YouVersion Logo
Search Icon

Марк 6

6
Назареты синагогӕйы
1Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уырдыгӕй рацыд ӕмӕ Йӕ сахармӕ ӕрбацыди.#Мт 13:54; Лк 4:16. 2Сабат куы ралӕууыд, уӕд синагогӕйы амонын райдыдта. Бирӕ адӕм Ӕм хъуыста, ӕмӕ иууылдӕр дисгӕнгӕ дзырдтой: «Ӕппӕт уыдӕттӕ кӕцӕй зоны? Уагӕры Йын цавӕр уӕлзонд рардӕуыди? Куыд у Йӕ бон ахӕм диссӕгтӕ аразын?#Мт 7:28; Мк 1:27. 3Хъӕддӕсны нӕу, мыййаг, Мариайы фырт? Йаков, Йосеф, Иудӕ ӕмӕ Симоны ӕфсымӕр нӕу? Йӕ хотӕ дӕр ам, не ’хсӕн, не сты, ӕви?» Ӕмӕ Йыл сӕхи атигъ кодтой.#Лк 4:22; Ин 6:42.
4Йесо сын загъта: «Пехуымпар йӕ фыдыбӕстӕ, йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ йӕ хӕдзарӕй дарддӕр ӕгад никуы вӕййы».#Мт 13:57; Лк 4:24; Ин 4:44. 5Ӕмӕ уым Йӕ бон иу диссаг саразын дӕр нӕ уыд; ӕрмӕст цалдӕр рынчыныл Йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кодта. 6Диссаг Ӕм каст, кӕй ницы сӕ уырны, уый.
Йесо зылди хӕстӕг хъӕутыл ӕмӕ ахуыр кодта адӕмы.#Мт 9:35.
Йесо Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы ӕрвиты пехуымпариуӕг кӕнынмӕ
7Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сӕ дыгӕйттӕй адӕмы ахуыр кӕнынмӕ ӕрвитын райдыдта, ӕнӕзӕгъинӕгты сурыны тых сын радта#Мт 10:1; Лк 9:1. 8ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Лӕдзӕгӕй дарддӕр мацы райсут уемӕ фӕндагмӕ — нӕдӕр хойраг, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр ӕхца уӕ роны. 9Уӕ къахыл хуымӕтӕг дзабыртӕ скӕнут, фӕстауӕрцӕн дарӕс ма райсут уемӕ». 10Загъта ма сын: «Цы хӕдзары-иу ӕрфысым кӕнат, уым-иу баззайут, цалынмӕ уыцы сахарӕй нӕ рацӕуат, уӕдмӕ. 11Кӕм уӕ не суазӕг кӕной ӕмӕ уӕм кӕм нӕ байхъусой, уырдыгӕй-иу куы рацӕйцӕуат, уӕд та-иу уӕ къӕхты рыг ацӕгъдут — азымджын кӕй сты, уый ӕвдисӕнӕн».#Мт 10:14; Лк 9:5; Хъуыд 13:51; 18:6.
12Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ адӕммӕ сидтысты, цӕмӕй сӕ тӕригъӕдтыл ӕрфӕсмон кӕной. 13Бирӕ дӕлимонтӕ-иу расырдтой, бирӕ рынчынты оливӕйы сойӕ сӕрстой ӕмӕ сӕ дзӕбӕх кодтой.#Йак 5:14.
Аргъауӕг Иоанны мӕлӕт
14Уыцы хабӕрттӕ паддзах Ироды хъустыл дӕр ӕрцыдысты, уымӕн ӕмӕ алы ран дӕр Йесойы кой кодтой. Иутӕ дзырдтой: «Уый Аргъауӕг Иоанн мӕрдтӕй растад ӕмӕ ахӕм диссӕгтӕ дӕр уымӕн аразы».#Мт 14:1; Лк 9:7. 15Иннӕтӕ дзырдтой: «Уый Илийа у»; аннӕтӕ та: «Уый пехуымпар у, рагзаманы пехуымпарты хуызӕн». 16Фӕлӕ Ирод, уыдӕттӕ хъусгӕйӕ, загъта: «Уый, ӕз йӕ сӕр кӕмӕн акъуырдтон, уыцы Иоанн райгас ис».
17Хабар та уыдис афтӕ: Ирод ӕрцахсын кодта Иоанны ӕмӕ йӕ Иродиадӕйы тыххӕй ахӕстоны бакодта. Уый уыдис йе ’фсымӕр Филиппы ус, ӕмӕ йӕ Ирод ракуырдта. 18Иоанн та йын дзырдта: «Де ’фсымӕры усимӕ дын не ’мбӕлы цӕрын». 19Иродиадӕ йӕм уый тыххӕй мӕсты кодта, йӕ амарынмӕ бӕллыд, фӕлӕ йӕ бон ницы уыди. 20Уымӕн ӕмӕ Ирод тарстис Иоаннӕй; раст ӕмӕ сыгъдӕг адӕймаг кӕй у, уый зыдта ӕмӕ йыл йӕ арм дардта. Кӕд-иу Иоанны ныхӕстӕй фӕкъӕмдзӕстыг ис, уӕддӕр ӕм хъуыста ӕхсызгонӕй.#Мт 21:26.
21Иродиадӕйӕн фадат фӕзынди Ироды гуырӕнбоны. Ирод куывд скодта ӕмӕ йе ’лдӕрттӕ, ӕфсӕддон хицӕуттӕ ӕмӕ Галилейы уӕздӕтты фӕхуыдта. 22Иродиадӕйы чызг сӕм бацыд ӕмӕ сын кафыди. Ирод ӕмӕ уазджыты зӕрдӕмӕ йӕ кафт афтӕ тынг фӕцыдис, ӕмӕ йын паддзах загъта: «Цы дӕ хъӕуы, уый зӕгъ, ӕмӕ дын ӕй ратдзынӕн». 23Сомы дӕр ма йын ракодта: «Цыдӕриддӕр мӕ ракурай — мӕ паддзахады ӕмбис дӕр дын ратдзынӕн». 24Чызг рацыд ӕмӕ йӕ мады бафарста: «Цы ракурон?» Уый йын загъта: «Аргъауӕг Иоанны сӕр». 25Чызг уайтагъд фӕстӕмӕ фездӕхт ӕмӕ паддзахӕн загъта: «Гъертӕккӕ мын Аргъауӕг Иоанны сӕр тӕбӕгъыл мӕ разы авӕр». 26Паддзах фенкъард ис, фӕлӕ уазджыты раз сомы кӕй ракодта, уымӕ гӕсгӕ чызгӕн «нӕ» зӕгъын нал сфӕрӕзта. 27Уайтагъд йӕ хъахъхъӕнджытӕй иуы Иоанны сӕр ӕрбахӕссынмӕ арвыста. 28Хъахъхъӕнӕг ацыд, ахӕстоны Иоаннӕн йӕ сӕр акъуырдта ӕмӕ йӕ тӕбӕгъыл чызгӕн ӕрбахаста, уый та йӕ радта йӕ мадмӕ. 29Иоанны ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы фехъуыстой, уӕд ӕрбацыдысты, йӕ мард ын ахастой ӕмӕ йӕ зӕппадзы бавӕрдтой.
Йесо фондз мин лӕджы куыд бафсӕста
30Апостолтӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ Йесойӕн, цы сарӕзтой ӕмӕ адӕмы цӕуыл сахуыр кодтой, ӕппӕт уыдӕттӕ радзырдтой.#Лк 9:10. 31Йесо сын загъта: «Хибар ранмӕ ацӕут ӕмӕ иу чысыл уӕ фӕллад суадзут». Уымӕн ӕмӕ ӕрцӕуӕг ӕмӕ фӕстӕмӕ здӕхӕг адӕм уый бӕрц уыдысты, ӕмӕ сӕ хӕрынмӕ дӕр не ’вдӕлди.
32Йесо ӕмӕ апостолтӕ бӕлӕгъы иунӕгӕй хибар ранмӕ араст сты.#Мт 14:13; Лк 9:10. 33Фӕлӕ сӕ уӕддӕр уынӕг фӕци, ӕмӕ сӕ бирӕтӕ базыдтой. Уыйадыл ӕппӕт сахартӕй адӕм фистӕгӕй атындзыдтой ӕмӕ сӕ разӕй фесты. 34Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты ӕнӕфыййау фыстау. Ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын райдыдта.#Мт 9:36.
35Бонӕй бирӕ нал уыди, афтӕ Йесомӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Ам фӕсвӕд ран у, бон та фӕивгъуыйы. 36Ауадз адӕмы, цӕмӕй хӕстӕг хъӕутӕм ацӕуой ӕмӕ сӕхицӕн исты хӕринаг балхӕной». 37Йесо сын дзуапп радта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Уыдон Ын загътой: «Уӕд та мах ацӕуиккам ӕмӕ ацы адӕмы бафсадынӕн иу-дыууӕсӕдӕ динары аргъ дзул балхӕниккам?» 38Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис? Ацӕут ӕмӕ фенут». Уыдон сӕ федтой ӕмӕ Йын загътой: «Фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы».#Мт 14:17; Лк 9:13; Ин 6:9. 39Уӕд сын бафӕдзӕхста, адӕмы иууылдӕр цъӕх кӕрдӕгыл къордгай ӕрбадын кӕнут, зӕгъгӕ. 40Адӕм рӕнхъгай ӕрбадтысты, иу къорды — фондзыссӕдз кӕнӕ дӕс ӕмӕ дыууиссӕдз адӕймаджы. 41Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, арвмӕ скасти, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, дзултӕ ӕрсаста ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ адӕмыл байуарой. Афтӕ дыууӕ кӕсаджы дӕр се ’ппӕтыл дӕр байуӕрста. 42Иууылдӕр бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. 43Дзул ӕмӕ кӕсӕгтӕй ма цы баззади, уыдон куы ӕрӕмбырд кодтой, уӕд уыдысты дыууадӕс чыргъӕды йедзагӕй. 44Хӕргӕ чи кодта, уыдоны ӕхсӕн ӕрмӕст нӕлгоймӕгтӕ уыди фондз мины бӕрц.
Йесо къахӕй цӕуы денджызы сӕрты
45Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгты бӕлӕгъы сбадын кодта ӕмӕ сӕ арвыста денджызы иннӕ фарсмӕ, Вифсаидӕмӕ, Йӕхӕдӕг та уал уым баззади, цалынмӕ адӕмы ауадза, уӕдмӕ. 46Куы сӕ ауагъта, уӕд хохмӕ ссыди скувынмӕ.#Мт 14:23. 47Изӕрдалынгты бӕлӕгъ бахӕццӕ ис денджызы астӕумӕ, Йесо та иунӕгӕй уыди доны былыл.#Ин 6:16. 48Ӕмӕ федта, ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хъару кӕй басасти, уый, уымӕн ӕмӕ дымгӕ дымдта сӕ ныхмӕ. Нӕма ӕрбабон ис, афтӕ сӕм Йесо денджызыл бацыди къахӕй, ӕмӕ хъавыди сӕ иувӕрсты аивгъуыйын. 49Уыдон Ӕй денджызыл цӕугӕ куы федтой, уӕд Дзы ӕндӕрг фенхъӕлдтой ӕмӕ хъӕр систой. 50Уымӕн ӕмӕ Йӕ се ’ппӕт дӕр федтой ӕмӕ фӕтарстысты. Фӕлӕ сӕм Йесо сдзырдта: «Фидар фӕлӕуут, уый Ӕз дӕн! Ма тӕрсут». 51Бӕлӕгъмӕ сӕм бахызти, ӕмӕ дымгӕ банцади. Уыдон стыр дисы бафтыдысты, 52уымӕн ӕмӕ дзулты диссаг дӕр нӕ бамбӕрстой — сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты.#Мк 8:18.
Йесо Геннисареты рынчынты сдзӕбӕх кодта
53Бахӕццӕ сты денджызы иннӕ фарсмӕ, Геннисаретмӕ, ӕмӕ былгӕрон ӕрлӕууыдысты.#Мт 14:34. 54Бӕлӕгъӕй куы рахызтысты, уӕд адӕм Йесойы уайтагъд базыдтой 55ӕмӕ Йын Йӕ кой бӕстӕйы алы рӕтты айхъуысын кодтой. Йесо уым ис, зӕгъгӕ-иу, цы бынатӕй загътой, уырдӕм Ӕм рынчынты скъӕфтой хуыссӕнтыл. 56Кӕдӕмфӕнды ма бацыдаид Йесо, хъӕутӕм кӕнӕ сахартӕм, рынчынты-иу фӕзты ӕрӕвӕрдтой ӕмӕ куырдтой, цӕмӕй сӕ уӕд та Йӕ пӕлӕзы хаутыл андзӕвын бауадза. Ӕмӕ-иу Йесойыл чидӕриддӕр андзӕвыд, уый-иу сдзӕбӕх ис.

Currently Selected:

Марк 6: ИрББЛ2022

Highlight

Share

Copy

None

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in