Марк 8
8
Цыппар мин лӕджы бафсадыны хабар
1Иу рӕстӕджы ногӕй бирӕ адӕм куы ӕрӕмбырд ис ӕмӕ та, цы бахӕрой, уый сын куы нӕ уыд, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта:#Мт 15:32. 2«Ацы адӕм ныр ӕртӕ боны дӕргъы Мемӕ сты, ӕмӕ сӕм хӕринаг ницы ис. Тӕригъӕд сты афтӕмӕй. 3Сӕ хӕдзӕрттӕм сӕ ӕххормагӕй куы ауадзон, уӕд фӕндагыл бастайдзысты, уымӕн ӕмӕ дзы бирӕтӕ дардӕй ӕрбацыдысты». 4Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йын загътой: «Ацы ӕдзӕрӕг ран сӕ бафсадыны фаг дзул чи самал кӕндзӕн?» 5Йесо сӕ бафарста: «Цал дзулы уӕм ис?» Уыдон Ын загътой: «Авд». 6Уӕд Йесо адӕмы ӕрбадын кодта зӕххыл, райста авд дзулы, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, ӕрсаста сӕ ӕмӕ сӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, цӕмӕй сӕ адӕмыл байуарой. Уыдон сӕ байуӕрстой. 7Уыди ма сӕм цалдӕр гыццыл кӕсаджы дӕр. Йесо Хуыцауӕн раарфӕ кодта, ӕмӕ та уыдон дӕр байуӕрстой. 8Адӕм бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Хӕрды уӕлдӕйттӕй байдзаг ис авд чыргъӕды. 9Хӕргӕ чи кодта, уыдон та уыдысты цыппар мины бӕрц. Йесо сӕ афӕндараст кодта, 10стӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ уайтагъд бӕлӕгъмӕ бахызти ӕмӕ Далмануфы зӕхмӕ абалц кодта.#Мт 15:39.
Фарисейты домӕн
11Ӕрбацыдысты фарисейтӕ ӕмӕ Йемӕ быцӕу кӕнын райдыдтой. Йӕ бафӕлварыны тыххӕй Дзы домдтой, уӕларвӕй нын ӕвдисӕйнаг равдис, зӕгъгӕ. 12Йесо арф ныуулӕфыдис ӕмӕ загъта: «Ацы фӕлтӕр ӕвдисӕйнаг цӕмӕн домы? Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр ницы ӕвдисӕйнаг фендзӕни». 13Уыйадыл сӕ ныууагъта, фӕстӕмӕ бӕлӕгъмӕ бахызт ӕмӕ араст ис денджызы иннӕ фарсмӕ.
Мӕнгахуырӕдтӕй хи хъахъхъӕнын
14Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй семӕ хӕринаг райсын айрох ис; бӕлӕгъы сӕм иу дзул йеддӕмӕ ницы уыд. 15Йесо та сын фӕдзӕхста: «Хъусут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты, стӕй Ироды ӕнхъизӕнӕй».#Мт 16:6; Лк 12:1. 16Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой, дзул нӕм кӕй нӕй, уый кой кӕны, зӕгъгӕ. 17Йесо сӕ бамбӕрста ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн дзурут, дзул уӕм кӕй нӕй, уый тыххӕй? Ау, нырмӕ дӕр ӕй нӕма зонут ӕмӕ не ’мбарут? Нырмӕ дӕр уӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд сты? 18Цӕстытӕ уыл куы ис, уӕд нӕ уынут? Хъустӕ уыл куы ис, уӕд нӕ хъусут? Уӕ зӕрдыл нал лӕууы, ӕви:#Мк 6:38; Ин 6:9. 19Ӕз фондз дзулы фондз мин лӕгыл куы байуӕрстон, уӕд ма уӕлдӕйттӕй цал чыргъӕды байдзаг кодтат?» Загътой Йын: «Дыууадӕс». 20«Цыппар мин лӕгыл авд дзулы куы байуӕрстон, уӕд та уӕлдӕйттӕй цал чыргъӕды байдзаг кодтат?» Дзуапп Ын радтой: «Авд». 21Уӕд сын загъта: «Ау, ныр дӕр ма йӕ не ’мбарут?»
Вифсаидӕйаг куырм цӕстӕй ракасти
22Бахӕццӕ сты Вифсаидӕмӕ. Йесомӕ ӕрбакодтой иу куырмы ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй йыл андзӕва. 23Йесо ныххӕцыди куырмы къухыл, ракодта йӕ хъӕуӕй, йӕ цӕстытыл ын батутӕ кодта, Йӕ къухтӕ йыл авӕрдта ӕмӕ йӕ, исты уыны ӕви нӕ, уымӕй бафарста. 24Уый акаст ӕмӕ загъта: «Уынын адӕмы, цыма бӕлӕстӕ змӕлынц, уыйау». 25Уӕд та йын дыккаг хатт йӕ цӕстытыл авӕрдта Йӕ къухтӕ, куырм та ногӕй акаст ӕмӕ уыйадыл адзӕбӕх ис, хорз уынын райдыдта. 26Йесо йӕ арвыста йӕ хӕдзармӕ ӕмӕ йын ныффӕдзӕхста: «Хъӕумӕ ма бацу [ӕмӕ ацы хабар хъӕуы макӕмӕн радзур]».
Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕстӕй суыдтой
27Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ фӕцӕйцыди Филиппы бӕстӕм, Кесарийы алфамбылай хъӕутӕм. Ӕмӕ сӕ фӕндагыл бафарста: «Цы дзурынц адӕм Мӕн тыххӕй? Кӕуыл Мӕ нымайынц?»#Мт 16:13; Лк 9:18. 28Уыдон Ын загътой: «Иутӕ — Аргъауӕг Иоанныл, иннӕтӕ — Илийайыл, аннӕтӕ та — пехуымпартӕй иуыл». 29Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ кӕуыл нымайут?» Петр Ын дзуапп радта: «Ды Чырысти дӕ».#Ин 6:69. 30Уӕд сын ныффӕдзӕхста, Мӕн тыххӕй макӕмӕн дзурут, зӕгъгӕ.
Йесойы ныхас Йӕ мӕлӕт ӕмӕ Йӕ райгасы тыххӕй
31Ӕмӕ сын райдыдта ӕмбарын кӕнын: Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ бавзара, адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ динамонджытӕй ӕфхӕрд райса, стӕй йӕ амарой ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уа.#Мк 9:31; 10:33; Лк 9:22. 32Уыдӕттӕ сын дзырдта ӕргомӕй. Уӕд Ӕй Петр иуварс акодта ӕмӕ Йын уайдзӕфтӕ кӕнын райдыдта. 33Йесо разылди, бакаст Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ Петрӕн тызмӕгӕй загъта: «Фесӕф Мӕ цурӕй, сайтан! Дӕ хъуыдытӕ, Хуыцауы фӕндон цы у, ууыл нӕ, фӕлӕ адӕймаджы фӕндоныл сты».
Йесойы ахуыргӕнинаг уӕвын цы нысан кӕны?
34Йесо фӕдзырдта адӕммӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, ӕмӕ сын загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл.#Мт 10:38; 16:24; Лк 9:23; 14:27. 35Уымӕн ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕн; йӕ цард Мӕ сӕраппонд ӕмӕ Фарны Уацы сӕраппонд чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн. 36Адӕймаг дуне ӕгасӕй дӕр йӕхи куы бакӕна, йӕ уд та куы фесафа, уӕд ын уый цы пайда у? 37Кӕнӕ, йӕ уд цӕмӕй балхӕна, ахӕмӕй йӕм цы разындзӕнис? 38Ацы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын фӕлтӕры раз, Мӕн кӕй зоны ӕмӕ мӕ ныхӕстыл Кӕй ӕууӕнды, уый ӕгад кӕмӕ фӕкӕса, уымӕй „мӕ ахуыргӕнинаг у“ зӕгъын Адӕймаджы Фыртмӕ дӕр ӕгад фӕкӕсдзӕн, Йӕ Фыды кадимӕ куы ’рцӕуа сыгъдӕг зӕдтимӕ, уӕд».#Мт 10:33; Лк 9:26; 1 Ин 2:23; Ром 1:16.
Currently Selected:
Марк 8: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022