Матфей 28
28
Чырыстийы райгас
1Сабат куы аивгъуыдта, уӕд, къуырийӕн йӕ фыццаг бон, магдалӕйаг Мариа ӕмӕ иннӕ Мариа сӕударӕй ӕрцыдысты зӕппадз бабӕрӕг кӕнынмӕ.#Мк 16:1; Лк 24:1; Ин 20:1.
2Ӕвиппайды зӕхх тынг нынкъуысти: Хуыцауы зӕд ӕрцыди уӕларвӕй, дур афӕлдӕхта ӕмӕ йыл ӕрбадти. 3Уый уыди арвӕрттывды ӕнгӕс, йӕ дарӕс — урс-урсид митау. 4Хъахъхъӕнджытӕ фыр тӕссӕй ныррызтысты ӕмӕ мардау фесты.
5Зӕд сылгоймӕгтӕн загъта: «Ма тӕрсут! Ӕз зонын, дзуарылтыгъд Йесойы кӕй агурут, уый.#Мк 16:6. 6Ам нӕй — райгас ис, куыд загъта, афтӕ. Ӕрбацӕут ӕмӕ фенут, кӕм ӕвӕрд уыди, уыцы бынат.#Мт 12:40; 16:21; 17:23. 7Цӕугӕут рӕвдздӕр ӕмӕ Йын Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн зӕгъут, мӕрдтӕй райгас ис, зӕгъгӕ. Уый уӕ разӕй цӕуы Галилеймӕ, ӕмӕ Йӕ уым фендзыстут. Уый уын мӕ зӕгъинаг».#Мт 26:32; Ин 21:1; 1 Кор 15:5.
8Сылгоймӕгтӕ ратындзыдтой зӕппадзы цурӕй ӕмӕ цинӕмхӕццӕ тасимӕ азгъордтой хабар ахуыргӕнинӕгтӕн фехъусын кӕнынмӕ.
9Фӕндагыл ӕвиппайды сӕ размӕ рацыди Йесо ӕмӕ сын загъта: «Цин кӕнут!» Уыдон Ӕм базгъордтой, сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой Йӕ разы ӕмӕ Йын ныттыхстысты Йӕ къӕхтыл.#Мк 16:9; Ин 20:14. 10Уӕд сын Йесо загъта: «Ма тӕрсут. Ацӕут, фехъусын кӕнут Ме ’фсымӕртӕн, цӕмӕй Галилеймӕ ацӕуой; уым Мӕ фендзысты».#Ин 20:17; Дзут 2:11.
Хъахъхъӕнджыты ныхӕстӕ
11Сылгоймӕгтӕ ма фӕндагыл уыдысты, афтӕ хъахъхъӕнджытӕй чидӕртӕ бахӕццӕ сты сахармӕ ӕмӕ, цы ӕрцыди, уыдӕттӕ алчертӕн радзырдтой. 12Уыдон ӕрӕмбырд сты адӕмы хистӕртимӕ ӕмӕ бауынаффӕ кодтой. Ӕфсӕддонтӕн бирӕ ӕхца радтой 13ӕмӕ сын бафӕдзӕхстой: «Зӕгъут афтӕ: „Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрцыдысты ӕмӕ Йӕ ӕхсӕвы, мах фынӕй куы уыдыстӕм, уӕд адавтой“.
14Кӕд уыцы хабар бӕстыхицаумӕ бахӕццӕ уа, уӕд ӕй мах ууыл баууӕндын кӕндзыстӕм ӕмӕ уӕ мастӕй бахиздзыстӕм».
15Уыдон райстой ӕхца ӕмӕ, куыд сын бацамыдтой, афтӕ бакодтой. Уыцы хабар иудейӕгты ӕхсӕн суанг абон дӕр хъуыстгонд у.
Йесойы фӕдзӕхст Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн
16Иуӕндӕс ахуыргӕнинаджы Галилеймӕ, Йесо цы хохмӕ загъта, уырдӕм ацыдысты 17ӕмӕ Йӕ куы федтой, уӕд Йӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой. Фӕлӕ дзы иуӕй-иутӕ уӕддӕр гуырысхо кодтой.
18Йесо сӕм ӕрбахӕстӕг ис ӕмӕ сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ дӕр Мӕнӕн лӕвӕрд сты.#Мт 11:27; Лк 1:32; Ин 3:35; 13:3. 19Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ скӕнут. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй. 20Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».#Хъуыд 4:31.
Currently Selected:
Матфей 28: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022

: