Апостолты хъуыддӕгтӕ 13
13
1Антиохийы аргъуаны уыди пехуымпартӕ ӕмӕ ахуыргӕнджытӕ: Варнавӕ, Нигер кӕй хуындӕуыд, уыцы Симеон, киренӕйаг Лукий, ӕлдариуӕггӕнӕг Иродимӕ чи хъомыл кодта, уыцы Манаин, ӕмӕ Савл.#Хъуыд 11:27. 2Иу хатт уыдон Дунедарӕгӕн куы лӕггад кодтой ӕмӕ ком куы дардтой, уӕд сын Сыгъдӕг Уд загъта: «Цы хъуыддагӕн сӕ сӕвзӕрстон, уый саразынӕн Мын раттут Варнавӕ ӕмӕ Савлы».#Хъуыд 9:15; Ром 1:1; Гал 1:15; 1 Тим 2:7.
3Ком дарын ӕмӕ куывд куы фесты, уӕд Варнавӕ ӕмӕ Савлыл ӕрӕвӕрдтой сӕ къухтӕ ӕмӕ сӕ афӕндараст кодтой.#Хъуыд 6:6.
Апостолтӕ Хуыцауы ныхас амонынц Кипры
4Варнавӕ ӕмӕ Савл, Сыгъдӕг Удӕй ӕрвыстытӕ, ӕрцыдысты Селевкийы сахармӕ, уырдыгӕй та науыл араст сты Кипрмӕ. 5Бахӕццӕ сты Саламинмӕ ӕмӕ иудейаг синагогӕты Хуыцауы ныхас амыдтой. Семӕ ма уыдис Иоанн дӕр ӕмӕ сын ӕххуыс кодта.#Хъуыд 12:25. 6Ахызтысты ӕгас сакъадахыл ӕмӕ бахӕццӕ сты Пафмӕ. Уым фембӕлдысты цавӕрдӕр иудейаг кӕлӕнгӕнӕг ӕмӕ мӕнгпехуымпарыл, йӕ ном — Вар-Йесо. 7Вар-Йесо уыди сакъадахы хицау Сергий Павелы, тынг зондджын лӕджы, ӕввахсдӕр адӕмӕй иу. Сергий Павел фӕсидти Варнавӕ ӕмӕ Савлмӕ, фӕндыд ӕй Хуыцауы ныхасмӕ байхъусын. 8Фӕлӕ Вар-Йесо (хуыдтой ма йӕ Елима дӕр, ома кӕлӕнгӕнӕг) уыди сӕ ныхмӕ ӕмӕ архайдта ууыл, цӕмӕй сакъадахы хицау уырнындзинадмӕ ма ӕрцӕуа.#Хъуыд 8:9; 2 Тим 3:8. 9Фӕлӕ Савл (Павел дӕр ма йӕ хуыдтой) схайджын ис Сыгъдӕг Удӕй, ӕдзынӕг ныккаст Елимамӕ 10ӕмӕ загъта: «О хӕйрӕджы лӕппын, фӕлитой ӕмӕ налат, рӕстдзинады знаг! Бардарӕджы раст фӕндӕгтӕй адӕмы галиумӕ здахыны куыст искуы ныууадздзынӕ ӕви нӕ?#Мт 13:38; Ин 8:44; 1 Ин 3:8. 11Ныр дӕ Бардарӕджы къух ӕрцӕвдзӕн, бакуырм уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ афон ралӕууа, уӕдмӕ хуры рухс нӕ фендзынӕ».
Елимайыл ӕваст боны рухс ӕрбатар ис, ӕмӕ рафт-бафт кодта, йӕ къухыл ын чи хӕца, ахӕмы агуырдта. 12Сергий Павел, цы ӕрцыди, уый куы федта, уӕд, Бардарӕджы тыххӕй цы ахуырад базыдта, уый йӕ стыр дисы бафтыдта, ӕмӕ баууӕндыд.
Апостолтӕ Писидиаг Антиохийы
13Павел ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттӕ науыл ацыдысты Пафӕй ӕмӕ бахӕццӕ сты Памфилимӕ, Пергийы сахармӕ. Ам Иоанн уыдонӕй фӕхицӕн ӕмӕ ӕрбаздӕхт Йерусалиммӕ.#Хъуыд 15:38. 14Уыдон та Пергийӕ араст сты дарддӕр ӕмӕ бахӕццӕ сты писидиаг сахар Антиохимӕ. Сабаты бацыдысты синагогӕмӕ ӕмӕ дзы ӕрбадтысты. 15Ӕгъдау ӕмӕ пехуымпарты чингуытӕй бакӕсыны фӕстӕ сӕм синагогӕйы хицӕуттӕ арвыстой афтӕ зӕгъынмӕ: «Ӕфсымӕртӕ, кӕд уӕм адӕмӕн зондамонӕн ныхас ис, уӕд ӕй зӕгъут».
16Павел сыстад ӕмӕ, къухӕй ацамонгӕйӕ, загъта: «Байхъусут, израилӕгтӕ, стӕй, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон! 17Израилаг адӕмы Хуыцау, нӕ Хуыцау, сӕвзӕрста нӕ фыдӕлты ӕмӕ сӕ, израилӕгтӕ ма Мысыры ӕцӕгӕлӕттӕй куы цардысты, уӕд скодта стыр адӕм, стӕй сӕ уырдыгӕй Йӕ хъомысджын къухӕй рахуыдта. 18Дыууиссӕдз азы дӕргъы сын быхста ӕдзӕрӕг быдыры. 19Ӕмӕ Ханааны бӕстӕйы авд адӕмыхатты куы ныццагъта, уӕд сын сӕ зӕхх израилӕгтӕн радта. 20Афтӕ рацыд цыппарсӕдӕ фӕндзай азы. Уый фӕстӕ сын, пехуымпар Самуелы заманы онг, Хуыцау лӕвӕрдта тӕрхонгӕнджытӕ. 21Фӕстӕдӕр уыдон сӕхицӕн паддзах куырдтой, ӕмӕ сын Хуыцау Бениамины хӕдзарвӕндагӕй радта Кишы фырт Саулы. Уый паддзахиуӕг кодта дыууиссӕдз азы. 22Стӕй йӕ Хуыцау ӕнӕхай фӕкодта йӕ паддзахдзинадӕй ӕмӕ сын паддзахӕй сӕвӕрдта Давиды. Хуыцау Йӕхӕдӕг Давиды тыххӕй загъта: „Ӕз ссардтон Давиды, Йессейы фырты. Уый у, Мӕ зӕрдӕйӕн ӕхцон чи у, ахӕм адӕймаг — уый Мын Мӕ алы фӕндон дӕр сӕххӕст кӕндзӕн“. 23Хуыцау зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ Давиды байзӕддагӕй Израилӕн радта Ирвӕзынгӕнӕг Йесойы. 24Йе ’рцыды хӕдразмӕ Иоанн ӕппӕт израилаг адӕммӕ сидтис тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕнынмӕ ӕмӕ аргъуыд райсынмӕ.#Мт 3:1. 25Иоанн йӕ куыст куы фӕци, уӕд загъта: „Кӕуыл мӕ нымайут? Нӕ, ӕз уый нӕ дӕн. Фӕлӕ мӕнӕ мӕ фӕстӕ ӕрцӕуы, ӕз Йӕ дзабыры бос райхалыны аккаг Кӕмӕн нӕ дӕн, Уый“.#Ин 1:20; 3:28.
26Ӕфсымӕртӕ, Авраамы байзӕддӕгтӕ, стӕй сымах, Хуыцауӕй чи тӕрсы, уыдон! Ацы уац ирвӕзындзинадыл дзуры ӕмӕ махӕн ӕрвыст у.#Мт 10:6. 27Йерусалимы цӕрджытӕ ӕмӕ сӕ хицӕуттӕ Йесойы нӕ базыдтой ӕмӕ, алы сабат дӕр кӕй фӕкастӕуы, пехуымпарты уыцы ныхӕстӕ нӕ бамбӕрстой. Сӕххӕст сӕ кодтой, мӕлӕты тӕрхон Ын кӕй рахастой, уымӕй.#Лк 24:27; 1 Кор 2:8. 28Мӕлӕты аккаг азым Ӕм не ссардтой, фӕлӕ уӕддӕр Пилатӕй куырдтой Йӕ амарын.#Мт 27:20; Лк 23:23; Хъуыд 3:14. 29Йесойы тыххӕй цы фыст ӕрцыд, уыдон иууылдӕр куы сӕххӕст кодтой, уӕд Ӕй ӕристой дзуарӕй ӕмӕ Йӕ бавӕрдтой зӕппадзы. 30Фӕлӕ Йӕ Хуыцау мӕрдтӕй райгас кодта.#Мт 28:6; Мк 16:6. 31Бирӕ бонты дӕргъы Йесо Йӕхи ӕвдыста Галилейӕ Йерусалиммӕ Йемӕ цӕуджытӕн. Ныр уыдон Йесойы тыххӕй нӕ адӕмӕн ӕвдисӕн лӕууынц.#Ин 20:19. 32Ӕмӕ уын мах ӕрхастам уыцы Фарны Уац: Хуыцау нӕ фыдӕлтӕн зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый радта махӕн, сӕ цотӕн, — Йесойы мӕрдтӕй райгас кодта, 33дыккаг псаломы куыд фыст ис, афтӕ:
„Ды Мӕ Фырт дӕ,
Ды Мын абон райгуырдтӕ“.#Дзут 1:5.
34Хуыцау Ӕй мӕрдтӕй кӕй райгас кодта ӕмӕ Йын бамбийӕн кӕй нӕ уыдзӕн, уый тыххӕй та загъта афтӕ:
„Давидӕн зӕрдӕ цы уаз хорзӕхтӕй бавӕрдтон —
аивӕн сын нӕй, сымахӕн сӕ ратдзынӕн“.
35Уымӕ гӕсгӕ иннӕ ран загъдӕуы:
„Дӕ Сыгъдӕджы нӕ бауадздзынӕ
ингӕны ӕмбийын“.#Хъуыд 2:31.
36Фӕлӕ Хуыцау цы снысан кодта, уый Давид йӕ заманы куы сарӕзта, уӕд амард, йӕ фыдӕлтимӕ ныгӕд ӕрцыд ӕмӕ бамбыди.#Хъуыд 2:29. 37Хуыцау Кӕй райгас кодта, Уый та нӕ бамбыди.#Хъуыд 2:31. 38Уӕдӕ зонут, ӕфсымӕртӕ: Йесойы фӕрцы сымахмӕ фӕхӕццӕ ис тӕригъӕдтӕ ныббарыны уац.#Лк 24:47. 39Моисейы Ӕгъдауы руаджы цӕмӕй не сраст уыдаиккат, цӕмӕй ӕппӕт уыдӕттӕ барст ӕрцӕуой, уый тыххӕй Йесойы фӕрцы растгонд цӕуы алы уырнӕг дӕр.#Ром 3:20. 40Уӕдӕ уӕхи хизут, цӕмӕй уыл пехуымпары ныхас ма ӕрцӕуа:
41„Кӕсут-ма, ӕнӕввӕрсонтӕ!
Стыр дисы бафтут ӕмӕ фесӕфут,
уымӕн ӕмӕ уӕ заманы
Ӕз ахӕм хъуыддаг аразын,
ӕмӕ уын ӕй исчи куы загътаид,
уӕд уӕ нӕ бауырныдтаид“».
42Павел ӕмӕ Варнавӕ синагогӕйӕ куы рацӕйцыдысты, уӕд сӕм муртаттӕгтӕ хатыдысты, цӕмӕй уыдӕтты тыххӕй дзурой иннӕ сабаты дӕр. 43Ӕмбырд куы ахӕлиу, уӕд иудейӕгтӕ, стӕй муртаттӕгтӕй иудейаг диныл чи ныххӕцыд, уыдонӕй бирӕтӕ Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл ацыдысты. Павел ӕмӕ Варнавӕ ныхас кодтой семӕ ӕмӕ сӕм хатыдысты, цӕмӕй Хуыцауы хорзӕхыл фидар хӕцой.#Хъуыд 11:23.
44Иннӕ сабаты ӕгас сахар, искуы иуӕй фӕстӕмӕ, ӕрӕмбырд ис Хуыцауы ныхасмӕ хъусынмӕ. 45Иудейӕгтӕ уый бӕрц адӕм куы федтой, уӕд фырхӕлӕгӕй фӕцӕйтыдтой; Павел цы загъта, уыдӕтты ныхмӕ дзырдтой ӕмӕ йӕ ӕлгъыстой. 46Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фехъусын кӕнын фыццаг ӕмбӕлди сымахӕн, фӕлӕ йыл кӕй не ’рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ мах цӕуӕм муртаттӕгтӕм.#Хъуыд 3:26; 4:29; 18:6. 47Уымӕн ӕмӕ нын Дунедарӕг афтӕ бафӕдзӕхста:
„Ӕз Дӕ радтон муртаттӕгтӕн рухсӕн,
цӕмӕй суанг зӕххы кӕрӕттӕм
адӕм фервӕзой Дӕ фӕрцы“».#Лк 2:32.
48Уыцы ныхӕстӕ муртаттӕгтӕн циндзинад ӕрхастой, кад кодтой Дунедарӕджы ныхасӕн, ӕмӕ, Хуыцау мыггагмӕйы цардӕн кӕй сӕвзӕрста, уыдон се ’ппӕт дӕр баууӕндыдысты. 49Афтӕ Дунедарӕджы ныхас парахат кодта ӕппӕт бӕстӕйы. 50Фӕлӕ иудейӕгтӕ сардыдтой дингӕнӕг уӕздан сылгоймӕгты, стӕй сахары хицӕутты. Павел ӕмӕ Варнавӕйы фӕдыл зилын райдыдтой, ӕмӕ сӕ уырдыгӕй ратардтой.#2 Тим 3:11. 51Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ацагътой сӕ къӕхты рыг ӕмӕ ацыдысты Иконимӕ.#Мт 10:14; Мк 6:11; Лк 9:5. 52Ахуыргӕнинӕгтӕ та уыдысты йемыдзаг цинӕй ӕмӕ Сыгъдӕг Удӕй.
Currently Selected:
Апостолты хъуыддӕгтӕ 13: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
![None](/_next/image?url=https%3A%2F%2Fimageproxy.youversionapistaging.com%2F58%2Fhttps%3A%2F%2Fweb-assets.youversion.com%2Fapp-icons%2Fen.png&w=128&q=75)
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022