YouVersion Logo
Search Icon

Матфей 27

27
Йесойы ӕрбакодтой Пилатмӕ
1Куы сбон ис, уӕд алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ иууылдӕр ӕрӕмбырд сты, цӕмӕй Йесойӕн марыны тӕрхон рахӕссой. 2Уыйадыл Ӕй сбастой, акодтой Йӕ ӕмӕ Йӕ Иудейы бӕстыхицау Пилаты къухмӕ радтой.#Мк 15:1; Лк 23:1.
Иудӕйы мӕлӕт
3Йесойӕн мӕлӕты тӕрхон кӕй рахастой, уый Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ куы базыдта, уӕд йӕхиуыл ӕрхудти, дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы фӕстӕмӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕм бахаста 4ӕмӕ загъта: «Ӕз фӕтӕригъӕдджын дӕн, ӕназым туг кӕй ауӕй кодтон, уымӕй». Фӕлӕ йын уыдон дзуапп радтой: «Уый махмӕ нӕ хауы. Дӕхи хъуыддаг у». 5Иудӕ ӕвзист ӕхцатӕ аппӕрста Кувӕндоны, рацыд ӕмӕ йӕхи ӕрцауыгъта.#Хъуыд 1:18.
6Алчертӕ систой ӕвзист ӕхцатӕ ӕмӕ загътой: «Кувӕндоны хӕзнадоны сын нывӕрын не ’мбӕлы, уымӕн ӕмӕ туджы аргъ сты». 7Бауынаффӕ кодтой ӕмӕ дзы бӕлццӕтты ныгӕнынӕн балхӕдтой, дурынгӕнӕджы зӕхх кӕй хуыдтой, уый. 8Уымӕ гӕсгӕ уыцы зӕхх абон дӕр хонынц «Туджы зӕхх».#Хъуыд 1:19. 9Афтӕ сӕххӕст ис, пехуымпар Йеремиайы уылты цы загъдӕуыд, уый: «Ӕмӕ райстой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы — Израилы фырттӕ Йын цы аргъ скодтой, уый. 10Ӕмӕ уыдонӕй дурынгӕнӕджы зӕххы аргъ бафыстой, Хуыцау мын куыд загъта, афтӕ».#Зах 11:12,13; Йер 19:1-13; 32:6-9.
Пилаты тӕрхон
11Ныр Йесо та ӕрлӕууыди бӕстыхицауы раз, ӕмӕ Йӕ уый бафарста: «Ды дӕ иудейаг Паддзах?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».#Мк 15:2; Лк 23:3; Ин 18:37; 1 Тим 6:13. 12Фӕлӕ Йӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ зылын кӕнын куы райдыдтой, уӕд сын Йесо ницы дзуапп радта.#Мт 26:63. 13Уӕд Ын Пилат загъта: «Дӕ ныхмӕ куыд бирӕ адӕм ӕвдисӕн кӕнынц, уый нӕ хъусыс?» 14Фӕлӕ йын Йесо йӕ иу фарстӕн дӕр дзуапп нӕ радта, ӕмӕ бӕстыхицау стыр дисы бафтыди.
15Бӕстыхицаумӕ уыдис ахӕм ӕгъдау: бӕрӕгбоны-иу суӕгъд кодта, адӕмы-иу кӕй бафӕндыдис, иу ахӕм ахӕсты. 16Уыцы рӕстӕг сӕм уыди, Вараввӕ, зӕгъгӕ, зындгонд ахӕст, 17ӕмӕ, адӕм куы ӕрӕмбырд сты, уӕд сӕ Пилат бафарста: «Куыд уӕ фӕнды, кӕй уын рауадзон: Вараввӕйы ӕви, Чырысти кӕй хонынц, уыцы Йесойы?» 18Уымӕн ӕмӕ зыдта, Йесойы йын йӕ къухмӕ сӕ фыр хӕлӕгӕй кӕй радтой, уый. 19Ноджы ма, Пилат тӕрхонгӕнӕджы бынаты куы бадти, уӕд ӕм йӕ ус дӕр барвыста афтӕ зӕгъынмӕ: «Мацы Йын ракӕн, уымӕн ӕмӕ уыцы Рӕстгӕнӕджы тыххӕй дысон бирӕ фӕудхар кодтон мӕ фыны». 20Фӕлӕ алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ сардыдтой адӕмы, цӕмӕй сӕрибар ракурой Вараввӕйӕн, Йесойы та амарын кӕной.#Мк 15:11; Лк 23:18; Ин 18:40; Хъуыд 3:14.
21Бӕстыхицау сӕ бафарста: «Куыд уӕ фӕнды, ацы дыууӕйӕ уын кӕй рауадзон?» Уыдон загътой: «Вараввӕйы».
22Пилат та сӕ ногӕй бафарста: «Ӕмӕ уӕд, Чырысти Кӕй хонынц, уыцы Йесойӕн та цы бакӕнон?» Ӕмӕ иууылдӕр схор-хор кодтой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»
23Пилат бафарста: «Уагӕр ӕвзӕрӕй цы ракодта?» Фӕлӕ уыдон ноджы тынгдӕр хъӕр кодтой: «Дзуарыл тыгъд ӕрцӕуӕд!»
24Пилат федта, йӕ бон саразын кӕй ницы у, уый ӕмӕ змӕст тынгӕй-тынгдӕр кӕй кӕны. Уӕд райста дон, адӕмы раз йӕ къухтӕ цӕхсадта ӕмӕ загъта: «Ӕз ацы тугкалды аххосджын нӕ дӕн. Уӕ бар уӕхи». 25Адӕм ын ӕмхъӕлӕсӕй дзуапп радтой: «Йӕ туг махӕн ӕмӕ нӕ зӕнӕгӕн фидинаг фӕуӕд!» 26Уӕд сын Пилат рауагъта Вараввӕйы, Йесойы та ехсӕй фӕнӕмын кодта ӕмӕ бардзырд радта, цӕмӕй Йӕ дзуарыл байтындзой.#Мк 15:15; Ин 19:1.
Ӕфсӕддонтӕ ӕфхӕрынц Йесойы
27Уыйадыл бӕстыхицауы ӕфсӕддонтӕ Йесойы акодтой галуанмӕ, ӕмӕ ӕппӕт ӕфсӕддон хай уым Йӕ алыварс ӕрӕмбырд ис. 28Раластой Йын Йӕ дарӕс ӕмӕ Йыл сырх-сырхид пӕлӕз скодтой. 29Сбыдтой сындзын кады худ ӕмӕ Йын ӕй ӕркодтой Йӕ сӕрыл, Йӕ рахиз къухмӕ та Йын радтой лӕдзӕг. Сӕ зонгуытыл ӕрлӕууыдысты Йӕ разы ӕмӕ Йӕ мӕстӕй мардтой: «Ӕгас цӕуӕд иудейаг Паддзах!» 30Фӕтутӕ Йыл кодтой, уый фӕстӕ Йын райстой Йӕ лӕдзӕг ӕмӕ Йын дзы Йӕ сӕр цавтой.
31Дзӕбӕх Дзы куы фӕхынджылӕг кодтой, уӕд Ын раластой Йӕ пӕлӕз, фӕстӕмӕ Йыл Йӕхи дарӕс скодтой ӕмӕ Йӕ байтындзынмӕ акодтой.
Йесойы байтыгътой дзуарыл
32Куы рацыдысты, уӕд фӕндагыл иу киренӕйаг лӕгыл амбӕлдысты, йӕ ном — Симон, ӕмӕ Йесойы дзуар уымӕн ахӕссын кодтой. 33Голгофӕ (ома Сӕргӕхцы бынат) кӕй хонынц, уырдӕм куы бахӕццӕ сты,#Мк 15:22; Лк 23:33; Ин 19:17; Дзут 13:12. 34уӕд Ын нуазынӕн радтой сӕн мастимӕ хӕццӕйӕ. Фӕлӕ дзы Уый куы ацахуыста, уӕд ӕй нал бануӕзта. 35Дзуарыл Ӕй чи байтыгъта, уыдон Ын Йӕ дарӕстыл хӕлттӕ сӕппӕрстой ӕмӕ сӕ се ’хсӕн байуӕрстой. 36Стӕй сбадтысты ӕмӕ Йӕ хъахъхъӕдтой. 37Йӕ сӕрмӕ Йын дзуарыл фӕйнӕджы гӕбаз ныххуыдтой, фыст ыл уыди Йӕ азым: «АЙ У ЙЕСО, ИУДЕЙӔГТЫ ПАДДЗАХ». 38Йемӕ ма дзуӕрттыл байтыгътой дыууӕ абырӕджы, сӕ иуы — Йӕ рахизфарс, иннӕйы та — Йӕ галиуфарс. 39Йӕ рӕзты-иу чи фӕцӕйцыд, уыдон-иу сӕ сӕртӕ банкъуыстой ӕмӕ Йын алы ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ кодтой: 40«Гъей, Кувӕндон халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ аразӕг! Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи фервӕзын кӕн ӕмӕ дзуарӕй ӕрхиз».#Мт 26:61; Мк 14:58.
41Афтӕ Дзы хынджылӕг кодтой алчертӕ дӕр динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртимӕ: 42«Иннӕты ирвӕзын кодта, Йӕхи фервӕзын кӕнын та Йӕ бон нӕу! Израилы Паддзах куы у! Ныртӕккӕ дзуарӕй ӕрхизӕд, ӕмӕ Йыл уӕд баууӕнддзыстӕм. 43Хуыцауыл Йӕ зӕрдӕ дардта, ӕмӕ Йӕ ныр фервӕзын кӕнӕд, кӕд Хуыцауӕн фӕндон у, уӕд. Афтӕ куы дзырдта: „Ӕз Хуыцауы Фырт дӕн“». 44Йемӕ Йын кӕй байтыгътой, уыцы абырджытӕ дӕр Ӕй фаудтой.
Йесойы мӕлӕт
45Ӕхсӕз сахатыл бӕстӕ ӕгасӕй дӕр баталынг ӕмӕ афтӕ ахаста фараст сахаты онг. 46Фараст сахатмӕ ӕввахс Йесо хъӕрӕй ныууынӕргъыдта: «Эли, Эли, лема сабахтани?» Ома: «Мӕ Хуыцау, Мӕ Хуыцау, цӕмӕн Мӕ ныууагътай?»#Пс 21:2; Мк 15:34. 47Уый фехъусгӕйӕ, уым чи лӕууыди, уыдонӕй чидӕртӕ загътой: «Илийамӕ дзуры».
48Сӕ иу азгъордта, хырыз комраз туаг сӕны стылдта, лӕдзӕгыл ӕй ӕрсагъта ӕмӕ йӕ Йесомӕ дзыхмӕ схаста бануазынмӕ.#Ин 19:29. 49Иннӕтӕ та дзырдтой: «Фӕлӕуу-ма, бакӕсӕм, кӕддӕра Йӕм Илийа ӕрцӕуид ӕмӕ Йӕ фервӕзын кӕнид». 50Йесо та ногӕй хъӕрӕй ныууынӕргъыдта ӕмӕ Йӕ уд систа.
51Уӕд Кувӕндоны мидӕмбӕрзӕн уӕлейӕ дӕлӕмӕ ӕрфасти ӕмӕ дыууӕ дихы фӕцис. Зӕхх нынкъуысыд, ӕмӕ къӕдзӕхтӕ аскъуыдтӕ сты.#Дзут 10:20. 52Ингӕнтӕ байгом сты, ӕмӕ мард сыгъдӕджытӕй бирӕтӕ райгас сты. 53Растадысты ингӕнӕй ӕмӕ фӕстӕдӕр, Йесойы райгасы фӕстӕ, сыгъдӕг сахармӕ бацыдысты ӕмӕ бирӕтӕм раргом сты.
54Сӕдӕйыхицау ӕмӕ Йесойы хъахъхъӕнджытӕ зӕххӕнкъуыст ӕмӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы федтой, уӕд тынг фӕтарстысты ӕмӕ дзырдтой: «Уый ӕцӕгӕй Хуыцауы Фырт уыди».
55Уым уыдысты ӕмӕ дардӕй кастысты, Йесойӕн лӕггад кӕнынмӕ Галилейӕ Йӕ фӕдыл чи рацыди, уыцы сылгоймӕгтӕ дӕр. 56Се ’хсӕн — магдалӕйаг Мариа, Йаков ӕмӕ Йосефы мад Мариа, стӕй Зеведейы фыртты мад.
Йесойы баныгӕдтой
57Куы баизӕр, уӕд ӕрцыд аримафейаг хъӕздыг лӕг Йосеф. Уый дӕр Йесойы ахуыргӕнинаг уыди.#Мк 15:42; Лк 23:50; Ин 19:38. 58Бацыди Пилатмӕ ӕмӕ дзы Йесойы мард ракуырдта. Пилат ын ӕй радта. 59Йосеф рахаста марды, гӕн хъуымацы йӕ батыхта 60ӕмӕ йӕ бавӕрдта, къӕдзӕхы кӕй скъахта, уыцы ног зӕппадзы. Бахизӕныл бафӕлдӕхта стыр дур ӕмӕ ацыди. 61Магдалӕйаг Мариа ӕмӕ иннӕ Мариа дӕр уыдысты уым ӕмӕ зӕппадзӕн йӕ бакомкоммӕ бадтысты.
Зӕппадзы хъалагъур
62Дыккаг бон — уый уыди сабат — алчертӕ ӕмӕ фарисейтӕ ӕрӕмбырд сты Пилатмӕ 63ӕмӕ йын загътой: «Не ’лдар, нӕ зӕрдыл ӕрлӕууыд, уыцы сайӕгой ма удӕгас куы уыди, уӕд афтӕ кӕй дзырдта: „Ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзынӕн“. 64Уӕдӕ ратт зӕппадз ӕртӕ боны хъахъхъӕныны бардзырд, цӕмӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ма бацӕуой, ма Йӕ адавой ӕмӕ адӕмӕн афтӕ ма зӕгъой: „Уый мӕрдтӕй райгас ис“. Уӕд фӕстаг сайд фыццагӕй фыддӕр уыдзӕн».
65Пилат сын загъта: «Мӕнӕ уын ӕфсӕддонтӕ, ацӕут ӕмӕ уӕ куыд фӕнды, афтӕ Йӕ хъахъхъӕнут». 66Уыдон ацыдысты ӕмӕ зӕппадзӕн йӕ разы хъахъхъӕнджытӕ сӕвӕрдтой, бахизӕны дурыл та — мыхуыр.

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in