Марк 7
7
Сыгъдӕгдзинады тыххӕй
1Фарисейтӕ, стӕй цалдӕр динамонӕджы Йерусалимӕй Йесомӕ ӕрбацыдысты. 2Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй Йын кӕйдӕрты федтой ӕнӕсыгъдӕг, ома ӕнӕхсад, къухтӕй хӕргӕ. 3Фарисейтӕ та, ӕппӕт иудейӕгтау, фыдӕлты ӕгъдауыл хӕст сты ӕмӕ, цалынмӕ бӕлвырд фӕткмӕ гӕсгӕ сӕ къухтӕ цӕхсой, уӕдмӕ нӕ хӕрынц. 4Базарӕй ӕрбацӕугӕйӕ дӕр, цалынмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕхиуыл дон ӕркалой, уӕдмӕ нӕ бахӕрынц. Уымӕй уӕлдай ма сын ахсджиаг сты бирӕ ӕндӕр уагӕвӕрдтӕ: ӕхсынц къустӕ, дурынтӕ ӕмӕ ӕрхуы мигӕнӕнтӕ.
5Фарисейтӕ ӕмӕ динамонджытӕ Йесойы бафарстой: «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ фыдӕлты ӕгъдау цӕмӕн халынц, ӕнӕсыгъдӕг къухтӕй цӕмӕн хӕрынц?» 6Йесо сын дзуапп радта: «Дыдзӕсгӕмттӕ, сымах тыххӕй пехуымпар Исайа хорз загъта. Йӕ чиныджы фыст ис: „Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй.#Ис 29:13; Мт 15:8. 7Дзӕгъӕлы Мӕм кувынц, уымӕн ӕмӕ, цы амонынц, уыдон адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕ сты“. 8Сымах ныууагътат Хуыцауы фӕдзӕхст, адӕймаджы ӕрхъуыдыгонд ӕгъдӕуттыл та фидар хӕцут».
9Ноджы ма сын загъта: «Уӕхи ӕгъдау ӕххӕст кӕныны тыххӕй Хуыцауы фӕдзӕхст аивынмӕ дӕсны стут. 10Уымӕн ӕмӕ Моисей загъта: „Нымай дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады“; ноджы ма: „Йӕ фыды кӕнӕ йӕ мады ӕфхӕрӕг амӕлӕд“.#Рац 20:12; 21:17; Мт 15:4. 11Сымах та дзурут, зӕгъгӕ, йӕ фыд кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ чи зӕгъа: „Мӕнӕй дӕм цы хауы, уый корбан (ома Хуыцауы номыл мысайнаг) у“, 12уымӕн бар дӕттут йӕ фыд кӕнӕ йӕ мадӕн хорзӕй мацы ракӕнын. 13Афтӕмӕй Хуыцауы ныхас ивут уӕхи ӕвӕрд ӕгъдауӕй ӕмӕ ма ноджы бирӕ ӕндӕр ахӕм митӕ кӕнут».
14Йесо ногӕй фӕсидти адӕммӕ ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут Мӕм иууылдӕр ӕмӕ бамбарут! 15Адӕймагӕн йӕ хуылфмӕ ӕддейӕ цы бацӕуы, уый йӕ нӕ фӕчъизи кӕны, фӕлӕ дзы ӕддӕмӕ цы рацӕуы, уый.#Мт 15:11; Ром 14:17; Тит 1:15. 16[Хъустӕ кӕуыл ис, уый хъусӕд!]»
17Йесо адӕмы куы ныууагъта ӕмӕ хӕдзармӕ куы бацыди, уӕд Ӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бафарстой, уыцы фӕсномыг ныхас цы амоны, зӕгъгӕ. 18Уый сын бауайдзӕф кодта: «Ау, сымах дӕр афтӕ ӕнӕмбаргӕ стут? Ӕви йӕ нӕ зонут, адӕймаджы хуылфмӕ ӕддейӕ цы бафты, уый йӕ кӕй нӕ фӕчъизи кӕны? 19Уымӕн ӕмӕ бацӕуы йӕ зӕрдӕмӕ нӕ, фӕлӕ йӕ гуыбынмӕ, ӕмӕ стӕй рацӕуы ӕддӕмӕ». Уыцы ныхӕстӕй Йесо бамбарын кодта, алы хӕринаг дӕр сыгъдӕг кӕй у, уый. 20Ноджы ма загъта: «Зӕрдӕйӕ цы рацӕуы, уый фӕчъизи кӕны адӕймаджы. 21Уымӕн ӕмӕ адӕймагӕн йӕ зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ — давын, марын, 22бинойнагыл сайдӕй цӕуын; кӕрӕф, фыдӕх, мӕнгарддзинад, хъахбайдзинад, хахуыр, хирвӕссондзинад, ӕдылы митӕ. 23Уыцы ӕвзӕрдзинӕдтӕ иууылдӕр зӕрдӕйӕ рацӕуынц ӕмӕ уыдон фӕчъизи кӕнынц адӕймаджы».
Муртаттаг сылгоймаджы чызг сдзӕбӕх
24Йесо уырдыгӕй ацыди Тиры зӕхмӕ. Уым иу хӕдзармӕ бацыд; фӕндыди Йӕ, уым ис, уый куы ничи базыдтаид, фӕлӕ уӕддӕр нӕ басусӕг ис.#Мт 15:21. 25Йесойы ӕрбацыды кой уайтагъд фехъуыста, йӕ чызг хӕйрӕджы ахӕсты кӕмӕн уыд, иу ахӕм сылгоймаг. Уый ӕрбацыд ӕмӕ Йӕ къӕхтӕм ӕрӕппӕрста йӕхи. 26Уыцы сылгоймаг уыди Сириаг Финикийӕ, муртаттаг. Ӕмӕ Йесойӕн лӕгъстӕ кодта, мӕ чызджы мын дӕлимоны ахӕстӕй суӕгъд кӕн, зӕгъгӕ. 27Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Раздӕр уал хъуамӕ сывӕллӕттӕ бафсӕдой. Сывӕллӕтты разӕй къӕбӕр райс ӕмӕ йӕ куыйтӕн аппар, уый хорз нӕу». 28Сылгоймаг Ын дзуапп радта: «О, Хицау, фӕлӕ куыйтӕ дӕр, сывӕллӕттӕй цы муртӕ ӕрхауы, уыдон фынджы бын ахӕрынц». 29Уӕд ын Йесо загъта: «Ахӕм дзуаппы фӕстӕ цу, дӕлимон рацыди дӕ чызгӕй». 30Сылгоймаг йӕ хӕдзармӕ куы ӕрбацыд, уӕд йӕ хъӕбулы баййӕфта хуыссӕны хуысгӕйӕ, дӕлимон ӕй ныууагъта.
Къӕзӕнӕг къуырма сдзӕбӕх
31Тирӕй фӕстӕмӕ здӕхгӕйӕ, Йесо йӕ фӕндаг акодта Сидоныл ӕмӕ Дӕссахары уылты рахызти Галилейаг денджызы былмӕ. 32Ӕрбакодтой Йӕм къӕзӕнӕг къуырма лӕджы ӕмӕ Дзы куырдтой, цӕмӕй йыл Йӕ къух авӕра. 33Йесо йӕ иуварс акодта адӕмӕй, Йе ’нгуылдзтӕ къуырмайы хъусты бавӕрдта, ӕрту кодта ӕмӕ йын бавнӕлдта йе ’взагмӕ. 34Уый фӕстӕ арвмӕ скасти, арф ныуулӕфыд ӕмӕ загъта: «Эффата», ома: «Байгом у». 35Уыйадыл къуырмайы хъустӕ байгом сты, йе ’взаг феуӕгъд ис, ӕмӕ райдыдта сыгъдӕг дзурын. 36Уӕд сын Йесо бафӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы хабар макӕмӕн радзурой. Фӕлӕ сын цас тынгдӕр фӕдзӕхста, уыйас ӕй тынгдӕр айхъуысын кодтой. 37Адӕмы дисӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ дзырдтой: «Хорз кӕны алцы дӕр: къуырматӕн дӕр байгом кӕны сӕ хъустӕ, къуыттыты дӕр сдзурын кӕны».
Currently Selected:
Марк 7: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022