Иоанн 11
11
Лазыры мӕлӕт
1Иу адӕймаг, йӕ ном — Лазыр, уыди рынчын. Уый уыди Вифанийӕ, Мариа йӕ хо Марфӕимӕ кӕм царди, уыцы хъӕуӕй. 2Мариа та уыди, Хицау Йесойы хӕрздӕфгӕнӕнӕй чи байсӕрста ӕмӕ Йын Йӕ къӕхтӕ йӕ дзыккутӕй чи ныссӕрфта, уыцы сылгоймаг. Ӕмӕ ныр йе ’фсымӕр Лазыр уыди рынчын.
3Хотӕ Йесомӕ хабаргӕнӕг арвыстой: «Хицау, Ды кӕй уарзыс, уый рынчын у». 4Йесо уый куы фехъуыста, уӕд загъта: «Уыцы низӕн йӕ кӕрон мӕлӕтмӕ нӕ цӕуы — Хуыцауы кадӕн у, цӕмӕй уый руаджы Хуыцауы Фырты кад раргом уа».#Ин 9:3.
5Марфӕ, стӕй йӕ хо Мариа ӕмӕ Лазыр кӕд Йесойӕн уарзон адӕймӕгтӕ уыдысты, 6уӕддӕр ма, Лазыр рынчын у, уый фехъусгӕйӕ, кӕм уыдис, уым дыууӕ боны афӕстиат. 7Уый фӕстӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ногӕй ацӕуӕм Иудеймӕ». 8Ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Равви, ӕрӕджы дӕр ма Дӕ иудейӕгтӕ дуртӕй амарынмӕ куы хъавыдысты, уӕд та фӕстӕмӕ уырдӕм цӕуыс?»#Ин 10:31. 9Йесо сын дзуапп радта: «Боны дыууадӕс сахаты нӕй? Боныгон чи цӕуы, уый нӕ кӕлы, уымӕн ӕмӕ уыны ацы дунейы рухс.#Ин 9:4. 10Ӕхсӕвыгон чи цӕуы, уый та фӕкӕлы, уымӕн ӕмӕ дунейы рухс нӕ уыны».#Ин 12:35.
11Уыцы ныхӕстыл ма Йесо бафтыдта: «Нӕ хӕлар Лазыр бафынӕй ис, ӕмӕ Ӕз цӕуын йӕ райхъал кӕнынмӕ». 12Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Хицау, кӕд фынӕй баци, уӕд адзӕбӕх уыдзӕн». 13Йесо сын дзырдта Лазыры мӕлӕты тыххӕй, уыдон та афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, цыма Уый хуымӕтӕг фынӕйы кой кӕны. 14Уӕд сын ӕй Йесо комкоммӕ загъта: «Лазыр амард. 15Ӕмӕ Ӕз уым кӕй нӕ фӕдӕн, уый тыххӕй цин кӕнын сымахыл, уымӕн ӕмӕ баууӕнддзыстут. Ныр та йӕм ацӕуӕм».
16Уӕд, фӕсномыгӕй Фаззон кӕй хуыдтой, уыцы Фома иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цом ӕмӕ мах дӕр Йемӕ амӕлӕм».
Йесо — мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг
17Йесо бынатмӕ куы бахӕццӕ ис, уӕд базыдта, Лазыр ныр цыппар боны зӕппадзы кӕй ис, уый. 18Вифани та Йерусалиммӕ хӕстӕг уыд, се ’хсӕн уыди фынддӕс стадийы#11:18 15 стадийы — 3 километры бӕрц. бӕрц. 19Ӕмӕ иудейӕгтӕй бирӕтӕ ӕрбацыдысты Марфӕ ӕмӕ Мариамӕ се ’фсымӕры зианы тыххӕй сын тӕфӕрфӕс ракӕнынмӕ.
20Йесо кӕй ӕрбацӕуы, уый Марфӕ куы фехъуыста, уӕд рацыди Йӕ размӕ. Мариа та хӕдзары баззади.
21Марфӕ загъта Йесойӕн: «Хицау, Ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид. 22Фӕлӕ ӕз ныр дӕр зонын: Ды Хуыцауӕй цыдӕриддӕр ракурай, уый Дын ратдзӕни».
23Йесо йын загъта: «Де ’фсымӕр райгас уыдзӕн».
24Марфӕ Йын дзуапп радта: «Зонын ӕй, фӕстаг бон, Мӕрдты райгасы бон, кӕй райгас уыдзӕни, уый». 25Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн мӕрдтӕй ӕгасгӕнӕг ӕмӕ царддӕттӕг. Мӕныл чи ӕууӕнды, уый куы амӕла, уӕддӕр райгас уыдзӕн. 26Мӕныл ӕууӕндгӕйӕ чидӕриддӕр цӕры, уый никуы амӕлдзӕн. Уырны дӕ?» 27Марфӕ Йын дзуапп радта: «О, Хицау! Мӕн уырны, Ды Чырысти кӕй дӕ, уый — дунемӕ ӕрцӕуинаг Чи у, Хуыцауы уыцы Фырт».#Мт 16:16.
28Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Марфӕ ацыди ӕмӕ аивӕй бамбарын кодта йӕ хо Мариайӕн: «Ахуыргӕнӕг ам ис ӕмӕ дӕм дзуры».
29Мариа уый куы фехъуыста, уӕд фестади ӕмӕ Йесойы размӕ атындзыдта. 30Йесо хъӕумӕ нӕма бахӕццӕ ис; Марфӕ Йыл кӕм фембӕлдис, уыцы ран баззади. 31Мариаимӕ хӕдзары чи уыд ӕмӕ йын ныфсытӕ чи ӕвӕрдта, уыцы иудейӕгтӕ йӕ ӕваст фестгӕ ӕмӕ рацӕугӕ куы федтой, уӕд йӕ фӕдыл рацыдысты. Уыдон афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, зӕппадзмӕ кӕуынмӕ ацыди, зӕгъгӕ.
32Йесо кӕм уыд, Мариа уырдӕм куы бахӕццӕ ис ӕмӕ Йӕ куы федта, уӕд Ын Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхауди ӕмӕ загъта: «Хицау, Ды ам куы уыдаис, уӕд ме ’фсымӕр нӕ амардаид». 33Мариайы ӕмӕ йемӕ ӕрцӕуӕг иудейӕгты Йесо кӕугӕ куы федта, уӕд Йӕхицӕн дӕр Йӕ зӕрдӕ суынгӕг ис 34ӕмӕ бафарста: «Кӕм ӕй бавӕрдтат?» Уыдон Ын загътой: «Хицау, рацу ӕмӕ йӕ фен». 35Йесойӕн йӕ цӕссыгтӕ ӕркалдысты. 36Уӕд иудейӕгтӕ загътой: «Кӕс-ма, куыд ӕй уарзта!» 37Иуӕй-иутӕ та дзырдтой: «Куырмӕн йӕ цӕстытӕ куы байгом кодта, уӕд Йӕ бон афтӕ бакӕнын нӕ уыд, цӕмӕй ацы адӕймаг ма амӕла?»#Ин 9:6.
Лазыры райгас
38Йесойӕн йӕ зӕрдӕ ноджы тынгдӕр суынгӕг ис, афтӕмӕй бацыди зӕппадзы размӕ. Уый уыди лӕгӕт, йӕ бацӕуӕныл ын дур бафӕлдӕхтӕуыд.
39Йесо загъта: «Айсут дур». Марды хо Марфӕ Йын загъта: «Хицау, мард афонмӕ сысмаг ис. Ныр цыппар боны зӕппадзы ис». 40Йесо йын дзуапп радта: «Нӕ дын дзырдтон, куы дӕ уырна, уӕд Хуыцауы кад фендзынӕ, зӕгъгӕ?»
41Дур айстой. Йесо арвмӕ скасти ӕмӕ загъта: «Мӕ Фыд, бузныг дӕн Дӕуӕй, кӕй Мӕ фехъуыстай, уый тыххӕй. 42Ды Мӕ кӕддӕриддӕр кӕй фехъусдзынӕ, уый Ӕз зыдтон, фӕлӕ афтӕ, ам цы адӕм ис, уыдоны тыххӕй загътон — цӕмӕй баууӕндой, Ды Мӕ кӕй рарвыстай, ууыл».
43Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо хъӕрӕй загъта: «Лазыр, ӕддӕмӕ рацу!» 44Ӕмӕ мард рацыди, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ — мӕрдӕмбӕрзӕн хӕцъилты тыхт, йӕ цӕсгом — цӕсгомӕмбӕрзӕнӕй ӕхгӕд. Йесо сын загъта: «Райхалут ӕй, ӕмӕ ацӕуа».
Сусӕгвӕнд Йесойы ныхмӕ
45Мариамӕ чи ӕрбацыд, уыцы иудейӕгтӕй, Йесо цы бакодта, уый чи федта, уыдонӕй Йыл бирӕтӕ баууӕндыдысты. 46Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ ацыдысты фарисейтӕм ӕмӕ сын, Йесо цы бакодта, уый тыххӕй радзырдтой. 47Уӕд алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд кодтой синедрион ӕмӕ загътой: «Цы гӕнгӕ нын у? Ацы Адӕймаг бирӕ диссӕгтӕ ӕвдисы.#Мт 26:3; Мк 14:1. 48Афтӕ Йӕ куы ныууадзӕм, уӕд Ыл се ’ппӕт дӕр баууӕнддзысты. Ӕмӕ ӕрцӕудзысты ромӕгтӕ ӕмӕ нын нӕ ацы уаз бынат дӕр ӕмӕ нӕ адӕмы дӕр бабын кӕндзысты».
49Уыдонӕй иу, Каиафӕ, уыцы аз уыди алчер ӕмӕ сын загъта: «Сымах ницы ӕмбарут! 50Уӕ бон бамбарын нӕу, ӕппӕт адӕмы фесафыны бӕсты сӕ сӕрвӕлтау иу адӕймаг куы амӕла, уӕд сымахӕн хуыздӕр кӕй уыдзӕн, уый». 51Уый Каиафӕ йӕхи зондӕй нӕ дзырдта, фӕлӕ пехуымпар ныхас кодта, уымӕн ӕмӕ уыцы аз алчер уыди ӕмӕ рагагъоммӕ загъта, Йесо кӕй хъуамӕ амӕла Йӕ адӕмы сӕрвӕлтау, 52стӕй ӕрмӕст Йӕ адӕмы сӕрвӕлтау нӕ, фӕлӕ ма, алы рӕтты чи ныххӕлиу ис, Хуыцауы уыцы хъӕбулты ӕрӕмбырд ӕмӕ ӕрбаиу кӕныны тыххӕй дӕр.#Ин 10:16; Эф 2:13.
53Уыцы бон Йесойы амарынвӕнд скодтой.#Мт 21:38. 54Уымӕ гӕсгӕ-иу Йесо ӕргомӕй иудейӕгты ӕхсӕн нал фӕзынд, фӕлӕ уырдыгӕй ацыд Эфраиммӕ — ӕдзӕрӕг быдырмӕ ӕввахс чи уыди, уыцы сахармӕ; ӕмӕ уым уыди Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ.
55Ӕрхӕстӕг иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй бирӕтӕ Куадзӕны размӕ ӕрцыдысты Йерусалиммӕ — сӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ. 56Уӕд агуырдтой Йесойы ӕмӕ Кувӕндоны дзырдтой сӕ кӕрӕдзийӕн: «Куыд уӕм кӕсы, Йесо бӕрӕгбонмӕ не ’рцӕудзӕн?» 57Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ фарисейтӕ та бардзырд радтой: Йесо кӕм ис, уый исчи куы базона, уӕд сын фехъусын кӕнӕд, цӕмӕй Йӕ ӕрцахсой.
Currently Selected:
Иоанн 11: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022

: