1
Лука 10:19
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
Ӕз уын радтон калм ӕмӕ къӕдздымы уӕ къӕхты бын ссӕндыны, стӕй знаджы ӕппӕт тыхтыл уӕлахиз кӕныны хъомыс, ӕмӕ уын знаггад ницы ракӕндзӕн.
Compare
Explore Лука 10:19
2
Лука 10:41-42
Йесо йын дзуапп радта: «Марфӕ, Марфӕ, ды бирӕ цӕуылдӕртыл мӕт кӕныс ӕмӕ тыхсыс, хъӕугӕ та ӕрмӕстдӕр иунӕг хъуыддаг кӕны. Мариа равзӕрста хуыздӕр хай, ӕмӕ йын ӕй ничи байсдзӕни».
Explore Лука 10:41-42
3
Лука 10:27
Уый Йын дзуапп радта: «„Уарз дӕ Бардарӕг Хуыцауы ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ӕппӕт удӕй, ӕппӕт хъаруйӕ ӕмӕ ӕппӕт зондӕй“. Ноджы ма: „Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ“».
Explore Лука 10:27
4
Лука 10:2
Загъта сын: «Кӕрдинаг — бирӕ, фӕлӕ хуымгӕрдджытӕ нӕ фаг кӕны. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй Йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита кӕрдынмӕ.
Explore Лука 10:2
5
Лука 10:36-37
Абырджыты къухмӕ чи бахауд, уымӕн, дӕумӕ гӕсгӕ, уыцы ӕртӕйӕ хион чи уыди?» Уый дзуапп радта: «Чи йын батӕригъӕд кодта, уый». Уӕд ын Йесо загъта: «Ацу ӕмӕ ды дӕр афтӕ кӕн».
Explore Лука 10:36-37
6
Лука 10:3
Цӕугӕут! Мӕнӕ уӕ Ӕз уӕрыччытау бирӕгъты ’хсӕнмӕ ӕрвитын.
Explore Лука 10:3
Home
Bible
Plans
Videos