YouVersion Logo
Search Icon

Марк 5

5
Хӕйрӕджджын сдзӕбӕх
1Бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Герасины бӕстӕм.#Мт 8:28; Лк 8:26. 2Йесо куыддӕр бӕлӕгъӕй рахызт, афтӕ уӕлмӕрдтӕй Йӕ размӕ рацыди хӕйрӕджджын лӕг. 3Уый царди зӕппӕдзты, ӕмӕ йӕ суанг рӕхыстӕй сбӕттын дӕр ничи фӕрӕзта, 4уымӕн ӕмӕ-иу ыл бирӕ хӕттыты хъадамантӕ бакодтой ӕмӕ-иу ӕй рӕхыстӕй сбастой, фӕлӕ-иу уый арӕдывта йӕ рӕхыстӕ ӕмӕ-иу йӕ хъадамантӕ ныссаста. Йӕ басӕттыны хъару никӕмӕ уыди. 5Иудадзыг, ӕхсӕвӕй-бонӕй, йӕ хъӕрахст цыди зӕппӕдзтӕ ӕмӕ хӕхтӕй, йӕхи дуртыл хоста.
6Йесойы дардмӕ куы ауыдта, уӕд Ӕм ӕрбазгъордта, Йӕ разы ныддӕлгом ис зӕххыл 7ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Цы Дӕ хъӕуы мӕнӕй, Йесо, Иууылбӕрзонд Хуыцауы Фырт? Хуыцауы хатырӕй, хъизӕмарӕй мӕ ма мар!» 8Афтӕ та уымӕн дзырдта, ӕмӕ йын Йесо загъта: «Ӕнӕзӕгъинаг, ныууадз ацы лӕджы». 9Йесо йӕ бафарста: «Дӕ ном куыд у?» Уый Йын загъта: «Мӕ ном — легион, уымӕн ӕмӕ мах бирӕ стӕм». 10Ӕмӕ лӕгъстӕ кодта Йесойӕн, цӕмӕй сӕ уыцы бӕстӕй ма фӕсура.
11Уым къуылдымыл хызти хуыты стыр дзуг, 12ӕмӕ дӕлимонтӕ Йесойӕн лӕгъстӕ кодтой, хуытӕм нӕ барвит ӕмӕ сӕ мидӕг бацӕуӕм, зӕгъгӕ. 13Йесо сын бар радта. Ӕнӕзӕгъинӕгтӕ фӕуагътой лӕджы ӕмӕ хуыты фӕмидӕг сты. Уыйадыл дзуг (уыдаид дзы иу-дыууӕ мины бӕрц) къардиуӕй денджызмӕ йӕхи фехста ӕмӕ фӕдӕлдон ис. 14Хуыгӕстӕ азгъордтой ӕмӕ хабар сахар ӕмӕ йӕ алфамбылай хъӕутыл айхъуысын кодтой. Ӕмӕ адӕм, цы ӕрцыди, уый фенынмӕ рацыдысты. 15Йесойы размӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд кӕсынц, ӕмӕ, дӕлимонты легион кӕй мидӕг уыди, уыцы лӕг бады, йӕ дарӕс — йӕ уӕлӕ, йӕ зонд — йӕхимӕ, афтӕмӕй. Ӕмӕ старстысты. 16Хъуыддаг йӕхи цӕстӕй чи федта, уыдон сын хӕйрӕджджын ӕмӕ хуыты хабар ракодтой. 17Уӕд ӕрхатыдысты Йесомӕ, цӕмӕй сӕ зӕххӕй ацӕуа.
18Йесо бӕлӕгъмӕ куы бацӕйхызт, уӕд Ӕм, дӕлимонты ахӕстӕй кӕй фервӕзын кодта, уыцы лӕг ныххатыди, Демӕ мӕ ауадз, зӕгъгӕ. 19Фӕлӕ Йесо не сразы ис ӕмӕ йын загъта: «Ацу хӕдзармӕ, дӕ бинонтӕм. Радзур сын, Дунедарӕг дын цы сарӕзта ӕмӕ дын куыд батӕригъӕд кодта, уый». 20Уый ацыд ӕмӕ Дӕссахарыл айхъуысын кодта, Йесо йын цы сарӕзта, уый. Ӕмӕ иууылдӕр стыр дисы бафтыдысты.
Чызг райгас, сылгоймаг адзӕбӕх
21Йесо бӕлӕгъы фӕстӕмӕ денджызы иннӕ фарсмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд Йӕ алыварс ӕрбамбырд ис бирӕ адӕм. Денджызы был ма уыди, 22афтӕ Йӕм ӕрбацыди синагогӕйы хицӕуттӕй иу, Иаир, зӕгъгӕ. Йесойы куы федта, уӕд Ын Йӕ къӕхтӕм йӕхи ӕрӕппӕрста 23ӕмӕ Йын балӕгъстӕ кодта: «Мӕ чызг мӕлгӕ кӕны; ӕрцу ӕмӕ йыл Дӕ къухтӕ авӕр, цӕмӕй сдзӕбӕх уа ӕмӕ цӕра». 24Йесо араст ис йемӕ. Йӕ фӕдыл цыди бирӕ адӕм ӕмӕ Йӕ алырдыгӕй уынгӕг кодтой.
25Иу сылгоймагӕн дыууадӕс азы йӕ туг цӕуынӕй не ’нцади.#Мт 9:20. 26Бирӕ дохтыртӕ йын бирӕ хъизӕмар бавзарын кодтой, цыдӕриддӕр ӕм уыди, уый бахардз кодта, фӕлӕ, фыддӕр уавӕрмӕ цы ӕрцыд, уый йеддӕмӕ йын ӕххуыс ницы фесты. 27Йесойы кой куы фехъуыста, уӕд Ӕм адӕмы ӕхсӕнты фӕстӕрдыгӕй бацыд ӕмӕ Йын Йӕ дарӕсыл андзӕвыд, 28уымӕн ӕмӕ хинымӕр дзырдта: «Ӕрмӕст Йӕ дарӕсыл Ын куы андзӕвон, уӕд дӕр сдзӕбӕх уыдзынӕн». 29Туг уайтагъд йӕ цӕуынӕй банцад, ӕмӕ сылгоймаг банкъардта, йӕ низӕй кӕй фервӕзти, уый.
30Уыцы уысм Йесо, тых Дзы кӕй рацыди, уый банкъардта, адӕммӕ разылд ӕмӕ бафарста: «Чи Мын андзӕвыд Мӕ дарӕсыл?»#Лк 8:45. 31Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын дзуапп радтой: «Адӕм Дӕ алырдыгӕй куыд ӕлхъивынц, уый уыныс, уӕддӕр ма фӕрсыс, чи Мыл андзӕвыди, зӕгъгӕ». 32Фӕлӕ Йесо, чи Йыл андзӕвыд, уыцы сылгоймаджы адӕмы ’хсӕн цӕстӕй агуырдта. 33Сылгоймаг, цы йыл ӕрцыди, уый зонгӕйӕ, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыди Йесомӕ, Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрхауди ӕмӕ Йын алцы дӕр, куыд уыди, афтӕ радзырдта. 34Уӕд ын Йесо загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ ӕмӕ ӕнӕниз у».
35Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ синагогӕйы хицаумӕ ӕрбацыдысты йӕ хӕдзарӕй ӕмӕ йын загътой: «Дӕ чызг амард. Ахуыргӕнӕджы ма цы фӕлмӕцын кӕныс?»#Лк 8:49. 36Фӕлӕ Йесо уыцы ныхӕстӕ куы фехъуыста, уӕд синагогӕйы хицауӕн загъта: «Ма тӕрс, ӕрмӕст ӕууӕнд». 37Ӕмӕ Йемӕ ацӕуын никӕй бауагъта, Петр, Йаков ӕмӕ Йаковы ӕфсымӕр Иоанны йеддӕмӕ.
38Синагогӕйы хицауы хӕдзармӕ бацыдысты. Йесо дзы баййӕфта бирӕ адӕмы, кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕйӕ. 39Бацыди ӕмӕ сын загъта: «Цы маст кӕнут, цӕуыл кӕут? Сывӕллон мард нӕу, фынӕй кӕны». 40Ӕмӕ Йыл худтысты. Фӕлӕ Йесо се ’ппӕты дӕр ӕддӕмӕ рарвыста, Йӕхӕдӕг чызджы фыд, мад ӕмӕ Йе ’мбӕлццӕттимӕ сывӕллоны уатмӕ бацыди. 41Йӕ къухыл ын ныххӕцыд ӕмӕ йын загъта: «Талита, кум», ома: «Чызг, дӕумӕ дзурын, сыст». 42Ӕмӕ чызг — цыдаид ыл иу дыууадӕс азы — уайтагъд фестад ӕмӕ йӕ къӕхтыл алӕууыд. Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр стыр дисы бафтыдысты. 43Йесо сын тынг ныффӕдзӕхста, ацы хабар мачи базонӕд, зӕгъгӕ. Стӕй ма сын загъта, цӕмӕй чызгӕн исты бахӕрын кӕной.

Currently Selected:

Марк 5: ИрББЛ2022

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in