Апостолты хъуыддӕгтӕ 9
9
Савлы фембӕлд Чырыстиимӕ
1Савлӕн раздӕрау ӕнӕуынон уыдысты Бардарӕджы ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕртхъирӕнтӕ сӕм кодта амарынӕй. Бацыд алчермӕ#Хъуыд 8:3; 22:4; Гал 1:13; 1 Тим 1:13. 2ӕмӕ дзы Дамаскы синагогӕтӕм фыстӕджытӕ ракуырдта, цӕмӕй, Йесойы фӕдыл цӕуджытӕй кӕй ссара, уыдоны, лӕгӕй, усӕй, ӕрцахса ӕмӕ сӕ ӕрбакӕна Йерусалиммӕ. 3Фӕндагыл ма куы уыд ӕмӕ Дамаскмӕ куы баввахс, уӕд ыл уӕларвӕй ӕваст рухс ӕртыхсти.#Хъуыд 22:6; 26:13; 1 Кор 15:8. 4Савл ӕрхауди зӕххыл ӕмӕ фехъуыста хъӕлӕс: «Савл, Савл, цӕмӕн Мӕ ӕфхӕрыс?»
5Савл бафарста: «Чи дӕ, Бардарӕг?» Дзуапп ын рардӕуыд: «Ды Кӕй ӕфхӕрыс, Ӕз уыцы Йесо дӕн. [Зын дын у цыргъ михы ныхмӕ бырсын». 6Савл тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бафарста: «Бардарӕг, цы саразын мын фӕдзӕхсыс?» Бардарӕг ын загъта:] «Сыст ӕмӕ ацу сахармӕ, уым дын загъдӕуыдзӕн, цы гӕнгӕ дын у, уый».
7Савлы ӕмбӕлццӕттӕ лӕууыдысты ӕндзыгӕй: хъӕлӕс хъуыстой, фӕлӕ никӕй уыдтой. 8Савл сыстади зӕххӕй, йӕ цӕстытӕ байгом сты, фӕлӕ ницы уыдта. Уӕд ын ныххӕцыдысты йӕ къухтыл ӕмӕ йӕ ӕрбакодтой Дамаскмӕ. 9Ӕртӕ боны цӕстӕй нӕ уыдта, хӕрд ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕци.
10Дамаскы уыдис иу ахуыргӕнинаг, йӕ ном — Ананиа. Бардарӕг ӕм фӕзынд ӕмӕ йын загъта: «Ананиа!» Ананиа дзуапп радта: «Хъусын Дӕм, Бардарӕг».
11Бардарӕг ын загъта: «Бавдӕл ӕмӕ ацу, Ӕмраст йӕ ном кӕмӕн у, уыцы уынгмӕ, ӕмӕ Иудӕйы хӕдзары бафӕрс иу лӕджы, йӕ ном — Савл. Уый у Тарсы сахарӕй; ныр кувгӕ кӕны.#Хъуыд 22:3. 12Савл цӕстылуайӕны федта иу лӕджы, йӕ ном — Ананиа; уый йӕм бацыд ӕмӕ йыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ, цӕмӕй цӕстӕй ракӕса».
13Ананиа дзуапп радта: «Бардарӕг, ацы адӕймагӕн йӕхи тыххӕй дӕр, стӕй Дӕ сыгъдӕджытӕн Йерусалимы цас фыдмитӕ фӕкодта, уый тыххӕй дӕр бирӕтӕй фехъуыстон.#Хъуыд 8:3. 14Ныр ам ис, ӕмӕ йын алчертӕй рардӕуыд бар, цӕмӕй, Дӕ ном чидӕриддӕр ары, уыдоны ӕрцахса».
15Фӕлӕ йын Бардарӕг загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕгтӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн.#Ром 15:19; Эф 3:8; 1 Тим 2:7. 16Ӕз ын равдисдзынӕн, Мӕ номы сӕраппонд цас тухӕнтӕ хъуамӕ бавзара, уый».
17Ананиа араст, бацыди хӕдзармӕ, Савлыл ӕрӕвӕрдта йӕ къухтӕ ӕмӕ загъта: «Ме ’фсымӕр Савл, ды фӕндагыл куы уыдтӕ, уӕд дӕм Чи раргом, уыцы Бардарӕг Йесо мӕ рарвыста, цӕмӕй цӕстӕй ракӕсай ӕмӕ схайджын уай Сыгъдӕг Удӕй».
18Ӕмӕ йын цыма уайтагъд йӕ цӕстытӕй хӕрв систӕуыд, афтӕ ӕваст цӕстӕй ракасти, сыстад, ӕмӕ йыл саргъуыдӕуыд.
19Уый фӕстӕ бахордта ӕмӕ йӕм йӕ хъарутӕ раздӕхтысты.
Савлы уацамынд Дамаскы
Савл иу къорд боны фӕци, Дамаскы чи уыд, уыцы ахуыргӕнинӕгтимӕ. 20Синагогӕты ӕвӕстиатӕй райдыдта амонын, Йесо Хуыцауы Фырт у, зӕгъгӕ. 21Чи йӕм хъуыста, уыдон дисы ӕфтыдысты ӕмӕ фарстой: «Ай, Йесойы ном чи ары, уыдоны Йерусалимы чи ӕфхӕрдта, уый нӕу, ӕви? Ардӕм дӕр уыдоны ӕрцахсынмӕ ӕмӕ сӕ алчертӕм акӕнынмӕ не ’рбацыд, ӕви?»#Хъуыд 8:3; Гал 1:3,23.
22Савлӕн йӕ ныхас кодта тыхджынӕй-тыхджындӕр, ӕмӕ-иу дамаскаг иудейӕгтӕ фӕуыргъуыйау сты, Йесо Чырысти кӕй у, уый тыххӕй-иу сын куы дзырдта, уӕд.
Савл Йерусалимы
23Рацыд дзӕвгар рӕстӕг, ӕмӕ иудейӕгтӕ Савлы амарынвӕнд скодтой. 24Фӕлӕ сын Савл базыдта сӕ сусӕгвӕнд. Йӕ амарыны тыххӕй ӕхсӕвӕй-бонӕй хъалагъур хастой сахары кулдуары раз.#2 Кор 11:32. 25Фӕлӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Савлы ӕхсӕвыгон тӕсчъы къулыл ӕруагътой.
26Савл ӕрбацыд Йерусалиммӕ ӕмӕ архайдта, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгтимӕ баиу уа, ууыл. Фӕлӕ дзы се ’ппӕт дӕр тарстысты — ахуыргӕнинаг кӕй у, уый сӕ нӕ уырныдта. 27Уӕд ӕй Варнавӕ акодта апостолтӕм ӕмӕ сын радзырдта, Савл фӕндагыл Бардарӕджы куыд федта, Бардарӕг йемӕ куыд дзырдта ӕмӕ Дамаскы Йесойы номыл ныфсджынӕй адӕмы куыд ахуыр кодта, ӕппӕт уыдӕттӕ. 28Савл иу цасдӕр уыди семӕ, сӕрибарӕй зылди Йерусалимыл ӕмӕ ныфсджынӕй адӕмы ахуыр кодта Бардарӕджы номыл.
29Ныхас ӕмӕ быцӕу кодта, бердзенаг ӕвзагыл цы дзуттӕгттӕ дзырдтой, уыдонимӕ дӕр, ӕмӕ сӕм фӕзынд йӕ амарыны фӕнд. 30Ӕфсымӕртӕ уый куы базыдтой, уӕд ӕй акодтой Кесаримӕ ӕмӕ йӕ уырдыгӕй арвыстой Тарсмӕ.
31Ӕппӕт Иудейы, Галилейы ӕмӕ Самарийы аргъуантӕ хъыгдард нал ӕййӕфтой, фидар кодтой, Хуыцауы тас сӕм уыди, Сыгъдӕг Уды ӕххуысӕй ӕфтыди уырнджыты нымӕцыл.
Еней сдзӕбӕх
32Петр сахартыл куы зылди, уӕд бабӕрӕг кодта Лиддӕйы сахары цӕрӕг сыгъдӕджыты. 33Ам фембӕлд иу лӕгыл, йӕ ном — Еней. Уый ӕндзыгнизӕй сади — аст азы дӕргъы йӕ хуыссӕнӕй нӕ сыстад. 34Петр ын загъта: «Еней, Йесо Чырысти дӕ дзӕбӕх кӕны. Рабад ӕмӕ ӕрбатух дӕ хуыссӕн». Еней уайтӕккӕ рабадти. 35Лиддӕ ӕмӕ йӕ Шароны цӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр федтой ӕмӕ се ’ргом Бардарӕгмӕ раздӕхтой.
Тавифӕ райгас
36Яффойы уыдис иу уырнӕг сылгоймаг, йӕ ном — Тавифӕ (ома Сычъи). Бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ арӕзта, мӕгуыртӕн ӕххуыс кодта. 37Уыцы рӕстӕг Тавифӕ ӕрбарынчын ис ӕмӕ амарди. Цынадтой йӕ ӕмӕ йӕ уӕллаг уаты сӕвӕрдтой. 38Лиддӕ Яффомӕ хӕстӕг уыд, ӕмӕ, ахуыргӕнинӕгтӕ куы фехъуыстой, Петр уым ис, зӕгъгӕ, уӕд ӕм арвыстой дыууӕ адӕймаджы, цӕмӕй йын зӕгъой: «Рацу нӕм ӕвӕстиатӕй». 39Петр рацыди семӕ. Куы ӕрбахӕццӕ, уӕд ӕй уӕллаг уатмӕ бахуыдтой. Ам ыл идӕдз устытӕ ӕрӕмбырд сты, куыдтой ӕмӕ йын ӕвдыстой, Сычъи се ’хсӕн куы царди, уӕд сын цы хӕдӕттӕ ӕмӕ пӕлӕзтӕ бахуыдта, уыдон. 40Петр се ’ппӕты дӕр рарвыста уатӕй, ӕрзоныг кодта ӕмӕ бакуывта. Уый фӕстӕ разылди мардмӕ ӕмӕ загъта: «Тавифӕ, рабад».
Тавифӕ байгом кодта йӕ цӕстытӕ, федта Петры ӕмӕ рабадти. 41Петр ӕм бадардта йӕ къух, схӕцыд ыл, ӕмӕ Тавифӕ йӕ къӕхтыл слӕууыд. Стӕй Петр фӕдзырдта сыгъдӕджытӕм ӕмӕ идӕдз сылгоймӕгтӕм, сӕ разы сын ӕй цардӕгасӕй ӕрлӕууын кодта. 42Уыцы хабар айхъуыст ӕгас Яффойыл, ӕмӕ бирӕтӕ баууӕндыдысты Бардарӕгыл. 43Ӕмӕ ма Петр бирӕ рӕстӕг фӕци Яффойы, цӕрмгуыстгӕнӕг Симоны хӕдзары.
Currently Selected:
Апостолты хъуыддӕгтӕ 9: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022