YouVersion Logo
Search Icon

Апостолты хъуыддӕгтӕ 5

5
Ананиа ӕмӕ Сапфирӕ
1Уӕд иу лӕг, йӕ ном — Ананиа, йӕ ус Сапфирӕимӕ ауӕй кодтой сӕ мулк. 2Ананиа ӕхцатӕй иу цасдӕр ныууагъта йӕхицӕн, иннӕ хай та ӕрбахаста ӕмӕ сӕ апостолтӕм радта. Кӕй дзы басусӕг кодта, уый зыдта йӕ ус дӕр. 3Петр ын загъта: «Ананиа, сайтаны дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн бауагътай — Сыгъдӕг Удӕн мӕнг цӕмӕн загътай ӕмӕ, дӕ зӕххӕй цы ӕхцатӕ райстай, уыдонӕй цӕмӕн басусӕг кодтай? 4Мыййаг, дӕ мулк дӕхи нӕ уыд, зӕхх ауӕй кӕнынӕй цы райстай, ууыл дӕ бар нӕ цыди? Цӕмӕн дӕм фӕзынд асайыны хъуыды? Ды асайдтай адӕмы нӕ, фӕлӕ Хуыцауы». 5Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, Ананиа дзыхъмард фӕци ӕмӕ адӕргъ ис зӕххыл. Уыцы хабар чи фехъуыста, уыдоны стыр тас бацыди. 6Лӕппутӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын йӕ мард ныгӕнынмӕ ӕрцӕттӕ кодтой, стӕй йӕ рахастой ӕмӕ баныгӕдтой.
7Ӕртӕ сахаты фӕстӕ йӕ ус дӕр ӕрбахӕццӕ, ныр, цы ӕрцыди, уый та нӕ зыдта.
8Петр ӕй бафарста: «Зӕгъ-ма мын, ахӕм аргъыл ауӕй кодтат уӕ зӕхх?» Уый дзуапп радта: «О, ахӕм аргъыл». 9Петр ын загъта: «Бардарӕджы Уды бафӕлварын сфӕнд кодтат?! Дӕ мойы дын чи баныгӕдта, уыдон фӕстӕмӕ ӕрбацӕуынц ӕмӕ ныртӕккӕ дӕу дӕр ахӕсдзысты».
10Сапфирӕ ӕваст ӕрхауд Петры къӕхты бынмӕ ӕмӕ йӕ уд систа. Лӕппутӕ куы бацыдысты, уӕд ӕй баййӕфтой мардӕй, рахастой йӕ ӕмӕ йӕ баныгӕдтой йӕ мойы фарсмӕ. 11Ӕмӕ стыр тас бацыд ӕгас аргъуаны, стӕй, уыцы хабар чидӕриддӕр фехъуыста, уыдоны дӕр.
Ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ
12Апостолты фӕрцы адӕмӕн ӕвдыст цыди бирӕ ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ. Ӕппӕт уырнджытӕ-иу ӕмзӕрдӕйӕ ӕрӕмбырд сты Соломоны тыргъы.#Хъуыд 2:43; Ром 5:19. 13Семӕ баиумӕ ӕддагӕттӕй йӕ ныфс ничи хаста, фӕлӕ сын адӕм кад кодтой. 14Ӕмӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой Бардарӕгыл ӕууӕндджытӕ — сӕ нымӕцыл ӕфтыд бирӕ нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ.#Хъуыд 2:47; 11:21. 15Адӕм сӕ рынчынты хастой уынгтӕм, ӕвӕрдтой сӕ хуыссӕнтӕ ӕмӕ сынтытыл, цӕмӕй дзы искӕуыл сӕ рӕзты цӕуӕг Петрӕн йӕ аууон уӕддӕр андзӕва. 16Йерусалиммӕ бирӕ адӕм цыди хӕстӕг сахартӕй дӕр. Уыдон кодтой рынчынты, стӕй, ӕнӕзӕгъинӕгтӕ кӕй хъыгдардтой, ахӕмты, ӕмӕ-иу се ’ппӕт дӕр сдзӕбӕх сты.
Апостолты ӕфхӕрынц
17Алчер ӕмӕ, йемӕ чи уыди, уыдон иууылдӕр (ома саддукейты къорд) хӕлӕгӕй мардысты. 18Ӕрцахсын кодтой апостолты ӕмӕ сӕ сахары ахӕстоны бакодтой. 19Фӕлӕ Дунедарӕджы зӕд ӕхсӕвы байгом кодта ахӕстоны дуӕрттӕ, ӕддӕмӕ сӕ рауагъта ӕмӕ загъта: 20«Ацӕут Кувӕндонмӕ ӕмӕ адӕмӕн ног царды тыххӕй алцыдӕр дзурут».#Ин 6:68.
21Уыдон ӕм байхъуыстой, сӕумӕйӕ бацыдысты Кувӕндонмӕ ӕмӕ ахуыр кодтой адӕмы. Алчер йе ’мбӕлццӕттимӕ куы ӕрбацыд, уӕд ӕрӕмбырд кодтой синедрион, ома Израилы адӕмы ӕппӕт хистӕрты, ӕмӕ арвыстой ахӕстонмӕ — апостолты ӕрбакӕнынмӕ. 22Кувӕндон хъахъхъӕнджытӕ ӕрбацыдысты ахӕстонмӕ, фӕлӕ апостолты уым не ссардтой. Уӕд раздӕхтысты ӕмӕ загътой: 23«Ахӕстон баййӕфтам, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕхгӕдӕй, хъахъхъӕнджытӕ лӕууыдысты дуӕртты цур, фӕлӕ сӕ куы байгом кодтам, уӕд дзы никӕй ссардтам».
24Кувӕндон хъахъхъӕнджыты хицау ӕмӕ алчертӕ уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыстой, уӕд фӕджих сты — цы ӕрцыд, уымӕн ницы ӕмбӕрстой. 25Фӕлӕ ӕрбацыд иу чидӕр ӕмӕ сын загъта: «Сымах ахӕстоны кӕй бакодтат, уыцы лӕгтӕ ныртӕккӕ сты Кувӕндоны ӕмӕ амонынц адӕмӕн».
26Уӕд хъахъхъӕнджыты хицау йӕ дӕлбартимӕ ацыд ӕмӕ сӕ ӕрбакодтой ӕнӕ схуыстытӕй, уымӕн ӕмӕ тарстысты, адӕм сыл апостолты тыххӕй дурадзагъдӕй куы ралӕууой, уымӕй. 27Ӕрбакодтой апостолты ӕмӕ сӕ ӕрлӕууын кодтой синедрионы раз. Алчер сӕ бафарста:
28«Мах уын фидарӕй нӕ загътам, уыцы Адӕймаджы номӕй адӕмы мауал ахуыр кӕнут, зӕгъгӕ? Сымах та ӕгас Йерусалимы ахӕлиу кодтат уӕ ахуырад. Уыимӕ ма Йын Йӕ мӕлӕт дӕр хъуамӕ мах ӕфсон фӕкӕнат».#Мт 27:25; Хъуыд 2:22; 3:13; 4:18.
29Петр ӕмӕ иннӕ апостолтӕ дзуапп радтой: «Адӕмы коммӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауы коммӕ хъуамӕ кӕсӕм.#Хъуыд 4:19. 30Сымах хъӕдыл Кӕй ӕрцауыгътат#5:30 Петр ам зӕрдыл лӕууын кӕны бынат Рагон Фӕдзӕхстӕй (Фӕл 21:23): «Хъӕдыл кӕйдӕриддӕр ӕрцауыгътой, уый ӕлгъыст у» (кӕс ноджыдӕр Гал 3:13). ӕмӕ амардтат, уыцы Йесойы нӕ фыдӕлты Хуыцау райгас кодта.#Хъуыд 3:15. 31Хуыцау Ӕй сбадын кодта Йӕ рахизфарс, скодта Йӕ Фӕтӕг ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг, цӕмӕй Израилӕн рардӕуа фӕсмон ӕмӕ йын ныббарстӕуа йӕ тӕригъӕдтӕ.#Хъуыд 2:33; 4:12; 1 Ин 2:1-2. 32Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕвдисӕнтӕ стӕм мах, стӕй, Хуыцау Йӕ коммӕгӕстӕн кӕй радта, уыцы Сыгъдӕг Уд».#Ин 15:26-27; Хъуыд 3:15.
33Синедрионы чи уыди, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ маст рафыхт ӕмӕ сӕм сӕвзӕрд апостолты амарыны фӕнд. 34Фӕлӕ фарисейтӕй иу, Гамалиел, динамонӕг, адӕмы ’хсӕн дзырддзӕугӕ лӕг, сыстад ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ апостолты ӕддӕмӕ рарвитын кодта. 35Стӕй синедрионы уӕнгтӕн загъта: «Израилӕгтӕ, хорз ахъуыды кӕнут, ацы адӕмӕн уын цы гӕнгӕ у, ууыл. 36Ӕрӕджы Февдӕ ам февзӕрд, стыр лӕг арӕзта йӕхицӕй, ӕмӕ ма йемӕ баиу цыппарсӕдӕ адӕймаджы бӕрц. Фӕлӕ йӕ куы амардӕуыд, уӕд йӕ фӕдыл цӕуджытӕ иууылдӕр ныххӕлиу сты — ууыл ахицӕн хъуыддаг.#Хъуыд 21:38. 37Уый фӕстӕ, адӕмы сфысты рӕстӕг, фӕзынди галилейаг Иудӕ ӕмӕ йӕ фӕдыл асайдта дзӕвгар адӕм. Фӕлӕ йӕ амардтой, ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдон ныххӕлиу сты.#Лк 2:2. 38Ныр дӕр, зӕгъын уын, ма хъыгдарут ацы адӕмы. Кӕд сӕ хъуыддаг адӕймагӕй аразгӕ у, уӕд дзы ницы рауайдзӕн.#Мт 15:13. 39Кӕд Хуыцауӕй у, уӕд та уӕ бон нӕ бауыдзӕн сӕ бауромын. Афтӕ ма рауайӕд, ӕмӕ Хуыцауы ныхмӕ тохгӕнджытӕ суат».#Лк 21:15.
40Иууылдӕр бакастысты Гамалиилы коммӕ, фӕдзырдтой апостолтӕм ӕмӕ сӕ фӕнӕмын кодтой. Уый фӕстӕ сын тызмӕгӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзурой, ӕмӕ сӕ рауагътой. 41Апостолтӕ рацыдысты синедрионӕй ӕмӕ цин кодтой, Йесойы номы сӕраппонд ахӕм ӕфхӕрды аккаг кӕй разындысты, ууыл.#Мт 5:10; Йак 1:2; 1 Пет 4:13; 2 Кор 6:10; 12:10; Дзут 10:34. 42Алы бон дӕр Кувӕндоны ӕмӕ хӕдзари-хӕдзар иудадзыг амыдтой адӕмӕн ӕмӕ хъусын кодтой Йесо Чырыстийы Фарны Уац.

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in