YouVersion Logo
Search Icon

Иоанн 12

12
Йесойы байсӕрстой хӕрздӕфгӕнӕнӕй
1Куадзӕнмӕ ма ӕхсӕз боны уыди, афтӕ Йесо ӕрбацыди Вифанимӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уыцы Лазыры хӕдзармӕ.#Мт 26:6; Мк 14:3; Ин 11:2. 2Фынг Ын ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ сын Марфӕ лӕггад кодта, Лазыр та уыди, Йесоимӕ фынгыл чи бадти, уыдонимӕ.#Лк 10:40.
3Уӕд Мариа райста, нард кӕй хонынц, уыцы зайӕгойӕ конд зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕны джиранка#12:3 Джиранка — 300 граммы бӕрц., байсӕрста дзы Йесойы къӕхтӕ ӕмӕ Йын сӕ йӕ дзыккутӕй ныссӕрфта. Хӕдзар байдзаг ис хӕрздӕфӕй. 4Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕй иу, фӕстӕдӕр Ыл гадзрахатӕй чи рацыди, уый, Иудӕ Искариот, загъта: 5«Ацы хӕрздӕфгӕнӕн уыди ӕртӕсӕдӕ динарыл ауӕйгӕнӕн ӕмӕ ӕхца мӕгуыртыл байуарӕн». 6Иудӕ афтӕ, мӕгуыртыл кӕй тыхсти, уый тыххӕй нӕ загъта, фӕлӕ, давӕг кӕй уыд, уымӕн: ӕхцайы лагъз уымӕ уыди, ӕмӕ-иу дзы цы нывӕрдтой, уымӕй-иу фелвӕста йӕхицӕн.#Ин 13:29.
7Йесо загъта: «Ныууадз ӕй. Мариа Мын ацы хӕрздӕфгӕнӕн Мӕ ныгӕнӕн бонмӕ бавӕрдта. 8Мӕгуыртӕ ӕдзух уӕ фарсмӕ сты, Ӕз та ӕдзух уемӕ нӕ уыдзынӕн».
Сусӕгвӕнд Лазыры ныхмӕ
9Йесо уым ис, уый иудейӕгтӕй бирӕтӕ базыдтой, ӕмӕ Йӕм ӕрбацыдысты — канд Йесойы тыххӕй нӕ, фӕлӕ, мӕрдтӕй кӕй райгас кодта, уыцы Лазыры фенынмӕ дӕр. 10Алчертӕ та Лазыры дӕр амарын сфӕнд кодтой, 11уымӕн ӕмӕ сыл уый тыххӕй иудейӕгтӕй бирӕтӕ сӕхи атигъ кодтой ӕмӕ Йесойыл баууӕндыдысты.
Йесо ӕрбацыд Йерусалиммӕ
12Дыккаг бон, бӕрӕгбонмӕ цы бирӕ адӕм ӕрӕмбырд, уыдон фехъуыстой, Йесо Йерусалиммӕ ӕрбацӕуы, зӕгъгӕ. 13Пальмӕйы къалиутимӕ рацыдысты Йӕ размӕ ӕмӕ хъӕр кодтой: «Осаннӕ! Арфӕгонд уӕд Хуыцауы номӕй Ӕрцӕуӕг — Израилы Паддзах!»#Мт 21:8; Мк 11:8; Лк 19:36.
14Йесо та бавдӕлд ӕмӕ къӕлӕуыл сбадти, Сыгъдӕг Фыст куыд зӕгъы, афтӕ: 15«Ма тӕрс, Сионы чызг! Мӕнӕ дӕ Паддзах фӕцӕуы, къӕлӕуыл бадгӕйӕ».#Мт 21:5. 16Цӕмӕн афтӕ бакодта, уый Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыццаг нӕ бамбӕрстой, фӕлӕ Йесойы кад куы раргом ис, уӕд сӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесойы тыххӕй Сыгъдӕг Фысты афтӕ кӕй загъдӕуыд, уый.
17Йесо Лазырмӕ зӕппадзмӕ куыд бадзырдта ӕмӕ йӕ куыд райгас кодта, уый йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон ныр уыцы цауы кой кодтой. 18Адӕм Йӕ размӕ дӕр уый тыххӕй рацыдысты, ӕмӕ фехъуыстой, Йесо уыцы диссаг кӕй сарӕзта, уый. 19Фарисейтӕ та кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уынут, куыд ницы нын ӕнтысы! Ӕгас дуне Йӕ фӕдыл цӕуы!»
Бердзенӕгты фӕнды Йесойы фенын
20Бӕрӕгбонмӕ Хуыцаумӕ скувыны тыххӕй чи ӕрбацыд, уыдоны ӕхсӕн муртаттӕгтӕ дӕр уыди. 21Уыдон бацыдысты Филиппмӕ, уымӕн ӕмӕ уый уыди галилейаг Вифсаидӕйӕ, ӕмӕ йӕм бахатыдысты: «Хорз лӕг, кӕд гӕнӕн ис, уӕд мах Йесойы фенын фӕнды». 22Филипп ацыд ӕмӕ Андрейӕн сӕ курдиат бамбарын кодта, стӕй иумӕ Йесомӕ бацыдысты ӕмӕ Йын ӕй загътой.
23Йесо сын дзуапп радта: «Адӕймаджы Фыртӕн ралӕууыд Йӕ кад раргом кӕныны афон. 24Ӕцӕг уын зӕгъын: мӕнӕуы нӕмыг зӕххыл куынӕ сӕмбӕла ӕмӕ уым куынӕ амӕла, уӕд иу нӕмыгӕй баззайдзӕн. Фӕлӕ куы амӕла, уӕд та ратдзӕни бирӕ хор. 25Йӕ цард зынаргъ кӕмӕн у, уый йӕ фесафдзӕн; ацы дунейы йӕ цардыл чи нӕ ауӕрды, уый та мыггагмӕ цӕрдзӕни.#Мт 10:39; Мк 8:35; Лк 9:24; 14:27. 26Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уый Мӕ фӕдыл хъуамӕ цӕуа ӕмӕ, Ӕз кӕм дӕн, уый дӕр уым уыдзӕни. Мӕнӕн чи лӕггад кӕны, уыцы адӕймагӕн Мӕ Фыд скад кӕндзӕн.#Ин 17:24.
Йесо дзуры Йӕ мӕлӕты тыххӕй
27Ныр Мӕ уд стыр катайы бацыд, фӕлӕ Ӕз афтӕ куыд хъуамӕ зӕгъон: „Мӕ Фыд! Фервӕзын Мӕ кӕн ацы тухӕнӕй“, кӕд ӕмӕ Ӕз ацы тухӕны тыххӕй ӕрцыдтӕн?#Мт 26:38; Дзут 5:7.
28Мӕ Фыд, скадджын кӕн Дӕ ном!» Ӕмӕ уӕларвӕй ӕрыхъуысти: «Скадджын ӕй кодтон ӕмӕ ма йӕ ноджыдӕр скадджын кӕндзынӕн!»
29Уым цы адӕм лӕууыд, уыдон уый куы фехъуыстой, уӕд иутӕ загътой: «Уый арвы нӕрын у». Иннӕтӕ дзырдтой: «Зӕд ныхас кодта Йемӕ». 30Уӕд сын Йесо загъта: «Уыцы хъӕлӕс Мӕн тыххӕй нӕ уыди, фӕлӕ сымах тыххӕй. 31Ныр ацы дунейӕн йӕ Тӕрхоны Бон ралӕууыд, ӕмӕ ацы дунейы ӕлдар тард ӕрцӕудзӕни#12:31 Ацы дунейы ӕлдар — сайтан.#Ин 14:30; 16:11.. 32Ӕз зӕххӕй уӕлӕмӕ ист куы ӕрцӕуон, уӕд алкӕй дӕр Мӕхимӕ ӕрхондзынӕн».#Ин 3:14. 33Ацы ныхӕстӕй Йесо фӕсномыгӕй бамбарын кодта, цавӕр мӕлӕтӕй амӕлдзӕнис, уый.
34Адӕм Ын дзуапп радтой: «Ӕгъдауы куыд фыст ис, уымӕй мах зонӕм, Чырысти мыггагмӕ кӕй цӕрдзӕнис, уый. Уӕд Ды куыд зӕгъыс, Адӕймаджы Фырты хъуамӕ уӕлӕмӕ систӕуа, зӕгъгӕ? Чи у уыцы Адӕймаджы Фырт?»#Лк 1:33. 35Уӕд сын Йесо загъта: «Иу цасдӕр рӕстӕг ма уыдзӕни рухс уемӕ. Цалынмӕ рухс ис, уӕдмӕ цӕут, цӕмӕй уӕ талынг ма бамбӕрза, уымӕн ӕмӕ талынджы цӕуӕгмӕ йӕ развӕд нӕ зыны.
36Цалынмӕ рухс уемӕ ис, уӕдмӕ ӕууӕндут рухсыл, цӕмӕй суат рухсы хъӕбултӕ». Уыцы ныхӕсты фӕстӕ Йесо ацыд ӕмӕ фӕаууон ис.
Бирӕтӕ не ’ууӕндынц Йесойыл
37Йесо сӕ разы уый бӕрц диссӕгтӕ равдыста, фӕлӕ Йыл уӕддӕр не ’ууӕндыдысты, 38уымӕн ӕмӕ пехуымпар Исайайы ныхӕстӕн ӕнӕ ӕрцӕугӕ нӕ уыд. Уый загъта: «Дунедарӕг, махӕй цы фехъуыстой, ууыл чи баууӕндыд, ӕмӕ кӕмӕн раргом ис Дунедарӕджы хъару?»#Ром 10:16. 39Исайа ма загъта, сӕ бон баууӕндын цӕуылнӕ уыд, уый дӕр:
40«Уый сын бакуырм кодта сӕ цӕстытӕ,
сӕхгӕдта сын сӕ зӕрдӕтӕ,
цӕмӕй цӕстӕй ма феной,
зӕрдӕйӕ ма бамбарой,
ма раздӕхой Мӕнмӕ
ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон».#Мт 13:14; Мк 4:12; Лк 8:10; Хъуыд 28:26; Ром 11:8.
41Ацы ныхӕстӕ Исайа уый тыххӕй загъта, ӕмӕ йӕм Йесойы кад раргом ис, ӕмӕ кодта Уый кой.
42Ӕниу, Йесойыл суанг хицӕуттӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты, фӕлӕ сӕ фарисейтӕ синагогӕйӕ куы фӕхицӕн кӕной, уымӕй тӕрсгӕйӕ, сӕхи нӕ хъӕр кодтой. 43Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау цы кад дӕтты, уымӕй сын зӕххон кад зынаргъдӕр уыди.#Ин 5:44.
Йесойы ныхас дунейӕн тӕрхон кӕны
44Йесо хъӕрӕй загъта: «Мӕныл чи ӕууӕнды, уый Мӕ Рарвитӕгыл ӕууӕнды. 45Мӕн чи уыны, уый Мӕ Рарвитӕджы уыны. 46Ӕз дӕн рухс ӕмӕ ӕрцыдтӕн дунемӕ, чидӕриддӕр Мыл ӕууӕнды, уыдон талынджы куыннӕуал уой, афтӕ.#Ин 3:19. 47Мӕ ныхӕстӕ Мын чи хъусы ӕмӕ сӕ чи не ’ххӕст кӕна, уыдонӕн Ӕз тӕрхон нӕ кӕнын. Ӕз дунейӕн тӕрхон кӕнынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ йӕ фервӕзын кӕнынмӕ.#Ин 3:17. 48Мӕныл йӕхи чи тигъ кӕны ӕмӕ Мӕ ныхӕстыл чи не ’ууӕнды, уымӕн ис тӕрхонгӕнӕг: Мӕ ныхас ын тӕрхон кӕндзӕни фӕстаг бон.#Мк 16:16. 49Уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕхи номӕй нӕ дзырдтон: цы зӕгъон ӕмӕ цы дзурон, уый Мын Мӕ рарвитӕг Фыд бафӕдзӕхста,#Ин 14:10. 50ӕмӕ Ӕз зонын: Йӕ фӕдзӕхст у мыггагмӕйы цард. Ӕз дзурын, Мӕ Фыд Мын цы бафӕдзӕхста, ӕрмӕстдӕр уый».

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in