Лука 9
9
1Йесо фӕсидти Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагмӕ ӕмӕ сын радта тых, цӕмӕй ӕппӕт дӕлимонтыл дӕр сӕ бар цӕуа ӕмӕ адӕмы дзӕбӕх кӕной сӕ низтӕй. 2Арвыста сӕ адӕмӕн Хуыцауы Паддзахады уац фехъусын кӕнынмӕ, стӕй рынчынты дзӕбӕх кӕнынмӕ. 3Бафӕдзӕхста сын: «Мацы райсут фӕндагмӕ — нӕдӕр лӕдзӕг, нӕдӕр хордзен, нӕдӕр хойраг, нӕдӕр ӕхца, нӕдӕр ивӕн дарӕс. 4Цыфӕнды хӕдзармӕ куы бацӕуат, уӕддӕр-иу дзы баззайут, цалынмӕ уырдыгӕй бынтондӕр нӕ рацӕуат, уӕдмӕ. 5Кӕм уӕ не суазӕг кӕной, уыцы сахарӕй цӕугӕйӕ та-иу уӕ къӕхты рыг ӕрцӕгъдут — аххосджын кӕй сты, уый ӕвдисӕйнагӕн». 6Ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты ӕмӕ зылдысты хъӕутыл, алы ран дӕр хъусын кодтой Фарны Уац ӕмӕ дзӕбӕх кодтой рынчынты.
7Ӕппӕт уыцы цауты кой фехъуыста тетрарх Ирод ӕмӕ, цы хъуыды кӕна, уый нӕ зыдта, уымӕн ӕмӕ иутӕ дзырдтой, уый, дам, Иоанн мӕрдтӕй растади, зӕгъгӕ; 8иннӕтӕ — Илийа, дам, ӕрцыдис; аннӕтӕ та — кӕддӕры пехуымпартӕй, дам, чидӕр райгас ис. 9Фӕлӕ Ирод загъта: «Иоаннӕн ӕз йӕ сӕр куы акъуырдтон, уӕд уыдӕттӕ Кӕй тыххӕй хъусын, Уый та чи у?» Ӕмӕ архайдта Йесойы феныныл.
10Апостолтӕ фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхтысты, уӕд Йесойӕн радзырдтой, цы сарӕзтой, уыдӕттӕ. Йесо сӕ Йемӕ акодта ӕмӕ иумӕ ацыдысты, Вифсаидӕ, зӕгъгӕ, уыцы сахары ’рдӕм. 11Фӕлӕ адӕм уый куы базыдтой, уӕд Йӕ фӕдыл агуылф кодтой. Йесо сыл ӕхсызгонӕй сӕмбӕлди, Хуыцауы Паддзахады тыххӕй сын дзырдта, дзӕбӕх кодта, дзӕбӕх кӕнын кӕй хъуыди, уыдоны. 12Бон изӕры ’рдӕм куы фӕкъул ис, уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинаджы ӕмӕ Йын загътой: «Ауадз адӕмы хӕстӕг хъӕутӕм, цӕмӕй уым бахсӕвиуат кӕной ӕмӕ сӕхицӕн хойраг самал кӕной. Уымӕн ӕмӕ мах ам фӕсвӕд ран стӕм». 13Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Уыдон дзуапп радтой: «Махмӕ фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы йеддӕмӕ ницы ис, ӕмӕ ныр уый бӕрц адӕмы фаг хойраг балхӕнынмӕ хъуамӕ ацӕуӕм?» 14(Уым уыди фондз мин лӕджы бӕрц.) Фӕлӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Ӕрбадын сӕ кӕнут къордгай — алы къорды дӕр дӕс ӕмӕ дыууиссӕдзы бӕрц куыд уа». 15Уыдон сӕ ӕрбадын кодтой, куыд загъд сын уыди, афтӕ. 16Йесо райста фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы, скасти уӕларвмӕ, Хуыцауӕн раарфӕ кодта, ӕрсаста сӕ ӕмӕ сӕ ахуыргӕнинӕгтӕм радта, цӕмӕй сӕ адӕмӕн байуарой. 17Бахордтой се ’ппӕт дӕр ӕмӕ бафсӕстысты. Цы уӕлдӕйттӕ ма дзы баззади, уыдонӕй дыууадӕс чыргъӕды байдзаг ис.
18Иуахӕмы Йесо хибарӕй куывта, ӕмӕ Йӕм Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бацыдысты. Йесо сӕ бафарста: «Адӕм Мын Чи ӕнхъӕл сты?» 19Уыдон загътой: «Иутӕ — Аргъауӕг Иоанн, иннӕтӕ — Илийа, аннӕтӕ та зӕгъынц, незаманты пехуымпартӕй чидӕр райгас ис, зӕгъгӕ». 20Йесо сӕ бафарста: «Сымах та Мӕ Чи ӕнхъӕлут?» Петр Ын дзуапп радта: «Хуыцауы Чырысти».
21Уӕд сын Йесо, уый тыххӕй макӕмӕн мацы дзурут, зӕгъгӕ, бафӕдзӕхста. 22Загъта ма сын: «Адӕймаджы Фырт бавзардзӕни бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, сауджынтӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, мард ӕрцӕудзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕни».
23Уый фӕстӕ се ’ппӕтӕн дӕр загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, алы бон дӕр йӕ дзуар йӕ къухы хӕссӕд ӕмӕ цӕуӕд Мӕ фӕдыл. 24Уымӕн ӕмӕ йӕ цард бахъахъхъӕнын кӕй фӕнды, уый йӕ фесафдзӕни; йӕ цард Мӕ сӕрвӕлтау чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕни. 25Адӕймаг ӕгас дуне йӕхи куы бакӕна, йӕхи та куы фесафа кӕнӕ куы фӕсахъат кӕна, уӕд ын уый цы пайда у? 26Мӕн ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕ йӕхицӕн ӕгадыл чи банымайа, уый Адӕймаджы Фырт дӕр Йӕхицӕн банымайдзӕн ӕгадыл, Йӕхи, Йӕ Фыды ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты кадимӕ куы ’рцӕуа, уӕд. 27Ӕцӕг уын зӕгъын: ам чи лӕууы, уыдонӕй иуӕй-иутӕ нӕ амӕлдзысты, цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад феной, уӕдмӕ».
28Уыцы ныхӕстыл иу аст боны куы рацыди, уӕд Йесо Йемӕ ахуыдта Петр, Иоанн ӕмӕ Йаковы ӕмӕ хохмӕ ссыди кувынмӕ. 29Куы куывта, уӕд Йӕ цӕсгомы хуыз аивта, Йӕ дарӕс та урс-урсид фестади ӕмӕ тӕмӕнтӕ калдта. 30Ӕмӕ мӕнӕ дыууӕ лӕджы ныхас кӕнынц Йемӕ — уыдон уыдысты Моисей ӕмӕ Илийа.
31Фӕзындысты уӕларвон кадимӕ ӕмӕ дзырдтой Йесойы ахицӕныл — Хуыцауы фӕндон Йерусалимы куыд сӕххӕст кӕндзӕни, ууыл. 32Петр ӕмӕ йе ’мбӕлццӕттыл хуыссӕг фӕтых ис. Куы райхъал сты, уӕд федтой Йесойы кад ӕмӕ ма дыууӕ лӕджы Йемӕ лӕугӕйӕ. 33Ӕмӕ уыдон Йесойӕ хицӕн куы кодтой, уӕд Ын Петр загъта: «Хицау, ам кӕй стӕм, уый цы хорз у! Цӕй ӕмӕ ӕртӕ халагъуды скӕнӕм: иу Дӕуӕн, иу Моисейӕн, иу та Илийайӕн». Цы дзырдта, уый йӕхӕдӕг дӕр не ’мбӕрста. 34Петр йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзынд ӕврагъ ӕмӕ сӕ ӕрӕмбӕрзта. Ӕврагъы куы аныгъуылдысты, уӕд тынг фӕтарстысты. 35Ӕмӕ ӕврагъӕй райхъуысти хъӕлӕс: «Ай, Кӕй сӕвзӕрстон, Мӕ уыцы Фырт у. Хъусут Ӕм». 36Хъӕлӕс куы райхъуыст, уӕд Йесоимӕ ничиуал уыд. Ахуыргӕнинӕгтӕ, цы федтой, уый басусӕг кодтой ӕмӕ йӕ уыцы бонты никӕмӕн радзырдтой.
37Дыккаг бон хохӕй куы ӕрцыдысты, уӕд Йесойы размӕ рацыд бирӕ адӕм. 38Се ’хсӕнӕй Йӕм чидӕр рахъӕр кодта: «Ахуыргӕнӕг, уый курӕг Дӕ дӕн, ӕмӕ мын баххуыс кӕн мӕ фыртӕн, иунӕг хъӕбул мын у! 39Дӕлимоны ахӕсты ис ӕмӕ ӕваст ныцъцъӕхахст кӕны, йӕ гӕндзӕхтӕ ныццӕгъды, ӕмӕ йӕ комӕй фынк акӕлы. Дӕлимон ӕй хъизӕмарӕй мары, йӕхи адыл ӕй нӕ уадзы. 40Ӕз куырдтон Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕй, цӕмӕй дӕлимоны расурой, фӕлӕ сӕ бон нӕ баци». 41Йесо йын дзуапп радта: «Ӕнӕуырнӕг ӕмӕ хӕлд фӕлтӕр! Кӕдмӕ уыдзынӕн уемӕ ӕмӕ уын кӕдмӕ быхсдзынӕн? Ӕрбакӕн ардӕм дӕ фырты». 42Лӕппу Йесомӕ нӕма бахӕццӕ, афтӕ йӕ дӕлимон зӕххыл ныццавта, ӕмӕ уый йӕ гӕндзӕхтӕ цӕгъдын райдыдта. Фӕлӕ Йесо бардзырд радта ӕнӕзӕгъинагӕн, сдзӕбӕх кодта лӕппуйы ӕмӕ йӕ стӕй йӕ фыды бар ныууагъта.
43Адӕм иууылдӕр дисы бафтыдысты, Хуыцау куыд хъомысджын у, ууыл. Йесо цыдӕриддӕр арӕзта, уыдон дӕр стыр диссагӕн куы хастой, уӕд Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: 44«Ныртӕккӕ цы зӕгъдзынӕн, уымӕ байхъусут лӕмбынӕг: Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн адӕмы къухмӕ». 45Фӕлӕ Йӕ уыдон нӕ бамбӕрстой — ӕргом сын нӕ уыдысты уыцы ныхӕстӕ ӕмӕ сӕм нӕ бахъардтой, бафӕрсын та Йӕ нӕ уӕндыдысты.
46Ахуыргӕнинӕгтӕ фӕбыцӕу сты, чи нӕ стырдӕр у, зӕгъгӕ. 47Йесо сын зыдта сӕ мидхъуыдытӕ ӕмӕ фӕдзырдта иу сабимӕ. Йӕ фарсмӕ йӕ ӕрлӕууын кодта 48ӕмӕ сын загъта: «Ацы сывӕллоныл, Мӕ сӕр хъуыдыгӕнгӕйӕ, ӕнувыд чи уа, уый Мӕныл у ӕнувыд; Мӕныл ӕнувыд чи уа, уый та Мӕ Рарвитӕгыл у ӕнувыд. Уе ’хсӕн ӕппӕты къаддӕр чи у, уый у уе ’ппӕты стырдӕр».
49Уӕд Ын иу хатт Иоанн загъта: «Ахуыргӕнӕг, мах федтам, Дӕ номӕй дӕлимонты чи суры, ахӕм адӕймаг, фӕлӕ йын уыцы бар нӕ лӕвӕрдтам, уымӕн ӕмӕ немӕ нӕ цӕуы». 50Йесо йын загъта: «Ма йӕ хъыгдарут, уымӕн ӕмӕ, уӕ ныхмӕ чи нӕу, уый уӕ фарс у».
51Уӕлӕрвтӕм Йӕ сисыны афон куы ӕрӕввахс, уӕд Йесо сфӕнд кодта Йерусалиммӕ фӕцӕуын. 52Йӕ разӕй минӕвӕрттӕ арвыста самариаг хъӕумӕ, цӕмӕй Йын Йӕ бацыдмӕ ӕппӕт дӕр ӕрцӕттӕ кӕной. 53Фӕлӕ, Йерусалиммӕ кӕй цыд, уый тыххӕй Йӕ уыдон сӕхимӕ не ’рбахуыдтой.
54Уый фенгӕйӕ, Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йаков ӕмӕ Иоанн тынг смӕсты сты: «Хицау, кӕд Дӕу фӕнды, уӕд мах дӕр, Илийа куыд бакодта, афтӕ зӕгъдзыстӕм, ӕмӕ уӕларвӕй арт ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сӕ бавзалы кӕндзӕни». 55Фӕлӕ сӕм Йесо Йе ’ргом разылдта ӕмӕ сын бауайдзӕф кодта: «Сымах, цавӕр монӕй хайджын стут, уый нӕ зонут. 56Адӕймаджы Фырт адӕмы сафынмӕ не ’рцыд, фӕлӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ». Ӕмӕ уӕд ӕндӕр хъӕумӕ ацыдысты.
57Фӕндагыл Йесойӕн иу чидӕр загъта: «Ды кӕдӕм цӕуай, ӕз дӕр уырдӕм ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл». 58Йесо йын дзуапп радта: «Рувӕстӕн ис хуыккӕмттӕ, уӕларвон мӕргътӕн — ахстӕттӕ. Адӕймаджы Фыртӕн та, Йӕ сӕр кӕм ӕркъул кӕна, уый дӕр нӕй». 59Ӕндӕр кӕмӕндӕр та загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Ӕмӕ Йын уый дзуапп радта: «Хицау, мӕ фыды баныгӕнынмӕ уал мӕ ауадз». 60Фӕлӕ йын Йесо загъта: «Мӕрдтӕ сӕхӕдӕг ныгӕнӕнт сӕ мӕрдты. Ды та цу ӕмӕ хъусын кӕн Хуыцауы Паддзахады уац». 61Ӕндӕр кӕйдӕр ныхас та Йын уыди: «Хицау, ӕз ацӕудзынӕн Дӕ фӕдыл, фӕлӕ уал мӕ ауадз мӕ бинонтӕн хӕрзбон зӕгъынмӕ». 62Фӕлӕ йын Йесо дзуапп радта: «Гутоныл хӕцгӕйӕ, фӕстӕмӕ чи кӕсы, уый Хуыцауы Паддзахадӕн нӕ бӕззы».
Valgt i Øjeblikket:
Лука 9: ОссБ
Markering
Del
Kopiér
Vil du have dine markeringer gemt på tværs af alle dine enheder? Tilmeld dig eller log ind
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.