Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:29-31
Апостолты хъуыддӕгтӕ 8:29-31 ИРББЛ2022
Сыгъдӕг Уд Филиппӕн загъта: «Баййаф уыцы къарет ӕмӕ цу йӕ фарсмӕ». Филипп къареты цурмӕ куы базгъордта, уӕд фехъуыста, эфиопаг пехуымпар Исайайы чиныг куыд касти, уый. Уӕд ӕй бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?» Уый дзуапп радта: «Исчи мын ӕй куынӕ бацамона, уӕд ӕй куыд хъуамӕ бамбарон?» Ӕмӕ ӕрхатыди Филипмӕ, цӕмӕй схиза къаретмӕ ӕмӕ сбада йӕ фарсмӕ.