Иоанн 20
20
Йесо райгас ис
1Къуырийӕн йӕ фыццаг бон, нӕма ӕрбабон ис, афтӕмӕй магдалӕйаг Мариа ӕрбацыди зӕппадзмӕ ӕмӕ бацӕуӕны дур иуварс фӕлдӕхтӕй баййӕфта.#Мт 28:1; Мк 16:1; Лк 24:1. 2Уыйадыл азгъордта, бацыди Симон Петрмӕ, стӕй Йесойы уарзон ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын загъта: «Хицауы ахастой зӕппадзӕй, ӕмӕ Йӕ кӕм бавӕрдтой, уый нӕ зонӕм».
3Петр ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинаг уайтагъд ацыдысты зӕппадзмӕ. 4Дыууӕйӕ дӕр згъоргӕ кодтой, фӕлӕ иннӕ ахуыргӕнинаг Петрӕй тагъддӕр згъордта ӕмӕ зӕппадзмӕ раздӕр бахӕццӕ ис. 5Ӕргуыбыр кодта ӕмӕ мӕрддзӕгтӕ федта, фӕлӕ зӕппадзмӕ нӕ бацыди. 6Йӕ хӕдуӕлвӕд Симон Петр дӕр ӕрбахӕццӕ ис, бацыди зӕппадзмӕ ӕмӕ дзы федта ӕрмӕстдӕр мӕрддзӕгтӕ.#Лк 24:12. 7Уыимӕ ма, Йесойы сӕр баст кӕмӕй уыди, уыцы хӕцъил дӕр мӕрддзӕгтимӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр ран хицӕнӕй тыхт уыди. 8Уӕд, раздӕр чи ӕрбахӕццӕ ис, уыцы ахуыргӕнинаг дӕр зӕппадзмӕ мидӕмӕ бахызти ӕмӕ, алцыдӕр йӕхи цӕстӕй куы федта, уӕд ӕй бауырныдта. 9Уымӕн ӕмӕ уыдон уӕдмӕ Сыгъдӕг Фыстӕй нӕма ӕмбӕрстой, Йесо мӕрдтӕй кӕй хъуамӕ райгас уа, уый.
10Ахуыргӕнинӕгтӕ аздӕхтысты сӕхимӕ.
Йесо Йӕ райгасы фӕстӕ раргом ис Магдалӕйаг Мариамӕ
11Мариа та лӕууыди зӕппадзы цур ӕмӕ куыдта. Кӕугӕйӕ ӕргуыбыр кодта зӕппадзмӕ, ӕмӕ федта,#Мт 28:1; Мк 16:5. 12Йесойы мард кӕм ӕвӕрд уыди, уым дыууӕ зӕды урс дарӕсы бадгӕ, сӕ иу — Йӕ нывӕрзӕны, иннӕ — Йӕ дӕлфӕдты ’рдыгӕй. 13Уыдон ӕй бафарстой: «Хорз ус, цӕуыл кӕуыс?» Мариа сын дзуапп радта: «Мӕ Хицауы мын ахастой ӕмӕ Йӕ кӕм бавӕрдтой, уый нӕ зонын». 14Афтӕ куы загъта, уӕд фӕстӕмӕ фӕкаст, ӕмӕ Йесойы йӕ разы лӕугӕйӕ ауыдта, фӕлӕ Йесо кӕй у, уый нӕ базыдта.#Мт 28:9; Мк 16:9.
15Йесо йын загъта: «Хорз ус, цӕуыл кӕуыс? Кӕй агурыс?» Мариа ӕнхъӕл уыди, Уый дыргъдонгӕс у, ӕмӕ Йын загъта: «Хорз лӕг, кӕд Ӕй ды рахастай, уӕд Ӕй кӕм бавӕрдтай, уый мын зӕгъ ӕмӕ Йӕ ӕз ахӕссон». 16Йесо йын загъта: «Мариа!» Мариа Йӕм разылди ӕмӕ Йӕм дзуттагау сдзырдта: «Раввуни!» (ома Ахуыргӕнӕг). 17Йесо йын загъта: «Ма Мыл бандзӕв, уымӕн ӕмӕ Ӕз Мӕ Фыдмӕ нӕма ссыдтӕн. Фӕлӕ ацу Ме ’фсымӕртӕм ӕмӕ сын зӕгъ: „Цӕуын Мӕ Фыдмӕ ӕмӕ уӕ Фыдмӕ, Мӕ Хуыцаумӕ ӕмӕ уӕ Хуыцаумӕ“».#Мт 28:10; Ром 8:29; Дзут 2:11.
18Магдалӕйаг Мариа ацыди ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕн радзырдта, Хицауы кӕй федта ӕмӕ йын Уый цы загъта, уыдӕтты тыххӕй.
Йесойы фыццаг фембӕлд ахуыргӕнинӕгтимӕ Йӕ райгасы фӕстӕ
19Уыцы бон изӕрӕй, къуырийы фыццаг бон, ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбырдӕй уыдысты иумӕ. Иудейӕгтӕй тарстысты ӕмӕ дуӕрттӕ сӕхгӕдтой. Уӕд уатмӕ ӕрбацыди Йесо, ӕрлӕууыди сӕ разы ӕмӕ загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут!»#Мк 16:14; Лк 24:36; Хъуыд 13:31; 1 Кор 15:5,7. 20Ӕмӕ сӕм Йӕ къухтӕ ӕмӕ Йӕ фарс равдыста. Ахуыргӕнинӕгтӕ Хицауы куы федтой, уӕд Ыл ныццин кодтой.#Ин 16:22.
21Йесо та сын дыккаг хатт загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут! Мӕ Фыд Мӕн куыд рарвыста, афтӕ Ӕз дӕр сымах ӕрвитын». 22Уыцы ныхӕсты фӕстӕ сыл бафу кодта ӕмӕ сын загъта: «Схайджын ут Сыгъдӕг Удӕй. 23Сымах йӕ тӕригъӕдтӕ кӕмӕн ныббарат, уымӕн барст уыдзысты, кӕмӕн сӕ нӕ ныббарат, уымӕн барст нӕ уыдзысты».#Мт 16:19; 18:18.
Фомайы нӕ уырны, Йесо райгас ис, уый
24Йесо куы ӕрбацыд, уӕд дыууадӕсӕй иу, Фома, фӕсномыгӕй — Фаззон, семӕ нӕ уыд. 25Иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ йын загътой: «Мах федтам Хицауы». Фӕлӕ сын уый дзуапп радта: «Йӕ къухтыл зӕгӕлы фӕдтӕ куынӕ фенон, ме ’нгуылдз уыцы хъӕдгӕмттыл куынӕ авӕрон, мӕ къух та — Йӕ фарсы хъӕдгомыл, уӕд мӕ нӕ бауырндзӕн».#Ин 19:34.
26Аст боны фӕстӕ та ахуыргӕнинӕгтӕ уыдысты хӕдзары, Фома дӕр — семӕ. Дуӕрттӕ ӕхгӕд уыдысты, афтӕмӕй ӕрбацыди Йесо, ӕрлӕууыди сӕ астӕу ӕмӕ загъта: «Фӕрнӕйдзаг ут!» 27Стӕй Фомамӕ дзуры: «Ӕрбадар-ма де ’нгуылдз ӕмӕ Мын бавнал Мӕ къухтӕм. Ӕрбадар дӕ къух ӕмӕ Мын бавнал Мӕ фарсы хъӕдгоммӕ. Ӕмӕ дызӕрдыг мауал кӕн, фӕлӕ баууӕнд». 28Ӕмӕ уӕд Фома ныхъхъӕр кодта: «Мӕ Бардарӕг ӕмӕ Мӕ Хуыцау!» 29Йесо йын загъта: «Ды баууӕндыдтӕ, уымӕн ӕмӕ Мӕ федтай. Тӕхудиаг сты, Мӕн чи нӕ федта, афтӕмӕй чи баууӕндыди, уыдон».#1 Пет 1:8; 2 Кор 5:7.
Ацы чиныг ныффыссыны нысан
30Ацы чиныджы сӕ кой дӕр кӕмӕн нӕй, бирӕ ахӕм диссӕгтӕ ма равдыста Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн.#Ин 21:25. 31Ацы чиныг та уымӕн фыст ӕрцыд, цӕмӕй баууӕндат, Йесо Хуыцауы Фырт, Чырысти кӕй у, ууыл. Ӕмӕ куы ӕууӕндат, уӕд Йӕ фӕрцы схайджын уыдзыстут мыггагмӕйы цардӕй.#Ин 3:15; Ром 15:4.
Currently Selected:
Иоанн 20: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy
Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022

: