YouVersion Logo
Search Icon

Апостолты хъуыддӕгтӕ 12

12
Петр ахӕстоны
1Уыцы рӕстӕг паддзах Ирод райдыдта аргъуаны уӕнгтӕй иуӕй-иуты фӕдыл зилын. 2Кардӕй амарын кодта Иоанны ӕфсымӕр Йаковы.#Мт 20:23. 3Ацы хъуыддаг иудейӕгтӕн ӕхсызгон кӕй у, уый куы федта, уӕд ӕй бафӕндыд Петры дӕр ӕрцахсын. Уый уыди Донгонд дзулты бӕрӕгбоны рӕстӕг. 4Ӕрцахсын кодта Петры, ахӕстоны йӕ бакодта ӕмӕ йын, фӕйнӕ цыппар ӕфсӕддоны кӕм уыд, ахӕм цыппар къорды хъахъхъӕнӕг сӕвӕрдта. Иродмӕ уыди Куадзӕны фӕстӕ йын адӕмы раз тӕрхон кӕныны фӕнд. 5Петры дардтой ахӕстоны, аргъуан та уыцы рӕстӕг Петры тыххӕй зӕрдиагӕй куывта Хуыцаумӕ.
Зӕд суӕгъд кодта Петры
6Ирод ӕй тӕрхонмӕ ракӕнынмӕ куы хъавыд, раст уыцы боны размӕ Петр ӕхсӕвы, дыууӕ рӕхысӕй бастӕй, фынӕй кодта дыууӕ ӕфсӕддоны ӕхсӕн; хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуармӕ дӕр ӕмӕ ахӕстон хъахъхъӕдтой. 7Ӕваст фӕзынди Хуыцауы зӕд, ӕмӕ ахӕстоны уат ныррухс. Зӕд басхуыста Петры фарс, райхъал ӕй кодта ӕмӕ йын загъта: «Сыст рӕвдздӕр». Ӕмӕ рӕхыстӕ Петры цӕнгтӕй ӕрхаудтой.
8Зӕд ын загъта: «Дӕ рон ӕрбабӕтт ӕмӕ скӕн дӕ дзабыртӕ». Петр ӕм байхъуыста. Зӕд та йын загъта: «Скӕн дӕ пӕлӕз ӕмӕ рацу мӕ фӕдыл».#Мк 6:9.
9Петр рахызт ӕмӕ цыди зӕды фӕдыл, фӕлӕ не ’мбӕрста, зӕд цы аразы, уый ӕцӕг кӕй у — ӕнхъӕл уыдис, ӕмӕ йӕ цӕстытыл уайы. 10Хъахъхъӕнджыты фыццаг ӕмӕ дыккаг къордты рӕзты куы аивгъуыдтой, уӕд бахӕццӕ сты, сахармӕ кӕуылты цыдысты, уыцы ӕфсӕн кулдуармӕ. Дуар сын йӕхӕдӕг байгом, рахызтысты ӕддӕмӕ ӕмӕ, иу уынг куы ауадысты, уӕд зӕд ӕваст ӕрбацыдӕр. 11Петр йӕхи куы ӕрӕмбӕрста, уӕд загъта: «Ныр мӕ ӕцӕг уырны: Хуыцау рарвыста Йӕ зӕды ӕмӕ мӕ фервӕзын кодта Ироды къухӕй, иудейаг адӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты, ӕппӕт уыдӕттӕй».
12Петр уый куы бамбӕрста, уӕд араст ис, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны мад Мариайы хӕдзармӕ. Ам ӕрӕмбырд бирӕ адӕм ӕмӕ куывтой. 13Петр кулдуар куы бахоста, уӕд кулдуары цурмӕ рацыди лӕггадгӕнӕг сылгоймаг, йӕ ном — Родӕ. 14Уый Петры йӕ хъӕлӕсӕй базыдта, фӕлӕ фыр цинӕй кулдуар нӕ фегом кодта, афтӕмӕй базгъордта фӕстӕмӕ — Петр дуармӕ кӕй лӕууы, уый фехъусын кӕнынмӕ.
15Уыдон ын загътой: «Дӕ зонд фӕцыди!» Фӕлӕ Родӕ ныллӕууыд, цы загъта, уый ӕцӕг у, зӕгъгӕ. Уыдон та дзырдтой: «Уый Петрӕн йӕ зӕд у».#Мт 18:10.
16Петр та хоста ӕмӕ хоста кулдуар, ӕмӕ йӕ ӕппынфӕстаг куы байгом кодтой, уӕд ӕй федтой ӕмӕ стыр дисы бафтыдысты. 17Петр сын йӕ къухӕй ацамыдта, цӕмӕй банцайой, ӕмӕ сын радзырдта, Бардарӕг ӕй ахӕстонӕй куыд ракодта, уый тыххӕй. Стӕй сын загъта: «Ацы хабар фехъусын кӕнут Йаковӕн ӕмӕ иннӕ ӕфсымӕртӕн». Уый фӕстӕ рацыди уырдыгӕй ӕмӕ араст ис ӕндӕр ранмӕ.
18Куы ӕрбабон, уӕд ӕфсӕддонтӕ фӕдис систой: уӕдӕ Петр цы фӕуыдаид? 19Ирод фӕцагуырдта Петры ӕмӕ йӕ куынӕ ссардта, уӕд ӕрфарста хъахъхъӕнджыты ӕмӕ радта сӕ амарыны бардзырд. Уый фӕстӕ Иудейӕ ацыди Кесаримӕ ӕмӕ дзы афӕстиат.
Ироды мӕлӕт
20Ирод мӕсты уыди Тир ӕмӕ Сидоны цӕрджытӕм. Уыдон та баныхас кодтой иумӕ ӕмӕ йӕм ӕрбацыдысты; балхӕдтой паддзахы галуаны уынаффӕгӕнӕг Бласты зӕрдӕ, ӕмӕ куырдтой фидыд, уымӕн ӕмӕ сӕ бӕстӕйӕн хойраг истой паддзахы бӕстӕйӕ. 21Нысангонд бон Ирод паддзахы дарӕсы сбадти къӕлӕтджыны ӕмӕ дзырдта семӕ. 22Адӕм та хъӕр систой: «Уый адӕймаг нӕ, фӕлӕ Хуыцау дзуры!»
23Ӕмӕ йӕ уайтӕккӕ Хуыцауы зӕд ӕрцавта, ӕцӕг Хуыцауӕн кад скӕныны бӕсты йӕхи хуыцау схонын кӕй бауагъта, уый тыххӕй; къуыдыргӕлмытӕ йӕ бахордтой ӕмӕ йӕ уд систа.
24Хуыцауы ныхас та тынгӕй-тынгдӕр парахат кодта.#Хъуыд 6:7; Кол 1:6.
25Варнавӕ ӕмӕ Савл, цы сын бафӕдзӕхстой, уый куы сӕххӕст кодтой, уӕд Йерусалимӕй ӕрбаздӕхтысты. Семӕ ракодтой, Марк кӕй хуыдтой, уыцы Иоанны.#Хъуыд 11:30; 13:5.

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in

Video for Апостолты хъуыддӕгтӕ 12