Сылгоймаг, кӕй нӕ басусӕг, уый куы бамбӕрста, уӕд Ӕм тӕрсгӕ-ризгӕйӕ бацыди ӕмӕ йӕхи Йӕ къӕхты бынмӕ ӕрӕппӕрста. Афтӕ цӕмӕн бакодта ӕмӕ Йыл куы бандзӕвыд, уӕд уайтагъд куыд адзӕбӕх ис, уый ӕппӕт адӕмы раз радзырдта. Йесо йын загъта: «Мӕ чызг, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта. Цу фарнимӕ».