Матфей 24
24
Кувӕндоны тыххӕй рагзагъд
1Йесо Кувӕндонӕй куы рацӕйцыди, уӕд Ӕм бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, цӕмӕй Йын Кувӕндоны бӕстыхӕйттӕ фенын кӕной.#Мк 13:1; Лк 21:5.
2Йесо сын загъта: «Уынут ацы бӕстыхӕйттӕ? Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: афтӕ ныппырх уыдзысты, ӕмӕ дзы дур дурыл нал баззайдзӕн».#Мк 13:2; Лк 19:44; 21:6.
Дунейы хъизӕмӕрттӕ
3Йесомӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Елеоны хохмӕ бацыдысты ӕмӕ Йӕ хибарӕй бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, кӕд уыдзӕн, стӕй цӕмӕй бӕрӕг уыдзӕнис Де ’рцыды афон ӕмӕ, дунейы кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ ис, уый?»
4Йесо сын дзуапп радта: «Уӕхи хъахъхъӕнут, цӕмӕй уӕ мачи фӕсайа.#Мк 13:5; Лк 21:8; Эф 5:6; 2 Фес 2:3. 5Уымӕн ӕмӕ Мӕ номӕй бирӕтӕ ӕрцӕудзысты ӕмӕ дзурдзысты: „Ӕз Чырысти дӕн“, ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты. 6Сымах хъусдзыстут ӕввахс ӕмӕ дард хӕстыты кой. Ма тӕрсут — ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕ ӕрцӕугӕ нӕй, фӕлӕ уый нырма кӕрон нӕ уыдзӕни. 7Сыстдзысты адӕм адӕмы ныхмӕ ӕмӕ паддзахад паддзахады ныхмӕ, ранӕй-рӕтты скӕндзӕни стонг рӕстӕг, уыдзӕни зӕххӕнкъуыстытӕ. 8Ӕппӕт уыдӕттӕ арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕртты райдайӕнау уыдзысты.
9Уӕд уӕ ӕгъатырӕй ӕфхӕрдзысты, мардзысты уӕ, ӕмӕ Мӕ номы тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕн суыдзыстут ӕнӕуынон.#Мт 10:17; Мк 13:9; Лк 21:12; Ин 15:20.
10Уӕд бирӕтӕ уырнындзинад ныууадздзысты, кӕрӕдзиуыл гадзрахатӕй цӕудзысты ӕмӕ кӕрӕдзийӕн ӕнӕуынон суындзысты. 11Фӕзындзӕни бирӕ мӕнгпехуымпартӕ ӕмӕ бирӕты фӕсайдзысты.
12Тӕригъӕд кӕй сарӕх уыдзӕн, уый аххосӕй бирӕтӕн сӕ уарзондзинад бамынӕг уыдзӕн. 13Фӕлӕ, кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн.
14Ацы Фарны Уац фӕхӕццӕ уыдзӕн дунейы ӕппӕт кӕрӕттӕм, Уӕларвон Паддзахады тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусдзысты, ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕни кӕрон.
Израилы хъизӕмӕрттӕ
15Уӕдӕ, пехуымпар Даниил куыд загъта, афтӕ уаз бынаты „ӕлгъаг заууат“ куы фенат, — чиныгкӕсӕг ӕй бамбарӕд, —#Мк 13:14; Лк 21:20. 16уӕд, Иудейы чи уа, уыдон ӕвӕстиатӕй лидзӕнт хӕхтӕм. 17Уӕлхӕдзар кӕй ӕрӕййафа, уый уырдыгӕй ма ӕрхизӕд йӕ хӕдзарӕй исты рахӕссынмӕ. 18Быдыры чи уа, уый дӕр ма раздӕхӕд йӕ дарӕс рахӕссынмӕ.
19Додойаг уыдзысты сывӕрджын ӕмӕ дзидзидарӕг сылгоймӕгтӕ! 20Кувут, цӕмӕй уӕ лидзын зымӕгон кӕнӕ сабатбон ма бахъӕуа. 21Уымӕн ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзысты, Хуыцау дуне куы сфӕлдыста, уӕдӕй нырмӕ чи нӕма ӕрцыд ӕмӕ нал ӕрцӕудзӕнис, ахӕм стыр бӕллӕхтӕ. 22Ӕмӕ уыцы бонтӕ куы нӕ фӕкъаддӕр уыдаиккой, уӕд иу адӕймаг дӕр нӕ фервӕзтаид. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты сӕраппонд Хуыцау уыцы бонтӕ фӕкъаддӕр кӕндзӕн.
Ма ӕууӕндут алы дамтӕ ӕмӕ мӕнг пехуымпартыл
23Уӕд уын исчи афтӕ куы зӕгъа: „Мӕнӕ ам ис Чырысти“ кӕнӕ: „Уӕртӕ уым ис“, — ма уӕ бауырнӕд.#Мк 13:21; Лк 17:23.
24Уымӕн ӕмӕ фӕзындзысты мӕнгчырыститӕ ӕмӕ мӕнгпехуымпартӕ, равдисдзысты стыр ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ, цӕмӕй, гӕнӕн ӕмӕ амалӕй, ӕвзӕрстыты дӕр асайой. 25Ӕз уӕ уыдӕтты тыххӕй уӕ рагацау фӕдзӕхсын.
26Уӕдӕ уын исчи афтӕ куы зӕгъа: „Чырысти ӕдзӕрӕг быдыры ис“, — ма-иу ацӕут, кӕнӕ: „Мӕнӕ рӕбинаг уаты ис“, — ма-иу уӕ бауырнӕд. 27Уымӕн ӕмӕ, арвӕрттывд скӕсӕнӕй суанг ныгуылӕнмӕ куыд фӕзыны, афтӕ уыдзӕн Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр. 28Холы кӕм уа, уым ӕрӕмбырд уыдзысты хӕдмӕлхор мӕргътӕ дӕр.#Лк 17:37.
29Уыцы бӕллӕхты хӕдуӕлвӕд хур баталынг уыдзӕни, мӕй нал ратдзӕн йӕ рухс, стъалытӕ ӕрхаудзысты арвӕй, ӕмӕ уӕларвон тыхтӕ нынкъуысдзысты.#Мк 13:24; Лк 21:25.
30Уӕд арвыл фӕзындзӕн Адӕймаджы Фырты ӕвдисӕйнаг. Зӕххон адӕмтӕ иууылдӕр ныккӕудзысты ӕмӕ „Адӕймаджы Фырты фендзысты стыр хъомыс ӕмӕ кадимӕ ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“.#Дан 7:13; Мк 14:62; Ӕрг 1:7.
31Сыкъауадындз хъӕрӕй ныууасдзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырт рарвитдзӕн Йӕ зӕдты, ӕмӕ Йын Йе ’взӕрстыты алы рӕттӕй ӕрӕмбырд кӕндзысты — арвы иу кӕронӕй иннӕ кӕронмӕ.#1 Кор 15:52; 1 Фес 4:16.
Легъуи бӕласы ӕмбисонд
32Райсут цӕвиттонӕн легъуи бӕлас: йӕ къалиутӕ куы ракъуыбар вӕййынц ӕмӕ сыфтӕр куы рафтауы, уӕд фӕзонут, сӕрдмӕ бирӕ кӕй нал ис. 33Уӕдӕ сымах дӕр ӕппӕт уыдӕттӕ куы фенат, уӕд-иу зонут: афон ӕрӕввахс, ныридӕгӕн Уый къӕсӕрыл лӕууы.
34Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: ацы фӕлтӕр нӕма аивгъуыйдзӕн, афтӕмӕй ӕппӕт уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты.#Мк 13:30-31. 35Арв ӕмӕ зӕхх нал уыдзысты, Мӕ ныхӕстӕ та мыггагмӕ дӕр уыдзысты сӕ тыхы.#2 Пет 3:10.
Иудадзыг цӕттӕ уӕвынмӕ сидт
36Уыцы бон ӕмӕ сахат ничи зоны: нӕдӕр уӕларвон зӕдтӕ, нӕдӕр Фырт — ӕрмӕст ӕй Фыд зоны. 37Фӕлӕ Нойы заман куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд дӕр.#Лк 17:26; 1 Пет 3:20. 38Доныхъаймӕты размӕ, суанг цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызти, уӕдмӕ адӕм хордтой ӕмӕ нуӕзтой, устытӕ хастой ӕмӕ моймӕ цыдысты. 39Уыдон ӕнхъӕл дӕр нӕ уыдысты, афтӕмӕй доныхъаймӕт ӕрцыд ӕмӕ се ’ппӕты дӕр фесӕфта. Адӕймаджы Фырты ӕрцыд дӕр афтӕ уыдзӕн.
40Уӕд, дыууӕйӕ быдыры куы уой — сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн. 41Дыууӕ сылгоймаджы ӕрмгуыройыл сдзысты хор — сӕ иу ист ӕрцӕудзӕн, иннӕ та баззайдзӕн.
42Уӕдӕ къӕрцхъус ут, уымӕн ӕмӕ уӕ Хицау кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут.#Мт 25:13; Мк 13:33.
43Сымах зонут: хӕдзары хицау, хуыснӕг ӕм кӕцы сахат ӕрбацӕудзӕн, уый куы зонид, уӕд фынӕй дӕр нӕ бакӕнид ӕмӕ йӕ къуымтӕ фӕкъахын дӕр нӕ бауадзид.#Лк 12:39; 1 Фес 5:2; Ӕрг 16:15.
44Уӕдӕ сымах дӕр цӕттӕ ут, уымӕн ӕмӕ, ӕнхъӕл кӕд нӕ уат, уӕд ӕрцӕудзӕнис Адӕймаджы Фырт.
Ӕнӕууӕнк цагъары ӕмбисонд
45Чи у уыцы иузӕрдион ӕмӕ зондджын цагъар, йӕ хицау йӕ хӕдзаронты кӕй бар бакӕндзӕн ӕмӕ сын афоныл хӕринаг дӕттыны хӕс кӕуыл сӕвӕрдзӕн?#Лк 12:42; 1 Кор 4:2. 46Тӕхудиаг уыдзӕн уыцы цагъар, йӕ хицау, ӕрбаздӕхгӕйӕ, уыцы куыст ӕххӕстгӕнгӕйӕ кӕй ӕрӕййафа. 47Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: йе ’ппӕт исбон дӕр бакӕндзӕни йӕ бар.
48Фӕлӕ уыцы цагъар фыдзӕрдӕ куы уа ӕмӕ хинымӕр афтӕ куы зӕгъа, мӕ хицау нырма рӕхджы не ’рцӕудзӕни, зӕгъгӕ, 49ӕмӕ уыйадыл йе ’мбӕлтты нӕмын, расыггӕнджытимӕ цӕл кӕнын ӕмӕ нуазын куы райдайа, 50уӕд уыцы цагъарӕн йӕ хицау, цы бон ӕм не ’нхъӕлмӕ кӕса, уыцы бон ӕмӕ, ӕнхъӕл кӕд нӕ уа, уыцы сахат фӕзындзӕнис, 51ӕгъатырӕй йӕ бафхӕрдзӕн ӕмӕ йын дыдзӕсгӕмтты хал ахӕрын кӕндзӕн. Се ’хсӕнӕй ма йӕ кӕуын ӕмӕ йӕ дӕндӕгты хъыс-хъыс хъуысдзӕни.
Currently Selected:
Матфей 24: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022