Марк 16
16
1Сабат куы аивгъуыдта, уӕд магдалӕйаг Мариа, Йаковы мад Мариа ӕмӕ Саломи балхӕдтой хӕрздӕфгӕнӕнтӕ, цӕмӕй ацӕуой ӕмӕ Йесойы байсӕрдой. 2Ӕмӕ къуырийы фыццаг бон, райсомӕй раджы, хур куыддӕр скастис, афтӕ ӕрбацыдысты зӕппадзмӕ. 3Ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Зӕппадзмӕ бахизӕнӕй нын дур чи афӕлдахдзӕн?» 4Фӕлӕ куы бакастысты, уӕд ӕй фӕлдӕхтӕй федтой, афтӕмӕй та дур уыди тынг стыр. 5Зӕппадзмӕ куы бацыдысты, уӕд дзы рахизӕрдыгӕй федтой ӕрыгон лӕппуйы, урс дарӕсы бадгӕйӕ, ӕмӕ сыл стыр тас бахӕцыд. 6Фӕлӕ сын уый загъта: «Ма тӕрсут. Сымах дзуарылтыгъд Назаретаг Йесойы агурут — ам нӕй, райгас ис. Мӕнӕ, кӕм Ӕй бавӕрдтой, уыцы бынат. 7Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ зӕгъут Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн, стӕй Петрӕн дӕр, Галилеймӕ уӕ разӕй фӕцӕуы, зӕгъгӕ. Уым Ӕй фендзыстут, Йӕхӕдӕг уын куыд загъта, афтӕ». 8Сылгоймӕгтӕ зӕппадзӕй куы рацыдысты, уӕд згъорынмӕ фесты. Фыр адӕргӕй сӕхи дӕр нал ӕмбӕрстой ӕмӕ никӕмӕн ницы загътой, уымӕн ӕмӕ тарстысты.
9Йесо, къуырийы фыццаг бон куы райгас ис сӕумӕйӕ, уӕд уал фыццаг Йӕхи раргом кодта магдалӕйаг Мариамӕ — авд дӕлимоны кӕмӕй расырдта, уымӕ. 10Уый ацыд ӕмӕ хабар радзырдта Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн, ныр кӕугӕ ӕмӕ дзыназгӕ чи кодта, уыдонӕн. 11Фӕлӕ уыдон, Йесо райгас ис ӕмӕ Йӕ Мариа федта, зӕгъгӕ, уый куы фехъуыстой, уӕд сӕ нӕ бауырныдта.
12Уый фӕстӕ ахуыргӕнинӕгтӕй дыууӕ хъӕумӕ куы фӕцӕйцыдысты, уӕд сӕм Йесо, ӕндӕр хуыз райсгӕйӕ, фӕндагыл Йӕхи раргом кодта. 13Уыдон раздӕхтысты ӕмӕ хабар иннӕтӕн дӕр радзырдтой. Фӕлӕ уыдоныл дӕр нӕ баууӕндыдысты.
14Ӕппынфӕстаг Йесо Йӕ иуӕндӕс ахуыргӕнинагмӕ раргом ис, фынджы уӕлхъус куы бадтысты, уӕд. Ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта, уырнындзинад сӕм кӕй нӕ уыд, сӕ зӕрдӕтӕ ӕхгӕд кӕй разындысты ӕмӕ, Йӕ райгасы фӕстӕ Йӕ чи федта, уыдоныл кӕй нӕ баууӕндыдысты, уый тыххӕй. 15Ӕмӕ сын загъта: «Ӕрзилут ӕгас дунейыл ӕмӕ Фарны Уац хъусын кӕнут алкӕмӕн дӕр. 16Чи баууӕнда ӕмӕ аргъуыд чи райса, уый фервӕздзӕн; чи нӕ баууӕнда, уый та тӕрхонгонд ӕрцӕудзӕн. 17Уырнджытӕ та ахӕм диссӕгтӕ ӕвдисдзысты: Мӕ номӕй сурдзысты дӕлимонты, ног ӕвзӕгтыл сдзурдзысты; 18кӕлмыты исдзысты сӕ къухтӕм ӕмӕ, марг куы бануазой, уӕд дӕр сын ницы уыдзӕн; рынчынтыл сӕ къухтӕ ӕвӕрдзысты, ӕмӕ-иу уыдон адзӕбӕх уыдзысты».
19Уыдӕттӕ зӕгъыны фӕстӕ Бардарӕг Йесо уӕларвмӕ Йӕхи систа ӕмӕ уым Хуыцауы рахизфарс ӕрбадти. 20Ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр ацыдысты ӕмӕ алы ран хъусын кодтой Фарны Уац. Бардарӕг сын ӕххуыс кодта ӕмӕ, сӕ ныхас раст кӕй у, уый ӕвдыста алы диссӕгты фӕрцы.
Valgt i Øjeblikket:
Марк 16: ОссБ
Markering
Del
Kopiér
Vil du have dine markeringer gemt på tværs af alle dine enheder? Tilmeld dig eller log ind
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

: