕ.#Хъуыд 10:20; 15:7. 13Корнелий нын радзырдта, йӕ хӕдзары зӕды куыд федта, уый тыххӕй. Зӕд ын загъта: „Арвит Яффомӕ ӕмӕ ӕрхон, Петр кӕй хонынц, уыцы Симоны. 14Уый дын зӕгъдзӕни, ды ӕмӕ де ’ппӕт хӕдзаронтӕ кӕй фӕрцы фервӕздзысты, ахӕм ныхӕстӕ“. 15Ӕз дзурын куы райдыдтон, уӕд уыдон схайджын сты Сыгъдӕг Удӕй, раздӕр Дзы мах куыд схайджын стӕм, афтӕ. 16Уӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууыдысты Йесойы ныхӕстӕ: „Иоанн аргъуыдта донӕй, сымах та аргъуыд уыдзыстут Сыгъдӕг Удӕй“.#Мт 3:11; Мк 1:8; Хъуыд 1:5; 19:4. 17Мах Бардарӕг Йесо Чырыстийыл куы баууӕндыдыстӕм, уӕд нын Хуыцау кӕй радта, кӕд муртаттӕгтӕн дӕр ахӕм лӕвар ракодта, уӕд ӕз чи дӕн, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ ӕрлӕууон?»
18Куы йӕм байхъуыстой, уӕд ӕрсабыр сты, кад кодтой Хуыцауӕн ӕмӕ дзырдтой: «Уӕдӕ Хуыцау муртаттӕгтӕн дӕр радта тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕныны фадат, цӕмӕй мыггагмӕйы цард райсой».
Аргъуан Антиохийы
19Стефаны мӕлӕты фӕстӕ сӕ ӕфхӕрын куы райдыдтой, уӕд, уырнджытӕй чи ныххӕлиу, уыдон бахӕццӕ сты Финикимӕ, Кипрмӕ ӕмӕ Антиохимӕ. Хуыцауы Дзырд амыдтой ӕрмӕстдӕр иудейӕгтӕн.#Хъуыд 8:1. 20Фӕлӕ уыдонӕй иуӕй-иутӕ уыдысты кипрӕгтӕ ӕмӕ киренӕйӕгтӕ; ӕмӕ Антиохимӕ куы ӕрцыдысты, уӕд муртаттӕгтӕн дӕр хъусын кодтой Фарны Уац Бардарӕг Йесойы тыххӕй. 21Хуыцау сын хъару лӕвӕрдта, бирӕтӕ баууӕндыдысты ӕмӕ се ’ргом Бардарӕгмӕ раздӕхтой.#Хъуыд 5:14.
22Уыцы хабар бахӕццӕ Йерусалимы аргъуанмӕ, ӕмӕ Варнавӕйы арвыстой Антиохимӕ. 23Уырдӕм куы бахӕццӕ ӕмӕ Хуыцауы хорзӕх куы федта, уӕд йӕ зӕрдӕ барухс ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр фӕдзӕхста, цӕмӕй Бардарӕгыл уой иузӕрдион.#Хъуыд 14:22. 24Варнавӕ хӕларзӕрдӕ адӕймаг уыди, Сыгъдӕг Уд ӕмӕ уырнындзинадӕй хайджын. Ӕмӕ Бардарӕгыл баууӕндыдысты бирӕ адӕм. 25Уый фӕстӕ Варнавӕ ацыди Тарсмӕ — Савлы агурӕг. Ссардта йӕ ӕмӕ йемӕ акодта Антиохимӕ. 26Ӕнӕхъӕн аз аргъуаны фесты ӕмӕ ахуыр кодтой бирӕ адӕмы. Ахуыргӕнинӕгты фыццаг хатт чырыстӕттӕ схуыдтой Антиохийы.
27Уыцы рӕстӕг Йерусалимӕй Антиохимӕ ӕрбацыдысты пехуымпартӕ.#Хъуыд 13:1; 15:32. 28Уыдонӕй иу, йӕ ном — Агав, сыстад ӕмӕ радзырдта, Сыгъдӕг Уд ын цы раргом кодта, уый: ӕппӕт дунейы скӕндзӕн ӕххормаг заман. Йӕ рагуац сӕххӕст кесӕр Клавдийы заманы.#Хъуыд 21:10. 29Уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ баныхас кодтой, кӕмӕн куыд йӕ бон у, афтӕ се ’ххуысы хай Иудейы цӕрӕг ӕфсымӕртӕн арвитыны тыххӕй.#Хъуыд 24:17. 30Ӕмӕ сӕ ныхас сӕххӕст кодтой: цы сӕм ӕрӕмбырд ис, уый Варнавӕ ӕмӕ Савлимӕ арвыстой аргъуаны хистӕртӕм#11:30 Хистӕр — бердзенагау «пресвитер»..#Ром 15:25; 2 Кор 8:4; 9:8.
Currently Selected:
Апостолты хъуыддӕгтӕ 11: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022