Матфей 26
26
Сусӕгвӕнд Йесойы ныхмӕ
1Йесо Йӕ ныхас куы фӕци, уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта:
2«Сымах зонут: дыууӕ боны фӕстӕ уыдзӕни Куадзӕн, ӕмӕ Адӕймаджы Фырты дзуарыл байтындздзысты».#Мк 14:1; Лк 22:1; Ин 13:1.
3Уыцы рӕстӕг алчертӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ ӕрӕмбырд сты алчер Каиафӕйы галуаны 4ӕмӕ бауынаффӕ кодтой Йесойы хинӕй ӕрцахсын ӕмӕ Йӕ амарын. 5Фӕлӕ дзырдтой: «Ӕрмӕст бӕрӕгбоны нӕ, науӕд адӕм сызмӕнтдзысты».
Йесойы байсӕрстой хӕрздӕфгӕнӕнӕй
6Йесо уыди Вифанийы, хъотырджын Симоны хӕдзары.#Мк 14:3; Ин 11:2; 12:3. 7Уырдӕм Ӕм ӕрбацыд иу сылгоймаг зынаргъ хӕрздӕфгӕнӕнӕй дзаг дурынимӕ ӕмӕ, Йесо фынгыл бадти, афтӕмӕй Йын хӕрздӕфгӕнӕн райдыдта Йӕ сӕрыл уадзын. 8Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уый куы федтой, уӕд смӕсты сты ӕмӕ дзырдтой: «Цӕмӕн хъуыди уый бӕрц хардз кӕнын? 9Ацы хӕрздӕфгӕнӕн уыди стыр аргъыл ауӕй кӕнӕн ӕмӕ уыцы ӕхца мӕгуыртӕн раттӕн».
10Йесо бамбӕрста, цӕуыл дзурынц, уый ӕмӕ сын загъта: «Цӕмӕн къӕмдзӕстыг кӕнут сылгоймаджы? Уый Мӕнӕн хорз хъуыддаг сарӕзта. 11Уымӕн ӕмӕ мӕгуыртӕ ӕдзух уӕ фарсмӕ сты, Ӕз та ӕдзух уемӕ нӕ уыдзынӕн.
12Ацы хӕрздӕфгӕнӕн Мын Мӕ буарыл кӕй ауагъта, уымӕй Мӕ ӕрцӕттӕ кодта ныгӕнынмӕ.
13Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: Фарны Уац ӕппӕт дунейы кӕмдӕриддӕр айхъуыса, уым-иу, ацы сылгоймаджы ӕрымысынӕн, цы сарӕзта, уый кой ракӕндзысты».
Уӕйгӕнӕг Иудӕ
14Уӕд дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу, Иудӕ Искариот, ацыди алчертӕм#Мк 14:10; Лк 22:4. 15ӕмӕ сын загъта: «Цы мын ратдзыстут, уӕ къухы уын Ӕй куы бафтын кӕнон, уӕд?» Уыдон ын радтой дӕс ӕмӕ ссӕдз ӕвзист ӕхцайы. 16Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Иудӕ агуырдта Йесойы сын сӕ къухтӕм раттыны фадат.
Куадзӕны ӕхсӕвӕрмӕ цӕттӕтӕ
17Донгонд дзулты бӕрӕгбоны фыццаг бон Йесомӕ бацыдысты Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмӕ Йӕ бафарстой: «Куыд Дӕ фӕнды, кӕм Дын ӕрӕвӕрӕм Куадзӕны фынг?»#Мк 14:12; Лк 22:7.
18Уый сын дзуапп радта: «Ацӕут сахармӕ, иу лӕгмӕ, ӕмӕ йын зӕгъут: „Ахуыргӕнӕг зӕгъы: Мӕ рӕстӕг ӕрӕввахс ис, ӕмӕ Мӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ Куадзӕн дӕ хӕдзары бӕрӕг кӕндзынӕн“».
19Ахуыргӕнинӕгтӕ бакодтой, Йесо сын куыд загъта, афтӕ ӕмӕ Куадзӕны фынг ӕрӕвӕрдтой.
Куадзӕны фынг. Уӕйгӕнӕджы тыххӕй рагзагъд
20Куы баизӕр ис, уӕд Йесо Йӕ дыууадӕс ахуыргӕнинагимӕ ӕрбадти фынджы уӕлхъус.#Мк 14:18; Лк 22:14; Ин 13:21.
21Куы хордтой, уӕд Йесо загъта: «Ӕцӕг цы у, уый уын зӕгъын: уӕ иу Мыл гадзрахатӕй рацӕудзӕн».
22Уыдон тынг ӕрӕнкъард сты ӕмӕ Йӕ радыгай фӕрсын райдыдтой: «Уый, мыййаг, ӕз уыдзынӕн, Хицау?»
23Йесо сын дзуапп радта: «Цӕхдоны Мемӕ йӕ къӕбӕр чи атылдта, уый Мӕ ауӕй кӕндзӕн. 24Ӕниу, Адӕймаджы Фырт фӕцӕуы, Сыгъдӕг Фыст Дзы куыд зӕгъы, афтӕ. Фӕлӕ сар йӕ сӕр, гадзрахатӕй Йыл чи рацӕуа, уымӕн. Уыцы адӕймаг куы нӕ райгуырдаид, уӕд ын хуыздӕр уыдаид».
25Уӕд Йӕ уӕйгӕнӕг Иудӕ дӕр загъта: «Уый, мыййаг, ӕз уыдзынӕн, Равви?» Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс».
Ног Фидыд
26Хӕргӕ ма куы кодтой, уӕд Йесо райста дзул, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, асаста йӕ, ахуыргӕнинӕгтӕм ӕй алӕвӕрдта ӕмӕ загъта: «Айсут ӕмӕ хӕрут — уый Мӕ Буар у».#Мк 14:22; Лк 22:19; 1 Кор 11:24. 27Уый фӕстӕ райста сӕны кӕхц, Хуыцауӕн арфӕ ракодта, алӕвӕрдта сӕм ӕй ӕмӕ загъта: «Уе ’ппӕт дӕр дзы бануазут, 28уымӕн ӕмӕ уый Мӕ Туг у — уымӕй фидаргонд цӕуы Ног Фидыд, ӕмӕ бирӕтӕн сӕ тӕригъӕдтӕ ныббарыны сӕраппонд ныккӕлдзӕн.#Мт 20:28.
29Зӕгъын уын, амӕй фӕстӕмӕ нал бануаздзынӕн ацы сӕнӕфсиры сӕнӕй, цалынмӕ Мӕ Фыды Паддзахады уемӕ ног сӕн бануазон, уӕдмӕ».
30Стӕй азарыдысты арфӕйы зарджытӕ ӕмӕ ацыдысты Елеоны хохмӕ.
Йесойы рагзагъд Петры тыххӕй
31Уӕд сын Йесо загъта: «Ахсӕв Мӕ уе ’ппӕт дӕр ныууадздзыстут, уымӕн ӕмӕ фыст ис: „Ӕрцӕвдзынӕн фыййауы, ӕмӕ ныххӕлиу уыдзӕни фысты дзуг“.#Зах 13:7; Мк 14:27; Ин 16:32. 32Фӕлӕ куы райгас уон, уӕд уӕ разӕй ацӕудзынӕн Галилеймӕ».#Мт 28:16; Мк 14:28.
33Петр афтӕ бакодта: «Се ’ппӕт дӕр Дӕ куы ныууадзой, уӕд дӕр Дӕ ӕз никуы ныууадздзынӕн». 34Йесо йын загъта: «Ӕцӕг цы у, уый дын зӕгъын, ахсӕв уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи».#Мк 14:30; Лк 22:34; Ин 13:38. 35Петр Ын загъта: «Демӕ мӕ амӕлын куы бахъӕуа, уӕд дӕр Дыл ӕз мӕхи нӕ атигъ кӕндзынӕн». Афтӕ дзырдтой иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр.
Йесо кувы Гефсиманийы
36Уый фӕстӕ Йесо Йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ӕрцыди, Гефсимани, зӕгъгӕ, уыцы бынатмӕ, ӕмӕ сын загъта: «Сымах уал ам абадут, Ӕз та уал иуварс ацӕуон ӕмӕ бакувон».#Мк 14:32; Лк 22:39. 37Йемӕ акодта Петры, стӕй Зеведейы дыууӕ фырты. Йӕхимидӕг райдыдта хъынцъым ӕмӕ ӕрхӕндӕг кӕнын.#Ин 12:27. 38Ӕмӕ сын загъта: «Мӕ уд мӕлӕтон хъынцъым кӕны; фӕлӕуут ам Мӕ фарсмӕ, ма-иу бафынӕй ут». 39Йӕхӕдӕг иу чысыл ӕддӕдӕр ацыд, зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд гӕнӕн ис, уӕд Мӕ ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕй бахиз. Ӕниу, Мӕн куыд фӕнды, афтӕ нӕ, фӕлӕ Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд».#Мт 20:22; Ин 5:30; Флп 2:8.
40Йесо бацыди Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕмӕ сӕ фынӕйӕ куы баййӕфта, уӕд Петрӕн загъта: «Ау, ӕнӕ фынӕйӕ иу сахат куыд нӕ бафӕрӕзтат Мемӕ? 41Ма бафынӕй ут ӕмӕ кувут, цӕмӕй фӕлварӕны ма бахауат. Уд фидар у, буар та — ӕдых». 42Ногӕй та фӕхибар кодта Йӕхи ӕмӕ куывта: «Мӕ Фыд, кӕд Мын ацы хъизӕмӕртты кӕхцӕн ӕнӕ бануазгӕ нӕй, уӕд, Дӕу куыд фӕнды, афтӕ уӕд». 43Куы сӕм ӕрбацыд, уӕд та сӕ баййӕфта фынӕйӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ цӕстытӕ хуыссӕгӕй ӕруӕззау сты. 44Ӕмӕ та сӕ уым ныууагъта, ацыд ӕмӕ ӕртыккаг хатт дӕр афтӕ скуывта. 45Уый фӕстӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм ӕрбаздӕхт ӕмӕ сын загъта: «Ныр дӕр ма фынӕй кӕнут ӕмӕ уӕ фӕллад уадзут? Мӕнӕ ӕрхӕстӕг ис, Адӕймаджы Фырты тӕригъӕдджынты къухмӕ кӕд ратдзысты, уыцы рӕстӕг. 46Сыстут ӕмӕ ацӕуӕм. Мӕнӕ Мӕ уӕйгӕнӕг ӕрбаввахс ис».
Йесойы ӕрцахстой
47Йесо Йӕ ныхас нӕма фӕци, афтӕ фӕзындис Иудӕ, дыууадӕс ахуыргӕнинагӕй иу. Алчертӕ ӕмӕ йын адӕмы хистӕртӕ йемӕ рарвыстой бирӕ адӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ.#Мк 14:43; Лк 22:47; Ин 18:3. 48Йесойы уӕйгӕнӕг сын радта ахӕм нысан: «Кӕмӕн аба кӕнон, Уый у, ӕмӕ Йӕ ӕрцахсут». 49Комкоммӕ Йесомӕ бацыд ӕмӕ загъта: «Дзӕбӕх у, Равви!» Ӕмӕ Йын аба кодта. 50Йесо йын загъта: «Ам дӕ, Мӕ хӕлар?» Уӕд адӕм Йесомӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ Йӕ ӕрцахстой. 51Йесоимӕ чи уыди, уыдонӕй иу фелвӕста йӕ кард, алчеры цагъары дзы ӕрцавта ӕмӕ йын йӕ хъус ахауын кодта. 52Уӕд ын Йесо загъта: «Дӕ кард йӕ кӕрддзӕмы нывӕр — кард чи сиса, уый йӕ мӕлӕт кардӕй ссардзӕн. 53Ӕви афтӕ ӕнхъӕл дӕ, ӕмӕ, ныртӕккӕ Мӕ Фыдӕй куы ракурин, уӕд Мын Уый дыууадӕс легионӕй фылдӕр зӕдтӕ нӕ рарвитид? 54Фӕлӕ ӕппӕт уыдӕттӕ куы не ’рцӕуой, уӕд куыд сӕххӕст уыдзӕн, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый?» 55Ӕмӕ Йесо адӕмӕн загъта: «Цыма абырӕг дӕн, уыйау Мӕм кӕрдтӕ ӕмӕ хъилтимӕ куы рацыдыстут ахсынмӕ. Афтӕмӕй та Ӕз ӕрвылбон Кувӕндоны бадтӕн ӕмӕ уӕ ахуыр кодтон, ӕмӕ Мӕ уӕд нӕ ахстат.
56Фӕлӕ ӕппӕт адӕттӕ уымӕн цӕуынц, цӕмӕй сӕххӕст уа, пехуымпартӕ цы ныффыстой, уый». Уӕд Ӕй ахуыргӕнинӕгтӕ се ’ппӕт дӕр ныууагътой ӕмӕ фӕлыгъдысты.
Йесо — синедрионы
57Йесойы чи ӕрцахста, уыдон Ӕй акодтой алчер Каиафӕмӕ. Уым ӕмбырдӕй уыдысты динамонджытӕ ӕмӕ адӕмы хистӕртӕ.#Мк 14:53; Лк 22:54. 58Петр дӕрддзӕфгомау цыди Йӕ фӕдыл. Бацыд алчеры кӕртмӕ ӕмӕ уым хъахъхъӕнджытимӕ ӕрбадти, цӕмӕй фена, хъуыддаг цӕуыл ахицӕн уыдзӕн, уый.
59Алчертӕ ӕмӕ ӕппӕт синедрион Йесойы ныхмӕ агуырдтой мӕнг ӕвдисӕйнӕгтӕ, цӕмӕй Йын амарыны тӕрхон рахӕссой.#Мк 14:55. 60Фӕлӕ сӕ къухы ницы бафтыд, кӕд сӕм бирӕ мӕнгӕвдисӕнтӕ ӕрбацыди, уӕддӕр. Фӕстагмӕ ма дыууӕ мӕнгӕвдисӕны ӕрбацыд 61ӕмӕ загътой: «Уый дзырдта: „Мӕ бон у Хуыцауы Кувӕндон фехалын ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ саразын“».#Мт 27:40; Мк 14:58; Ин 2:19.
62Уӕд алчер йӕ бынатӕй сыстад ӕмӕ Йесойӕн загъта: «Дӕ ныхмӕ Дын цы дзурынц, уымӕн ницы дзуапп дӕттыс?» 63Фӕлӕ Йесо ницы дзырдта. Алчер Ын загъта: «Расомы кӕн цардӕгас Хуыцауы раз, раст ныхас нын кӕй зӕгъдзынӕ, уый тыххӕй: Ды дӕ Чырысти, Хуыцауы Фырт?»#Хъуыд 8:33.
64Йесо йын дзуапп радта: «Дӕхӕдӕг ӕй куы зӕгъыс. Фӕлӕ уын зӕгъын: нырӕй фӕстӕмӕ „Адӕймаджы Фырты уындзыстут Ӕппӕтхъомысы рахизфарс бадгӕ ӕмӕ ӕрвон ӕврӕгътыл ӕрцӕйцӕугӕ“».#Мт 16:27; Ин 6:62; Хъуыд 1:11; 1 Фес 4:16; Ӕрг 1:7; Пс 109:1; Дан 7:13.
65Уыцы ныхӕстӕм алчер фӕйнӕрдӕм арӕдывта йӕ дарӕс ӕмӕ загъта: «Хуыцауы рафаудта! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? Мӕнӕ уӕхӕдӕг куы фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый! 66Цы хъуыды уӕм ис?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Аххосджын у, хъуамӕ мард ӕрцӕуа».
67Ӕмӕ Йын иутӕ Йӕ цӕсгомыл тутӕ кӕнын райдыдтой, иннӕтӕ Йын цавтой Йӕ рустӕ 68ӕмӕ дзырдтой: «Чырысти, кӕд пехуымпар дӕ, уӕд-ма базон, чи Дӕ ныццавта, уый».
Петр йӕхи атигъ кодта Йесойыл
69Ныр Петр та кӕрты бадти. Иу лӕггадгӕнӕг сылгоймаг ӕм бацыди ӕмӕ йын загъта: «Ды дӕр Галилейаг Йесоимӕ уыдтӕ». 70Фӕлӕ Йыл Петр се ’ппӕты раз йӕхи атигъ кодта: «Цӕй кой кӕныс, уый нӕ зонын».#Мк 14:68. 71Кулдуармӕ куы фӕцӕйцыди, уӕд та йӕ ӕндӕр лӕггадгӕнӕг сылгоймаг базыдта ӕмӕ, уым чи уыди, уыдонӕн загъта: «Ай Назаретаг Йесоимӕ уыди». 72Петр та нӕ басасти, сомытӕгӕнгӕ дзырдта: «Ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын». 73Уым чи лӕууыд, уыдон дӕр чысыл фӕстӕдӕр бацыдысты Петрмӕ ӕмӕ йын загътой: «Ды дӕр бӕлвырд уыдонӕй дӕ — де ’взаджы здӕхт дыл комдзог цӕуы». 74Уӕд Петр ард хӕрын ӕмӕ Хуыцауӕй сомы кӕнын райдыдта: «Ӕз уыцы Адӕймаджы нӕ зонын». Уыйадыл уасӕг ныууасыди,#Мк 14:72. 75ӕмӕ Петры зӕрдыл ӕрлӕууыд, Йесо йын цы загъта, уый: «Уасӕг нӕма ныууасдзӕн, афтӕ Мыл ӕртӕ хатты атигъ кӕндзынӕ дӕхи». Петр ӕддӕмӕ рацыд ӕмӕ судзаг цӕссыгӕй ныккуыдта.
Currently Selected:
Матфей 26: ИрББЛ2022
Highlight
Share
Copy

Want to have your highlights saved across all your devices? Sign up or sign in
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022