Апостолты хъуыддӕгтӕ 4
4
Петр, Иоанн ӕмӕ иудейаг хицӕуттӕ
1Петр ӕмӕ Иоанн адӕмимӕ куы ныхас кодтой, уӕд сӕм ӕрбацыдысты сауджынтӕ, Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ саддукейтӕ. 2Мӕстӕй мардысты апостолтӕм, уымӕн ӕмӕ уыдон адӕмы ахуыр кодтой ӕмӕ дзырдтой, Йесо куыд райгас ис, мӕрдтӕ дӕр афтӕ райгас уыдзысты, зӕгъгӕ.#Хъуыд 23:6. 3Ӕрцахстой сӕ ӕмӕ сӕ райсомы онг бакодтой ахӕстоны, уымӕн ӕмӕ баизӕр. 4Апостолтӕм чи хъуыста, уыдонӕй та бирӕтӕ баууӕндыдысты, ӕмӕ ныр уырнджыты нымӕц уыди фондз мины бӕрц.
5Дыккаг бон Йерусалимы ӕрӕмбырд сты иудейаг хицӕуттӕ, хистӕртӕ, динамонджытӕ, 6алчер Анна, Каиафӕ, Иоанн, Александр ӕмӕ алчеры иннӕ къабӕзтӕ.#Лк 3:2. 7Апостолты ӕрлӕууын кодтой сӕ разы ӕмӕ сӕ фарстой: «Уый цавӕр хъаруйӕ кӕнӕ кӕй номӕй бакодтат?»
8Уӕд Петр Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй загъта: «Адӕмы хицӕуттӕ ӕмӕ хистӕртӕ!#Лк 12:12. 9Кӕд нӕ абон рынчын адӕймагӕн хорз ракӕныны ӕмӕ йе сдзӕбӕхы тыххӕй дзуапп домут, 10уӕд уе ’ппӕтӕн дӕр ӕмӕ ӕгас Израилы адӕмӕн дӕр зындгонд уӕд: сымах Кӕй байтыгътат ӕмӕ Хуыцау мӕрдтӕй Кӕй райгас кодта, уыцы Назаретаг Йесо Чырыстийы номы фӕрцы ацы лӕг уӕ разы ӕнӕнизӕй лӕууы. 11Уый у,
„сымах, аразджытӕ,
кӕуыл нӕ барвӕссыдыстут,
фӕлӕ фисыны сӕйраг дур чи сси“.#Мт 21:42; Мк 12:10; Лк 20:17; 1 Пет 2:6; Ром 9:33.
12Ӕндӕр никӕй бон у ирвӕзындзинад раттын, уымӕн ӕмӕ арвы бын иунӕг ӕндӕр ном дӕр нӕй, фервӕзӕн нын кӕй фӕрцы ис».#Хъуыд 10:43; Кол 1:14,20; 1 Фес 5:9; 1 Тим 2:5-6.
13Иудейаг хицӕуттӕ куы бакастысты, Петр ӕмӕ Иоанн куыд ныфсхаст сты, уымӕ, стӕй, ӕнахуыргонд ӕмӕ хуымӕтӕг адӕймӕгтӕ кӕй сты, уый куы федтой, уӕд раздӕр бадис кодтой, фӕлӕ стӕй бамбӕрстой, Йесоимӕ чи уыд, уыдонӕй кӕй уыдысты, уый. 14Чи сдзӕбӕх ис, уыцы адӕймаджы дӕр уыдтой сӕ разы лӕугӕ ӕмӕ апостолты ныхмӕ ницы зӕгъын уыд сӕ бон. 15Радтой сын синедрионӕй ӕддӕмӕ рацӕуыны бар ӕмӕ райдыдтой уынаффӕ кӕнын:
16«Цы бакӕнӕм ацы адӕмӕн? Ӕцӕг диссаг кӕй равдыстой, уый Йерусалимы цӕрджытӕ иууылдӕр зонынц, ӕмӕ йыл махӕн дӕр ӕнӕ басӕтгӕ нӕй. 17Фӕлӕ цӕмӕй адӕмыл ноджы тынгдӕр ма айхъуыса, уый тыххӕй сӕм бартхъирӕн кӕнӕм, нырӕй фӕстӕмӕ Йесойы ном сӕ дзыхӕй куыд макӕй раз схауа».
18Ногӕй сӕ ӕрбакӕнын кодтой ӕмӕ сын тызмӕгӕй загътой, цӕмӕй сӕ ныхӕстӕ ныууадзой ӕмӕ, Йесойы номимӕ цыдӕриддӕр баст ис, уый кой мауал кӕной.#Хъуыд 5:40. 19Фӕлӕ сын Петр ӕмӕ Иоанн дзуапп радтой: «Ахъуыды-ма кӕнут уӕхӕдӕг, Хуыцауы коммӕ нӕ, фӕлӕ уӕ коммӕ куы кӕсӕм, уӕд уый Хуыцаумӕ раст фӕкӕсдзӕн?#Хъуыд 5:29. 20Цы федтам ӕмӕ цы фехъуыстам, уый тыххӕй нын ӕнӕ дзургӕ нӕй».
21Уыдон та сӕм бартхъирӕн кодтой ӕмӕ сӕ рауагътой — апостолты бафхӕрын сӕ бон нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ, цы ӕрцыди, уый тыххӕй адӕм иууылдӕр кад кодтой Хуыцауӕн — 22диссаджы хуызы цы адӕймаг сдзӕбӕх, ууыл цыди дыууиссӕдз азӕй фылдӕр.
Уырнджытӕ кувынц
23Петр ӕмӕ Иоанны куы рауагътой, уӕд уыдон ӕрцыдысты сӕхионтӕм ӕмӕ радзырдтой, алчертӕ ӕмӕ сын адӕмы хистӕртӕ цы загътой, уый. 24Уырнджытӕ сӕм куы байхъуыстой, уӕд ӕмзӕрдӕйӕ скуывтой Хуыцаумӕ: «Дунедарӕг — арв, зӕхх, денджыз ӕмӕ сӕ цыдӕриддӕр ис, уыдоны Сфӕлдисӕг! 25Сыгъдӕг Уды фӕрцы Ды нӕ фыдӕл ӕмӕ дӕ лӕггадгӕнӕг Давиды дзыхӕй загътай:
„Цӕмӕн змӕнтынц муртаттӕгтӕ,
ӕмӕ адӕмтӕ ӕнӕпайда фӕндыл
цы ныххӕцыдысты?
26Растадысты зӕххон паддзӕхтӕ,
ӕрбамбырд сты иумӕ барджынтӕ
Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ Байсӕрсты ныхмӕ“.
27Ӕмӕ ӕцӕгдӕр ӕрбамбырд сты ацы сахары Ирод ӕмӕ Понтий Пилат муртаттӕгтӕ ӕмӕ Израилы адӕмимӕ Дӕ байсӕрст сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы ныхмӕ,#Мт 26:3-4; Лк 1:35; 4:18; Ин 10:36. 28цӕмӕй сӕххӕст кӕной, Дӕ хъомыс ӕмӕ Дӕ фӕндонӕй рагагъоммӕ нысангонд цы уыди, уый.#Мт 26:24. 29Ныр сын, Дунедарӕг, ӕркӕс се ’ртхъирӕнтӕм ӕмӕ Дӕ цагъартӕн ратт ӕхсар, цӕмӕй Дын ӕдӕрсгӕ хъусын кӕной Дӕ Дзырд.#Хъуыд 13:46. 30Дӕ къух радар ӕмӕ Дӕ сыгъдӕг Лӕггадгӕнӕг Йесойы номӕй дзӕбӕх кӕн рынчынты, ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ равдис».
31Куы скуывтой, уӕд, кӕм уыдысты, уыцы бынат нынкъуысти, се ’ппӕтыл дӕр Сыгъдӕг Уд ӕртыхсти, ӕмӕ ӕдӕрсгӕ хъусын кодтой Хуыцауы ныхас.#Хъуыд 16:26.
Уырнджыты цард
32Цы бирӕ адӕм баууӕндыд, уыдон ӕмзӕрдӕ ӕмӕ ӕмуд уыдысты. Мӕ мулк мӕхи у, зӕгъгӕ, ахӕм хъуыды сӕ никӕмӕ уыдис, алцыдӕр сын иумӕйаг уыди.#Хъуыд 2:44. 33Апостолтӕ та стыр тыхимӕ ӕвдисӕн лӕууыдысты Бардарӕг Йесойы райгасӕн, ӕмӕ се ’ппӕт дӕр хайджын уыдысты Хуыцауы стыр хорзӕхӕй. 34Хъуаг чи ӕййӕфта, уырнджыты ӕхсӕн ахӕм нӕ уыд, уымӕн ӕмӕ, зӕхх ӕмӕ хӕдзӕрттӕ кӕмӕн уыд, уыдон сӕ уӕй кодтой ӕмӕ-иу ӕхца 35радтой апостолтӕм; ӕхцайӕ та алкӕмӕн дӕр лӕвӕрдӕуыд йӕ хъуӕгтӕм гӕсгӕ. 36Зӕгъӕм, апостолтӕ фӕсномыгӕй Варнавӕ (ома Ныфсдӕттӕг) кӕй хуыдтой, уыцы кипраг левит Йосефмӕ уыди зӕххы хай. 37Ауӕй йӕ кодта, ӕрбахаста ӕхца ӕмӕ сӕ апостолтӕм радта.
Currently Selected:
Апостолты хъуыддӕгтӕ 4: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022

: