1
Лука 22:42
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
«Мӕ Фыд, кӕд Дын фӕндон у, уӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхц ма бануазын кӕн. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».
Porovnať
Preskúmať Лука 22:42
2
Лука 22:32
Фӕлӕ Ӕз куывтон дӕу тыххӕй, цӕмӕй дӕ уырнындзинад ма слӕмӕгъ уа. Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Мӕм куы раздӕхай, уӕд-иу сфидар кӕн де ’фсымӕрты уырнындзинад».
Preskúmať Лука 22:32
3
Лука 22:19
Уый фӕстӕ райста дзул, раарфӕ кодта Хуыцауӕн, ӕрсаста йӕ, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ загъта: «Ай Мӕ Буар у, ӕмӕ уӕ сӕраппонд лӕвӕрд цӕуы мӕлӕтмӕ. Афтӕ-иу кӕнут Мӕ ном арыны охыл».
Preskúmať Лука 22:19
4
Лука 22:20
Ӕхсӕвӕры фӕстӕ сӕны кӕхц дӕр райста ӕмӕ загъта: «Ацы кӕхц у Ног Фидыд — уый фидаргонд цӕуы, сымах сӕраппонд чи ныккӕлдзӕни, Мӕ уыцы Тугӕй.
Preskúmať Лука 22:20
5
Лука 22:44
Ӕмӕ, утӕхсӕн кӕнгӕйӕ, Йесо ноджы зӕрдиагдӕрӕй куывта; Йӕ хид туджы ӕртӕхтау зӕхмӕ тагъди.
Preskúmať Лука 22:44
6
Лука 22:26
Сымахмӕ та афтӕ ма уӕд, фӕлӕ, уе ’хсӕн уӕлдӕр чи у, уый уын уӕд кӕстӕрау, барджындӕр чи у, уый та — лӕггадгӕнӕгау.
Preskúmať Лука 22:26
7
Лука 22:34
Фӕлӕ йын Йесо афтӕ: «Зӕгъын дын, Петр, ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты дӕхи атигъ кӕндзынӕ, ӕз Ӕй нӕ зонын, зӕгъгӕ».
Preskúmať Лука 22:34
Domov
Biblia
Plány
Videá