Лука 1

1
1Цы цаутӕ нӕм ӕрцыд, уыдоны тыххӕй ныридӕгӕн бирӕтӕ ныффыстой, 2тӕккӕ райдианӕй сӕ йӕхи цӕстӕй чи федта ӕмӕ Хуыцауы ныхас адӕммӕ чи хӕццӕ кодта, уыдоны уылты. 3Уымӕ гӕсгӕ ӕз дӕр, цытджын Феофил, сфӕнд кодтон ӕппӕт хабӕрттӕ кӕронмӕ лыстӕг равзарын ӕмӕ дӕм сӕ фӕд-фӕдыл бӕстон ныффыссын, 4цӕмӕй, цы ахуырадыл ӕрлӕууыдтӕ, уымӕн йӕ фидар бындур зонай.
5Иудейаг паддзах Ироды заман Авийайы хӕдзарвӕндаджы уыдис иу сауджын, Захариа, зӕгъгӕ. Йӕ бинойнаг дӕр Аароны байзӕддагӕй уыди, йӕ ном — Елисаветӕ.
6Сӕ дыууӕ дӕр Хуыцауы раз растӕй цардысты, ӕнӕаиппӕй ӕххӕст кодтой Хуыцауы ӕппӕт фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ. 7Цот сын нӕ рацыд, уымӕн ӕмӕ Елисаветӕ ӕнӕзӕнӕг уыдис. Афтӕмӕй сӕ дыууӕйыл дӕр дзӕвгар азтӕ рацыд.
8Иу хатт Захариа уаз куыст кодта Хуыцауы Кувӕндоны (цы сауджынты къордмӕ хауд, уыдоны рад ралӕууыд). 9Сауджынты ӕгъдау куыд домы, афтӕ хӕлттӕ куы сӕппӕрстой, уӕд Захариайы хал схауд, ӕмӕ нывондхӕссӕныл буд судзынмӕ бацыди Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ.
10Буд судзыны рӕстӕджы кӕрты уыди бирӕ кувӕг адӕм. 11Ӕмӕ ӕваст Захариамӕ раргом ис Хуыцауы зӕд — будсудзӕн нывондхӕссӕны рахизфарс лӕууыд. 12Захариа йӕ куы ауыдта, уӕд стыр дисы бафтыд ӕмӕ тынг фӕтарсти. 13Фӕлӕ йын зӕд загъта: «Ма тӕрс, Захариа, уымӕн ӕмӕ дӕ куывд фехъуысти Хуыцаумӕ. Дӕ ус Елисаветӕ дын ныййардзӕн фырт, ӕмӕ йӕ схондзынӕ Иоанн.
14Дӕ фырт дын стыр цин ӕрхӕсдзӕн, йӕ райгуырдыл бирӕтӕ бацин кӕндзысты, 15уымӕн ӕмӕ цытджын уыдзӕни Хуыцауы раз. Нӕдӕр сӕн нуаздзӕн, нӕдӕр ӕндӕр исты карз нозт, Сыгъдӕг Удӕй хайджын уыдзӕн йӕ райгуырдӕй фӕстӕмӕ. 16Израилы адӕмӕй бирӕты уый фӕстӕмӕ раздахдзӕни сӕ Бардарӕг Хуыцаумӕ. 17Илийайы уд ӕмӕ хъаруимӕ цӕудзӕни Бардарӕджы разӕй, цӕмӕй фыдӕлтӕ ӕмӕ сӕ цоты зӕрдӕтӕ раздаха кӕрӕдзимӕ, хивӕндты раст зондыл сараза ӕмӕ адӕмы бацӕттӕ кӕна Бардарӕджы ӕрцыдмӕ».
18Захариа бафарста Зӕды: «Ӕз ууыл куыд хъуамӕ баууӕндон, кӕд ӕмӕ мӕхӕдӕг дӕр зӕронд дӕн, стӕй мӕ ус дӕр зӕронд у, уӕд?» 19Зӕд ын дзуапп радта: «Ӕз дӕн Гавриил, Хуыцауы раз лӕггадгӕнӕг, ӕмӕ дӕм уымӕн ӕрвыст дӕн, цӕмӕй дын ацы цины уац фехъусын кӕнон. 20Кӕй дын загътон, уый йӕ афоныл ӕнӕмӕнг ӕрцӕудзӕн, фӕлӕ мын ды мӕ ныхӕстыл кӕй нӕ баууӕндыдтӕ, уый тыххӕй ныртӕккӕ багомыг уыдзынӕ ӕмӕ, цалынмӕ уыцы хъуыддаг ӕрцӕуа, уӕдмӕ дӕ дзыхӕй не сдзурдзынӕ». 21Адӕм ӕнхъӕлмӕ кастысты Захариамӕ ӕмӕ дис кодтой, Кувӕндоны куыд тынг ныффӕстиат ис, зӕгъгӕ. 22Куы рацыд, уӕд йӕ бон дзурын нӕ уыд, ӕмӕ адӕм бамбӕрстой, Кувӕндоны диссаг кӕй федта, уый. Йӕ къухты тылдӕй ӕмбарын кодта йӕ зӕгъинӕгтӕ, дзургӕ дӕр ӕмӕ хъусгӕ дӕр нал кодта. 23Кувӕндоны йӕ лӕггады рад куы ахицӕн ис, уӕд ӕрбаздӕхти йӕ хӕдзармӕ.
24Уымӕй чысыл фӕстӕдӕр йӕ ус Елисаветӕ банхъӕлцау ис. Фыццаг фондз мӕйы йӕхи адӕмӕй ӕмбӕхста ӕмӕ дзырдта: 25«Уый мын Хуыцау сарӕзта — ӕркасти мӕм, цӕмӕй адӕмы ’хсӕн ӕгад мауал уон».
26Елисаветӕ ӕхсӕзӕм мӕй ӕнхъӕлцау куы уыд, уӕд Хуыцау Йӕ зӕд Гавриилы арвыста галилейаг сахар Назаретмӕ, 27ӕнӕцыд чызгмӕ, Давиды байзӕддаг Йосифимӕ фидыд чи уыди, уымӕ; йӕ ном — Мариа. 28Зӕд ӕм бацыд ӕмӕ йын загъта: «Байрай, Хуыцауӕй арфӕгонд! Дунедарӕг демӕ ис. [Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн.]» 29Мариа тынг бадис кодта ӕмӕ хъуыдыты аныгъуылд, уӕдӕ уыцы ныхӕстӕ цы амонынц, зӕгъгӕ. 30Зӕд ын загъта: «Ма тӕрс, Мариа! Хуыцау дӕ Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта. 31Ды банхъӕлцау уыдзынӕ ӕмӕ ныййардзынӕ Фырт, сӕвӕрдзынӕ Йыл ном Йесо. 32Уый уыдзӕни цытджын, хондзысты Йӕ Дунедарӕджы Фырт, ӕмӕ Йын Бардарӕг Хуыцау ратдзӕн Йӕ фыдӕл Давиды паддзахы бадӕн. 33Йаковы байзӕддагӕн паддзахиуӕг кӕндзӕни мыггагмӕ, ӕмӕ Йӕ Паддзахадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн».
34Мариа бафарста Зӕды: «Ӕз нырма моймӕдзыд куы нӕ дӕн, уӕд уымӕн уӕвӕн куыд ис?» 35Зӕд ын дзуапп радта: «Сыгъдӕг Уд дыл Йӕхи ӕруадздзӕн, Дунедарӕджы тых дӕ бакӕндзӕни йӕ дӕлбазыр. Афтӕмӕй дӕ цы Хъӕбул райгуыра, Уый уыдзӕни сыгъдӕг, ӕмӕ Йӕ схондзысты Хуыцауы Фырт. 36Мӕнӕ ма, ӕнӕзӕнӕг кӕй хуыдтой, уыцы Елисаветӕ дӕр, дӕ хӕстӕг, зӕрондӕй куы банхъӕлцау ӕмӕ йыл ныр ӕхсӕзӕм мӕй куы цӕуы. 37Уымӕн ӕмӕ, Хуыцау цы зӕгъа, уый ӕнӕсӕххӕстӕй нӕ баззайдзӕн». 38Уӕд Мариа загъта: «Ӕз Бардарӕджы цагъар дӕн; цы загътай, уый мыл ӕрцӕуӕд». Ӕмӕ уыйадыл зӕд нал уыди йӕ разы.
39Уыцы цауӕй цалдӕр боны фӕстӕ Мариа йӕхи срӕвдз кодта ӕмӕ хӕхбӕстӕм, иудейаг сахармӕ, ацыди. 40Комкоммӕ Захариайы хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ Елисаветӕйӕн салам радта. 41Мариайы ныхасмӕ Елисаветӕйы гуыбыны йӕ сывӕллон базмӕлыд. Елисаветӕ Сыгъдӕг Удӕй схайджын ис 42ӕмӕ хъӕрӕй загъта: «Арфӕгонд дӕ сылгоймӕгты ӕхсӕн, ӕмӕ арфӕгонд у, дӕ зӕрдӕйы бын цы Сывӕллон ис, Уый! 43Мӕ Бардарӕджы мад мӕм ӕрбацӕуа, уыцы хорзӕх мӕм кӕцӕй ӕрхауд? 44Дӕ хъӕлӕс дын куы фехъуыстон, уӕд сывӕллон цингӕнгӕ мӕ гуыбыны базмӕлыд. 45Тӕхудиаг у, Хуыцау ын цы загъта, уый кӕй ӕрцӕудзӕн, ууыл баууӕндӕг Чызг!»
46Уӕд Мариа загъта: «Стауы мӕ зӕрдӕ Дунедарӕджы! 47Мӕ уд цин кӕны Хуыцауыл, мӕ Ирвӕзынгӕнӕгыл! 48Уый ӕркасти Йӕ сӕрныллӕг цагъар чызгмӕ, ӕмӕ мӕ нырӕй фӕстӕмӕ адӕм хондзысты арфӕгонд фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ. 49Уымӕн ӕмӕ Ӕппӕтхъомыс стыр хъуыддаг сарӕзта мӕнӕн! Уаз у Йӕ ном! 50Чи Дзы тӕрсы, уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын сты. 51Йӕ къухы хъомыс равдыста ӕмӕ ныххӕлиу кодта, сӕрыстыр чи у, уыдоны сӕ фӕндтимӕ. 52Тыхджынты раппӕрста сӕ бадӕнтӕй ӕмӕ сбӕрзонд кодта сӕрныллӕгты. 53Йӕ хорзӕхтӕй бафсӕста ӕххормӕгты, бонджынты та ницӕимӕ арвыста. 54Ӕрцыд ӕххуысмӕ Йӕ лӕггадгӕнӕг Израилмӕ, нӕ Дзы ферох ис мыггагмӕ уый йӕ хорзӕхӕй схайджын кӕнын, 55нӕ фыдӕлтӕн — Авраам ӕмӕ йӕ байзӕддагӕн — зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ». 56Мариа Елисаветӕмӕ фӕци ӕртӕ мӕйы бӕрц ӕмӕ уый фӕстӕ раздӕхти йӕ хӕдзармӕ.
57Елисаветӕйӕн йӕ арыны афон ӕрхӕццӕ ис, ӕмӕ лӕппу ныййардта. 58Хуыцау ын стыр арфӕ кӕй ракодта, уый фехъуыстой йӕ сыхӕгтӕ, йӕ хӕстӕджытӕ ӕмӕ цин кодтой йемӕ. 59Ӕстӕм бон ӕрбацыдысты сывӕллонӕн сунӕт скӕнынмӕ ӕмӕ сӕ фӕндыд, цӕмӕй йыл йӕ фыды ном — Захариа — сӕвӕрой, 60фӕлӕ йӕ мад не сразы: «Нӕ, Иоанн ӕй схонӕм». 61Уыдон ын загътой: «Дӕ хӕстӕджытӕй ахӕм ном никӕуыл ис». 62Уӕд, къухӕй амонгӕйӕ, фарстой сабийы фыды, цы ном сӕвӕрын дӕ фӕнды, зӕгъгӕ. 63Уый ракуырдта фӕйнӕджы гӕбаз ӕмӕ йыл ныффыста: «Йӕ ном Иоанн у». Ӕмӕ се ’ппӕт дӕр дисы бафтыдысты. 64Уыцы тӕккӕ уысм Захариа йӕ дзыхӕй сдзырдта, ӕмӕ уыйадыл райдыдта дзурын, кад кодта Хуыцауӕн. 65Сӕ алыварс цӕрджыты се ’ппӕты дӕр тас бацыди. Уӕлхох Иудейы алы кӕрӕтты ӕндӕр кой нал уыд. 66Хабар-иу чи фехъуыста, уыдон-иу хъуыдыты аныгъуылдысты ӕмӕ сӕхинымӕр дзырдтой: «Чи уыдзӕн, цымӕ, уыцы сывӕллон?» Ӕмӕ, ӕцӕгдӕр, Хуыцау уыдис Иоаннимӕ.
67Иоанны фыд Захариа Сыгъдӕг Удӕй схайджын ис, пехуымпариуӕг кӕнын райдыдта ӕмӕ дзырдта: 68«Арфӕгонд уӕд Израилы Бардарӕг Хуыцау — ӕркасти Йӕ адӕммӕ ӕмӕ сӕ ссӕрибар кодта. 69Йӕ лӕггадгӕнӕг Давиды байзӕддагӕй нын радта хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕджы, 70рагзаманы Йӕ сыгъдӕг пехуымпарты дзыхӕй куыд хъусын кодта, афтӕ. 71Уый мах фервӕзын кӕндзӕн не знӕгтӕй ӕмӕ, ӕнӕуынон кӕмӕн стӕм, уыдоны къухӕй. 72Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, Йӕ хорзӕхӕй нӕ фыдӕлты кӕй схайджын кӕндзӕн, Йӕ сыгъдӕг фидыд Дзы кӕй нӕ ферох уыдзӕн, уымӕй. 73Расомы кодта нӕ фыдӕл Авраамӕн, 74не знӕгты къухӕй нӕ кӕй байсдзӕни, уый тыххӕй, 75ӕмӕ Йын лӕггад кӕндзыстӕм ӕдасӕй, цӕмӕй цӕргӕбонты Йӕ цӕсты сыгъдӕг ӕмӕ раст адӕмыл нымад уӕм. 76Дӕу та, хъӕбул, схондзысты Иууылбӕрзонды пехуымпар, уымӕн ӕмӕ цӕудзынӕ Бардарӕджы разӕй, цӕмӕй Йын фӕндаг ӕрцӕттӕ кӕнай 77ӕмӕ Йын Йӕ адӕмӕн фехъусын кӕнай, кӕй фервӕздзысты ӕмӕ сын сӕ тӕригъӕдтӕ хатыргонд кӕй ӕрцӕудзысты, 78уымӕн ӕмӕ нӕ Хуыцау уарзӕгой ӕмӕ барон у. Йӕ хорзӕхы руаджы нын уӕлӕрвтӕй рарвитдзӕни Сӕуӕхсид, 79ныррухс кӕндзӕни, мӕлӕты тасимӕ тары йӕ бонтӕ чи ӕрвиты, уыдоны ӕмӕ нӕ сараздзӕн Хуыцауимӕ фидыды фӕндагыл».
80Сывӕллон рӕзыд ӕмӕ фидар кодта уд ӕмӕ буарӕй. Цалынмӕ йын Израилы адӕмы размӕ рацӕуыны афон нӕ ралӕууыд, уӕдмӕ цардис ӕдзӕрӕг рӕтты.

Valgt i Øjeblikket:

Лука 1: ОссБ

Markering

Del

Kopiér

None

Vil du have dine markeringer gemt på tværs af alle dine enheder? Tilmeld dig eller log ind