Марк 10
10
Ус ауадзыны тыххӕй
1Уырдыгӕй Йесо ацыд Иудейы зӕхмӕ ӕмӕ Иорданы фаллаг фарсмӕ ахызти. Адӕм та Йыл ногӕй ӕрӕмбырд сты, ӕмӕ та сын иннӕ хӕттытау амыдта.#Мт 19:3. 2Бацыдысты Йӕм фарисейтӕ ӕмӕ Йӕ бафӕлварыны охыл бафарстой: «Лӕгӕн йӕ усы ауадзын ӕмбӕлы?» 3Йесо сын дзуапп радта: «Моисей уын цы бафӕдзӕхста?» 4Уыдон загътой: «Моисей бар радта лӕгӕн йӕ усы ауадзын, ӕрмӕст ын ахицӕны гӕххӕтт ныффыссӕд».#Фӕл 24:1; Мт 5:31; Лк 16:18. 5Йесо сын загъта: «Моисей уын ахӕм фӕдзӕхст, хивӕнд кӕй стут, уый тыххӕй радта. 6Фӕлӕ райдианы Хуыцау „сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы“.#Райд 1:27; 5:2. 7„Уымӕ гӕсгӕ адӕймаг ныууадздзӕни йӕ фыд ӕмӕ йӕ мады,#1 Кор 6:16. 8баиу уыдзӕн йӕ усимӕ, ӕмӕ суыдзысты иу буар“. Афтӕмӕй уыдон уыдзысты дыууӕ нӕ, фӕлӕ иу буар.#Райд 2:24. 9Уӕдӕ Хуыцау цы баиу кодта, уый адӕймаг ма фӕхицӕн кӕнӕд».
10Хӕдзары та Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ногӕй бафарстой уый тыххӕй. 11Йесо сын загъта: «Йӕ усӕй чи ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕр ус чи ракура, уый хӕтгӕ кӕны ӕмӕ уымӕй йӕ фыццаг усы тӕригъӕды цӕуы. 12Сылгоймаг куы ахицӕн уа ӕмӕ ӕндӕрмӕ куы смой кӕна, уӕд уый дӕр хӕтгӕ кӕны».
Йесойы арфӕ сабитӕн
13Йесомӕ адӕм сӕ сывӕллӕтты хастой, цӕмӕй сыл андзӕва, фӕлӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ уагътой.#Мт 19:13; Лк 18:15. 14Йесо уый куы федта, уӕд смӕсты ис ӕмӕ сын загъта: «Уадз ӕмӕ Мӕм сабитӕ цӕуой, ма сӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ уыцы сывӕллӕтты хуызӕн чи у, Хуыцауы Паддзахад уыдоны у.#Мт 18:4; 1 Пет 2:2; 1 Кор 14:20. 15Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Хуыцауы Паддзахадыл сывӕллонау чи нӕ баууӕнда, уый йӕм нӕ бацӕудзӕн». 16Ӕмӕ сабиты Йӕ хъӕбысы ӕрбатыхта, Йӕ къухтӕ сыл авӕрдта ӕмӕ сын раарфӕ кодта.
Йесо ӕмӕ хъӕздыг лӕппу
17Йесо Йӕ фӕндагыл дарддӕр куы араст, уӕд ма Йӕм иу чидӕр ӕрбазгъордта. Йӕ разы йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ Йӕ бафарста: «Хорз Ахуыргӕнӕг, мыггагмӕйы цард райсынӕн цы саразон?»#Мт 19:16; Лк 18:18. 18Йесо йын дзуапп радта: «Цӕмӕн Мӕ хоныс хорз? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у. 19Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын зоныс: „Ма амар“, „Ма хӕт“, „Ма дав“, „Мӕнгӕвдисӕн ма ныллӕуу“, „Ма сай“, „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“».#Рац 20:12-16; Фӕл 5:16-20; Мт 5:21; Лк 18:20. 20Уый Йесойӕн загъта: «Ахуыргӕнӕг, ӕппӕт уыдӕттӕ ме ’взонджы бонтӕй ӕххӕст кӕнын». 21Йесо йӕм бакасти, Йӕ зӕрдӕйӕн фӕадджын ис, ӕмӕ йын загъта: «Иу хъуыддаг ма дын нӕ фаг кӕны: ацу ӕмӕ дӕм цыдӕриддӕр ис, уый ауӕй кӕн, де ’хца мӕгуыртыл байуар, ӕмӕ дын уӕлӕрвты уыдзӕни хӕзна. Стӕй-иу раздӕх ӕмӕ цу Мӕ фӕдыл». 22Уыцы ныхӕстӕ фехъусгӕйӕ, уый хорзау нал фӕци ӕмӕ ӕнкъардӕй ацыд, уымӕн ӕмӕ йӕм бирӕ мулк уыди.
23Йесо йӕ алыварс акаст ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕвӕдза, куыд зын у бонджынтӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын!»#Йак 2:5; 1 Тим 6:17. 24Йӕ ныхӕстӕ ахуыргӕнинӕгты дисы бафтыдтой. Фӕлӕ сын Йесо ногӕй загъта: «Мӕ хъӕбултӕ, ӕвӕдза, [мулкӕй ныфс кӕй ис, уымӕн] куыд зын у Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын! 25Хъӕздыгӕн Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуынӕй теуайӕн судзины быныл ахизын ӕнцондӕр у». 26Ахуыргӕнинӕгтӕм уый тынг диссаг фӕкаст, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Уӕдӕ чи фервӕздзӕн?» 27Йесо сӕм бакаст ӕмӕ загъта: «Уый адӕймаджы бон нӕу, фӕлӕ Хуыцауӕн бантысдзӕн, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕн алцыдӕр у Йӕ бон».
28Уӕд Ын Петр райдыдта дзурын: «Мӕнӕ мах ныууагътам ӕппӕт дӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл».#Мт 19:27; Лк 18:28. 29Йесо сын дзуапп радта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Мӕ сӕраппонд ӕмӕ Фарны Уацы сӕраппонд йӕ хӕдзар, йе ’фсымӕрты, йӕ хоты, йӕ мад, йӕ фыды, [йӕ усы] йӕ сывӕллӕтты кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, уыдонӕй иу дӕр ахӕм нӕй, 30ӕмӕ, кӕд ӕфхӕрд ӕййафдзӕн, уӕддӕр ныридӕгӕн, ацы заманы, фондзыссӕдз хатты фылдӕр чи нӕ райса хӕдзӕрттӕ, ӕфсымӕртӕ, хотӕ, мадӕлтӕ, сывӕллӕттӕ ӕмӕ зӕххытӕ, фидӕны та — мыггагмӕйы цард. 31Фӕлӕ фыццӕгтӕй бирӕтӕ уыдзысты фӕстӕгтӕ, фӕстӕгтӕй та — фыццӕгтӕ».
Йесо ӕртыккаг хатт дзуры Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй
32Йесо ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ сӕ фӕндаг дардтой Йерусалиммӕ. Йесо цыди разӕй, ӕмӕ Йыл Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дис кодтой, Йӕ фӕдыл цӕуӕг адӕмы та тас бацыди. Йесо фӕхибар кодта дыууадӕсы ӕмӕ сын ногӕй райдыдта дзурын, цы Йыл ӕрцӕудзӕн, уый тыххӕй: 33«Ныр мах цӕуӕм Йерусалиммӕ, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕм, ӕмӕ Йын уыдон марыны тӕрхон рахӕсдзысты, стӕй Йӕ муртаттӕгты къухтӕм ратдзысты.#Мт 20:18; Лк 18:31. 34Уыдон Ын алы ӕфхӕрӕн митӕ кӕндзысты, ехсӕй Йӕ нӕмдзысты, тутӕ Йыл кӕндзысты ӕмӕ Йӕ амардзысты. Фӕлӕ ӕртӕ боны фӕстӕ райгас уыдзӕн».
Йаков ӕмӕ Иоанны курдиат
35Йесомӕ бацыдысты Зеведейы фырттӕ Йаков ӕмӕ Иоанн ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, фӕнды нӕ, цӕмӕй нын нӕ курдиат сӕххӕст кӕнай». 36Йесо сӕ бафарста: «Зӕгъут-ма, цы уӕ хъӕуы, цы уын саразон?» 37Уыдон Ын дзуапп радтой: «Дӕ кады афон куы ралӕууа, уӕд нӕ иуы сбадын кӕн Дӕ рахизфарс, иннӕйы та — Дӕ галиуфарс». 38Йесо сын загъта: «Цы курут, уый уӕхӕдӕг дӕр не ’мбарут. Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуазын, уый бануазын кӕнӕ, Ӕз Мӕхимӕ кӕй исын, ахӕм аргъуыд райсын уӕ бон бауыдзӕн?» 39Уыдон Ын дзуапп радтой: «Бауыдзӕн». Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Ӕз цы хъизӕмӕртты кӕхцӕй нуазын, уымӕй нуаздзыстут ӕмӕ уыл саргъуыдӕуыдзӕн, Ӕз кӕй райсдзынӕн, ахӕм аргъуыдӕй. 40Мӕ рахизфарс ӕмӕ Мӕ галиуфарс чи ӕрбаддзӕн, уый та Мӕнӕй аразгӕ нӕу — уыцы бынӕттӕ кӕмӕн ӕрцӕттӕ чындӕуыд, уыдон дзы сбаддзысты».
41Иннӕ дӕс ахуыргӕнинаджы уый куы фехъуыстой, уӕд Йаков ӕмӕ Иоаннмӕ смӕсты сты.#Мт 20:24; Лк 22:24. 42Йесо фӕдзырдта се ’ппӕтмӕ дӕр ӕмӕ сын загъта: «Сымах зонут, ӕлдӕрттӕ кӕй хонынц, уыдон адӕмтыл хицауиуӕг кӕй кӕнынц ӕмӕ хицӕуттӕн адӕмтыл сӕ бар кӕй цӕуы, уый. 43Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд. Уӕлдӕр уӕвын уӕ кӕй фӕнды, уый иннӕтӕн уӕд лӕггадгӕнӕг; 44фыццаг уӕвын уӕ кӕй фӕнды, уый уе ’ппӕтӕн дӕр уӕд цагъар. 45Адӕймаджы Фырт дӕр уый тыххӕй не ’рцыд, ӕмӕ Йын лӕггад кӕной. Уый ӕрцыди, цӕмӕй Йӕхӕдӕг балӕггад кӕна ӕмӕ бирӕты сӕрибары сӕраппонд ратта Йӕ цард».#Ин 13:15; 1 Пет 5:3; Флп 2:7.
Куырм Вартимей цӕстӕй куыд ракаст
46Ӕрхӕццӕ сты Йерихонмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ бирӕ адӕмимӕ уырдыгӕй куы рацӕйцыди, уӕд иу куырм лӕг, мӕгуыргур Вартимей, Тимейы фырт, бадти фӕндаггӕрон.#Мт 20:29. 47Йӕ рӕзты Назаретаг Йесо фӕцӕуы, уый куы фехъуыста, уӕд хъӕр систа: «Йесо, Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!» 48Бирӕтӕ архайдтой, цӕмӕй ныхъхъус уа, ууыл, фӕлӕ уый ноджы тынгдӕр хъӕр кодта: «Давиды Фырт, батӕригъӕд мын кӕн!» 49Йесо ӕрлӕууыд ӕмӕ загъта: «Фӕдзурут ӕм». Куырм лӕгмӕ фӕдзырдтой ӕмӕ йын загътой: «Ма тӕрс, сыст, дзуры дӕм!» 50Уый йӕ пӕлӕз феппӕрста, фӕгӕпп кодта ӕмӕ Йесомӕ базгъордта. 51Йесо йӕ бафарста: «Цы дӕ фӕнды? Цӕмӕй дын баххуыс кӕнон?» Куырм Ын дзуапп радта: «Раввуни, мӕн фӕнды, цӕмӕй мӕ цӕстытӕй ракӕсон». 52Йесо йын загъта: «Ацу, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта». Куырм уыцы сахат цӕстӕй ракаст ӕмӕ Йесойы фӕдыл ацыди.
Currently Selected:
Марк 10: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022