Лука 4:9-12
Лука 4:9-12 ОССБ
Уӕд Ӕй хӕйрӕг акодта Йерусалиммӕ, Кувӕндоны уӕлхӕдзарыл Ӕй ӕрлӕууын кодта ӕмӕ Йын загъта: «Кӕд Хуыцауы Фырт дӕ, уӕд Дӕхи ардыгӕй фехс дӕлӕмӕ, уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Йӕ зӕдтӕн бафӕдзӕхсдзӕни Дӕу бахъахъхъӕнын“; ноджыдӕр ма: „Сӕ къухтыл Дӕ ахӕсдзысты, ӕмӕ Дӕ къах дурыл дӕр не скъуырдзынӕ“». Йесо йын дзуапп радта: «Загъд у: „Ма фӕлвар дӕ Хицау Хуыцауы“».