Райдиан 1
1
1Райдианы Хуыцау сфӕлдыста арв ӕмӕ зӕхх. 2Зӕхх уыди ӕдзӕрӕг ӕмӕ афтид, ӕнӕбын тыгъдад уыди ӕмбӕрзт саудалынгӕй, Хуыцауы Уд та зылди доны сӕрмӕ.
3Ӕмӕ Хуыцау загъта: «Уӕд рухс!» Ӕмӕ фӕзынди рухс. 4Хуыцау федта, рухс хорз кӕй у, уый ӕмӕ йӕ фӕхицӕн кодта тарӕй. 5Хуыцау рухс схуыдта «бон», тар та — «ӕхсӕв». Уыди изӕр, уыди райсом — фыццаг бон.
6Хуыцау загъта: «Доны мидӕг уӕд ӕрдынӕг, ӕмӕ иу дон хицӕн кӕнӕд иннӕмӕй». Ӕмӕ сси афтӕ. 7Хуыцау сфӕлдыста ӕрдынӕг ӕмӕ, ӕрдынӕджы бынмӕ цы дон уыд, уый фӕхицӕн кодта, йӕ сӕрмӕ цы дон уыди, уымӕй. 8Хуыцау ӕрдынӕг схуыдта «арв». Уыди изӕр, уыди райсом — дыккаг бон.
9Хуыцау загъта: «Арвы бын цы дон ис, уый ӕрӕмбырд уӕд иу ранмӕ, ӕмӕ разынӕд сур». Ӕмӕ сси афтӕ. 10Хуыцау сур схуыдта «зӕхх», дӕттӕ та схуыдта «денджызтӕ». Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.
11Хуыцау загъта: «Зӕххӕй сӕвзӕрӕд зайӕгойтӕ: йӕ мыггаг кӕмӕн згъӕлы, ахӕм зайӕгхӕлттӕ ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыргъы кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ, алы бӕласӕн дӕр йӕхи хуыз куыд уа». Ӕмӕ сси афтӕ. 12Зӕххӕй сӕвзӕрди, йӕ мыггаг кӕмӕн згъӕлы, ахӕм зайӕгхӕлттӕ, алкӕмӕн — йӕхи хуыз, ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ дыргъы кӕмӕн ис, ахӕм бӕлӕстӕ, алы бӕласӕн дӕр — йӕхи хуыз. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый. 13Уыди изӕр, уыди райсом: ӕртыккаг бон.
14Хуыцау загъта: «Арвыл фӕзынӕд рухсгӕнӕнтӕ — бон ӕхсӕвӕй иртасынӕн ӕмӕ бӕрӕг ӕмгъуыдтӕ, бонтӕ ӕмӕ афӕдзтӕ нысан кӕнынӕн. 15Арвыл судзӕнт, цӕмӕй сӕ рухс кӕла зӕхмӕ». Ӕмӕ сси афтӕ. 16Хуыцау сарӕзта дыууӕ стыр рухсгӕнӕны: стырдӕр — бонӕн уаг ӕвӕрынӕн, къаддӕр — ӕхсӕвӕн уаг ӕвӕрынӕн, ӕмӕ стъалытӕ. 17Хуыцау сӕ сӕвӕрдта арвыл, цӕмӕй сӕ рухс кӕла зӕхмӕ, 18бон ӕмӕ ӕхсӕвӕн уаг ӕвӕрынӕн ӕмӕ бон ӕхсӕвӕй иртасынӕн. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый. 19Уыди изӕр, уыди райсом: цыппӕрӕм бон.
20Хуыцау загъта: «Доны схӕлбурцъ кӕнӕнт алы цӕрӕг удтӕ. Зӕххы сӕрмӕ арвыл атӕхӕнт мӕргътӕ». 21Хуыцау сфӕлдыста денджызон стыр ӕбуалгъ цӕрӕгойтӕ ӕмӕ, доны чи схӕлбурцъ кодта, ӕндӕр ахӕм змӕлӕгойтӕ — алкӕй дӕр йӕ мыггагмӕ гӕсгӕ, ноджы ма сфӕлдыста алымыггаг мӕргътӕ. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый. 22Ӕмӕ сын раарфӕ кодта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, ӕмӕ уӕ байдзаг уӕнт денджызтӕ. Тӕхгӕ чи кӕны, уыдон дӕр сбирӕ уӕнт зӕххыл». 23Уыди изӕр, уыди райсом: фӕндзӕм бон.
24Хуыцау загъта: «Зӕххыл равзӕрӕд алыхуызон цӕрӕг удтӕ: фос, лыстӕг цӕрӕгойтӕ, алымыггаг хъӕддаг сырдтӕ». Ӕмӕ сси афтӕ. 25Хуыцау сфӕлдыста хъӕддаг сырдты, фос ӕмӕ алы хилӕгойты, алкӕй дӕр — йӕ мыггагмӕ гӕсгӕ. Ӕмӕ федта Хуыцау, афтӕ хорз кӕй у, уый.
26Хуыцау загъта: «Сфӕлдисӕм адӕймаджы, Нӕхи хуызӕн, Нӕхи ӕнгӕс куыд уа, афтӕ. Уадз ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕна денджызы кӕсӕгтӕн, уӕларвон мӕргътӕн; ӕппӕт зӕххыл — йӕ алы фос, йӕ алы хилӕгойӕн». 27Ӕмӕ Хуыцау сфӕлдыста адӕймаджы, Йӕхи хуызӕнӕй, сфӕлдыста йӕ Хуыцауы хуызӕнӕй, сфӕлдыста нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаджы. 28Хуыцау сын раарфӕ кодта: «Цот уадзут ӕмӕ сбирӕ ут, зӕхх уӕ байдзаг уӕд ӕмӕ уӕд уӕ бар. Ӕлдариуӕг кӕнут денджызы кӕсӕгтӕ, уӕларвон мӕргътӕ ӕмӕ ӕппӕт зӕххон цӕрӕгойтӕн». 29Хуыцау загъта: «Ӕз уын хӕрынӕн дӕттын, зӕххы цъарыл мыггаг чи дӕтты, ӕппӕт уыцы зайӕгхал ӕмӕ, йӕ мыггаг йӕ мидӕг кӕмӕн ис, ӕппӕт уыцы дыргътӕ. 30Зӕхх ӕмӕ арвыл цыдӕриддӕр змӕлӕг ис, цыдӕриддӕр цӕры ӕмӕ улӕфы, уыдонӕн та хӕрынӕн дӕттын, зӕххыл цы цъӕххал зайы, уый». Ӕмӕ сси афтӕ.
31Хуыцау ӕркасти, цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уымӕ — алцыдӕр уыд иттӕг хорз. Уыди изӕр, уыди райсом — ӕхсӕзӕм бон.
اکنون انتخاب شده:
Райдиан 1: ОссБ
هایلایت
به اشتراک گذاشتن
کپی
می خواهید نکات برجسته خود را در همه دستگاه های خود ذخیره کنید؟ برای ورودثبت نام کنید یا اگر ثبت نام کرده اید وارد شوید
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.