YouVersion Logo
Search Icon

Иоанн 19

19
1Уӕд Пилат Йесойы ехсӕй фӕнӕмын кодта.#Мт 27:26; Мк 15:15. 2Ӕфсӕддонтӕ сбыдтой сындзын кады худ ӕмӕ йӕ Йесойы сӕрыл ӕрсагътой, сӕнт сырх пӕлӕз Ыл скодтой. 3Хӕстӕг-иу Ӕм бацыдысты ӕмӕ хъӕр кодтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!» Ӕмӕ Йӕ дзӕхстытӕ кодтой.
4Пилат ногӕй рацыд адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Ӕз уӕм Ӕй ныртӕккӕ рахондзынӕн, цӕмӕй зонат, кӕй ницы аххос Ӕм арын, уый».#Ин 18:38; Хъуыд 3:13. 5Ӕмӕ сӕм Йесо рацыди — сындзын кады худы ӕмӕ сӕнт сырх пӕлӕзы. Пилат сын загъта: «Мӕнӕ ис уыцы Адӕймаг!» 6Хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ Йӕ хъахъхъӕнджытӕ куы федтой, уӕд хъӕр систой: «Байтындз Ӕй, байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Акӕнут Ӕй ӕмӕ Йӕ уӕхӕдӕг байтындзут, ӕз Ӕм ницы азым арын».#Мт 27:23; Мк 15:14; Лк 23:4; Хъуыд 13:28. 7Иудейӕгтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн ис Ӕгъдау ӕмӕ, уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, Уый хъуамӕ амӕла, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕй Хуыцауы Фырт аразы».
8Пилат уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд ноджы тынгдӕр старсти. 9Ногӕй та бацыди галуанмӕ ӕмӕ Йесойы бафарста: «Кӕцӕй дӕ?» Фӕлӕ йын Йесо дзуапп нӕ радта.#Ин 18:33. 10Пилат Ын загъта: «Мӕнӕн нӕ дӕттыс дзуапп? Дӕ рауадзыны бар дӕр ӕмӕ Дӕ байтындзыны бар дӕр мӕнмӕ кӕй ис, уый нӕ зоныс?» 11Йесо йын дзуапп радта: «Дӕ бар Мыл ӕппындӕр нӕ цӕуид, уый дын уӕларвӕй лӕвӕрд куы нӕ уаид, уӕд. Уымӕ гӕсгӕ, Мӕн дӕ къухмӕ чи радта, уымӕн йӕ тӕригъӕд дӕ тӕригъӕдӕй уӕззаудӕр у».#Лк 22:53.
12Уӕдӕй фӕстӕмӕ Пилат архайдта Йӕ рауадзыныл. Иудейӕгтӕ та хъӕр кодтой: «Куы Йӕ рауадзай, уӕд кесӕры лымӕн нӕ дӕ. Йӕхицӕй паддзах чидӕриддӕр аразы, уый кесӕры знаг у». 13Пилат уый куы фехъуыста, уӕд Йесойы ӕддӕмӕ ракодта ӕмӕ, Лифостротон#19:13 Лифостротон бердзенагау амоны «дурӕй астӕрд пъол». кӕй хуыдтой, дзуттагау та — Гаввафӕ, уым ӕрбадти тӕрхонгӕнӕджы бынаты. 14Уый уыди Куадзӕны размӕ бон, ӕхсӕз сахатмӕ ӕввахс. Пилат иудейӕгтӕн загъта: «Мӕнӕ уӕ Паддзах!» 15Фӕлӕ уыдон хъӕр систой: «Амар Ӕй! Амар Ӕй! Байтындз Ӕй!» Пилат сын загъта: «Уӕ Паддзахы уын байтындзон?» Хистӕр сауджынтӕ йын дзуапп радтой: «Махӕн кесӕры йеддӕмӕ паддзах нӕй».
16Ӕппынфӕстаг Пилат сразы ис семӕ ӕмӕ Йесойы радта дзуарыл байтындзынмӕ. Ӕмӕ Йесойы акодтой.
Йесойы байтыгътой
17Йесо Йӕ дзуаримӕ ацыд, Сӕргӕхц цы бынат хуыдтой, дзуттагау та — Голгофӕ, уырдӕм.#Мт 27:33; Мк 15:22; Лк 23:33; Дзут 13:12. 18Уыцы ран Ӕй дыууӕ ӕндӕр ахӕстимӕ, уыдон — Йӕ фӕйнӕфарс, Уый — астӕуӕй, афтӕмӕй дзуарыл байтыгътой.
19Пилат дзуарыл фӕйнӕджы гӕбаз ныххуыйын кодта ахӕм фыстимӕ: «Назаретаг Йесо, иудейаг Паддзах». 20Иудейӕгтӕй йӕ бирӕтӕ бакастысты, уымӕн ӕмӕ, Йесойы кӕм байтыгътой, уыцы бынат сахармӕ хӕстӕг уыд. Фыст уыди дзуттаг, ромаг ӕмӕ бердзенаг ӕвзӕгтыл. 21Иудейаг хистӕр сауджынтӕ Пилатӕн дзырдтой: «Ма ныффыс: „Иудейаг Паддзах“. Ныффысс афтӕ: „Ацы лӕг йӕхи хуыдта иудейаг Паддзах“». 22Пилат сын загъта: «Цы ныффыстон, уый ныффыстон».
23Ӕфсӕддонтӕ Йесойы куы байтыгътой, уӕд Ын Йӕ дарӕстӕ райстой ӕмӕ сӕ цыппар дихы акодтой — алы ӕфсӕддонӕн дӕр иу хай. Йӕ хӕдон та хуыд нӕ уыд, фӕлӕ сӕрӕй бынмӕ уафт уыди.#Мт 27:35; Мк 15:24; Лк 23:34. 24Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Скъуынгӕ йӕ ма акӕнӕм, фӕлӕ хӕлттӕ сӕппарӕм, кӕддӕра нӕ кӕмӕ ӕрхауид». Уымӕн ӕмӕ хъуамӕ сӕххӕст уыдаид, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Се ’хсӕн Мын байуӕрстой Мӕ дарӕс ӕмӕ Мын Мӕ уӕлӕдарӕсыл хӕлттӕ сӕппӕрстой». Ӕфсӕддонтӕ ӕцӕгдӕр афтӕ бакодтой.
25Йесойы дзуары цур лӕууыдысты Йӕ мад, Йӕ мады хо, Клеопайы ус Мариа, ӕмӕ магдалӕйаг Мариа.#Лк 2:35. 26Йесо Йӕ мады, стӕй Йӕ уарзон ахуыргӕнинаджы дӕр уым лӕугӕ куы федта, уӕд Йӕ мадӕн загъта: «Уӕ сылгоймаг, мӕнӕ уый — дӕ лӕппу». 27Стӕй Йӕ ахуыргӕнинагӕн загъта: «Мӕнӕ уый — дӕ мад!» Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Йӕ мад царди ахуыргӕнинаджы хӕдзары.
Йесойы мӕлӕт
28Уый фӕстӕ Йесо, ныридӕгӕн алцыдӕр кӕй сӕххӕст, уый зонгӕйӕ, цӕмӕй Сыгъдӕг Фысты цы загъд ис, уый кӕронмӕ сӕххӕст уа, уый тыххӕй сдзырдта: «Дойны Мын у».#Мт 27:48. 29Туаг сӕны дзаг дурын дзы уыди, ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ хырыз комраз сӕны атылдтой, иссопы къалиуыл ӕй ӕрсагътой ӕмӕ Йын ӕй Йӕ дзыхмӕ схастой. 30Йесо туаг сӕнӕй куы ацахуыста, уӕд загъта: «Ӕппӕт дӕр сӕххӕст!» Уыйадыл Йӕ сӕр ӕркъул кодта ӕмӕ Йӕ уд систа.
Ӕфсӕддон Йесойы буар арцӕй барӕхуыста
31Уыди майрӕмбон, ӕмӕ иудейӕгты нӕ фӕндыд, цӕмӕй мӕрдтӕ сабаты дзуарыл ауыгъдӕй баззайой, уымӕн ӕмӕ уыцы сабаты стыр бӕрӕгбон уыди. Уымӕ гӕсгӕ Пилатӕй куырдтой мӕрдтӕн сӕ зӕнгтӕ асӕттын ӕмӕ сӕ дзуарӕй ӕрисын. 32Уӕд ӕфсӕддонтӕ ӕрцыдысты ӕмӕ, Йесоимӕ тыгъд чи уыди, уыдонӕй фыццаг иуӕн, стӕй та иннӕмӕн асастой сӕ зӕнгтӕ. 33Йесомӕ куы бацыдысты ӕмӕ Йӕ мардӕй куы федтой, уӕд Ын Йӕ зӕнгтӕ нал асастой. 34Фӕлӕ Йын уӕддӕр ӕфсӕддонтӕй иу арцӕй Йӕ фарс барӕхуыста, ӕмӕ дзы уайтагъд туг ӕмӕ дон ракалди. 35Уымӕн ӕвдисӕн лӕууы уый йӕхи цӕстӕй фенӕг. Йӕ ӕвдисӕнад ӕцӕг у, ӕмӕ зоны, ӕцӕгдзинад кӕй дзуры, уый, цӕмӕй сымах дӕр баууӕндат. 36Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцыдысты, цӕмӕй сӕххӕст уа Сыгъдӕг Фыст: «Йӕ иу стӕг дӕр нӕ асӕтдзӕн». 37Сыгъдӕг Фысты ма загъд ис: «Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты».#Ӕрг 1:7.
Йесойы баныгӕд
38Уый фӕстӕ аримафейаг Йосеф (уый дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди, фӕлӕ йӕ не ’ргом кодта, уымӕн ӕмӕ иудейӕгтӕй тарсти) бахатыди Пилатмӕ, цӕмӕй йын ратта Йесойы мард. Пилат ын бар радта. Йосеф ацыд ӕмӕ Йесойы мард ахаста. 39Ӕрцыди Никодим дӕр — кӕддӕр ӕхсӕвыгон Йесомӕ чи ӕрбацыди, уый — ӕмӕ ӕрхаста фондзыссӕдз джиранкайы#19:39 Фондзыссӕдз джиранкайы — 30 килограммы бӕрц. бӕрц хӕрздӕфгӕнӕнтӕ — смирнӕ ӕмӕ алой иумӕ хӕццӕйӕ.#Ин 3:2; 7:50. 40Уыдон Йесойы мард, иудейаг ӕгъдаумӕ гӕсгӕ, хӕрздӕфгӕнӕнтимӕ гӕнӕй уӕфт мӕрддзӕгты батыхтой. 41Йесойы дзуарыл кӕм байтыгътой, уым уыди дыргъдон, дыргъдоны та — ӕвӕрд кӕм ничима уыди, ахӕм ног зӕппадз. 42Иудейаг сабатмӕ бирӕ кӕй нал баззад, зӕппадз та хӕстӕг кӕй уыди, уымӕ гӕсгӕ Йесойы уым бавӕрдтой.

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in