1
Райдиан 3:6
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
Сылгоймаг федта: бӕласы дыргътӕ хӕрынӕн бӕззынц, сӕ уындӕй цӕст рӕвдауынц ӕмӕ ма уыимӕ зондыл дӕр ӕфтауынц. Ӕртыдта ӕмӕ дзы бахордта, йӕ мойӕн дӕр дзы радта, ӕмӕ уый дӕр бахордта.
ஒப்பீடு
Райдиан 3:6 ஆராயுங்கள்
2
Райдиан 3:1
Дунедарӕг Хуыцау кӕй рафӕлдыста, уыцы зӕххон цӕрӕгойты ’хсӕн калмӕй хиндӕр ӕмӕ кӕлӕндӕр нӕ уыд. Ӕмӕ уый сылгоймаджы бафарста: «Ӕцӕг уын загъта Хуыцау, дыргъдоны цы бӕлӕстӕ ис, уыдонӕй макӕцыйы дыргътӕй фӕхъӕстӕ ут, зӕгъгӕ?»
Райдиан 3:1 ஆராயுங்கள்
3
Райдиан 3:15
Мыггагмӕ кӕрӕдзийӕн знаг кӕнын дӕу ӕмӕ сылгоймаджы, дӕ байзӕддаг ӕмӕ йӕ байзӕддаджы. Уый дын цъӕл кӕндзӕни дӕ сӕр, ды та йын йӕ зӕвӕтыл хӕцдзынӕ».
Райдиан 3:15 ஆராயுங்கள்
4
Райдиан 3:16
Сылгоймагӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Де ’нхъӕлцауы бонтӕ хъизӕмаргӕнгӕ ’рвитдзынӕ, тухӕнтӕгӕнгӕ цот ардзынӕ. Дӕ моймӕ дӕ ласдзӕн дӕ зӕрдӕ, ӕмӕ дын уый хицау уыдзӕни».
Райдиан 3:16 ஆராயுங்கள்
5
Райдиан 3:19
Тыллӕгмондагӕй калдзынӕ дӕ сау хид, цалынмӕ, цы зӕххӕй ист ӕрцыдтӕ, уыцы зӕхмӕ бацӕуай, уӕдмӕ, уымӕн ӕмӕ ды сыджыт дӕ ӕмӕ бафтдзынӕ дӕ сыджытыл».
Райдиан 3:19 ஆராயுங்கள்
6
Райдиан 3:17
Адамӕн Дунедарӕг Хуыцау загъта: «Дӕ усы коммӕ кӕй бакастӕ ӕмӕ дын тобӕ цы бӕласӕй загътон, уый дыргътӕй кӕй бахордтай, уый тыххӕй ӕлгъыст у зӕхх дӕу тыххӕй. Цӕрӕнбонты дзы исдзынӕ дӕ къӕбӕр, хъизӕмӕрттӕ ’взаргӕйӕ.
Райдиан 3:17 ஆராயுங்கள்
7
Райдиан 3:11
Хуыцау ӕй фӕрсы: «Чи дын загъта, бӕгънӕг дӕ, уый? Тобӕ дын цы бӕласӕй загътон, уымӕй ма саходай?»
Райдиан 3:11 ஆராயுங்கள்
8
Райдиан 3:24
Ратардта адӕймаджы ӕмӕ Едемы дыргъдоны цур, скӕсӕнӕрдыгӕй, сӕвӕрдта херувимты ӕмӕ, алырдӕм чи ӕвзиды, ахӕм судзгӕ-зилгӕ кард — царды бӕласмӕ фӕндаг хъахъхъӕнынӕн.
Райдиан 3:24 ஆராயுங்கள்
9
Райдиан 3:20
Адам йӕ усӕн радта ном Евӕ, уымӕн ӕмӕ уый сси ӕппӕт цӕрджыты рагмад.
Райдиан 3:20 ஆராயுங்கள்
முகப்பு
வேதாகமம்
வாசிப்புத் திட்டங்கள்
காணொளிகள்