1
Райдиан 13:15
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
Цы зӕххытӕ уыныс, уыдон Ӕз мыггагмӕ дӕуӕн ӕмӕ дӕ байзӕддӕгтӕн ратдзынӕн.
Comparer
Explorer Райдиан 13:15
2
Райдиан 13:14
Лот ӕмӕ Аврам куы байуӕрстой, уӕд Дунедарӕг Аврамӕн загъта: «Кӕм лӕууыс, уырдыгӕй-ма дӕ цӕст ахӕсс цӕгатыл, хуссарыл, скӕсӕныл ӕмӕ ныгуылӕныл.
Explorer Райдиан 13:14
3
Райдиан 13:16
Дӕ байзӕддӕгты дын, зӕххы рыгау, сбирӕ кӕндзынӕн. Зӕххы рыгӕн банымайӕн куыд нӕй, афтӕ дӕ байзӕддӕгтӕн дӕр банымайӕн нӕ уыдзӕн.
Explorer Райдиан 13:16
4
Райдиан 13:8
Иуахӕмы Аврам Лотӕн загъта: «Курын дӕ, нӕ дыууӕйы ’хсӕн дӕр ӕмӕ нӕ фыййӕутты ӕхсӕн дӕр хъаугъа ма рауайӕд, уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ ды хионтӕ стӕм.
Explorer Райдиан 13:8
5
Райдиан 13:18
Аврам систа йӕ цатыртӕ ӕмӕ дарддӕр йӕ фӕндагыл араст ис. Бахӕццӕ ис Хевронмӕ ӕввахс Мамрейы тулдзджынмӕ ӕмӕ уым ӕрцарди. Уыцы ран Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн.
Explorer Райдиан 13:18
6
Райдиан 13:10
Лот йӕ цӕст ахаста Иорданы дӕлвӕзыл ӕмӕ федта, уыцы дӕлвӕз суанг Цоары онг, Дунедарӕджы дыргъдонау кӕнӕ Мысыры зӕххау, иууылдӕр донӕфсӕст кӕй уыди, уый. Уӕд Дунедарӕг Содом ӕмӕ Гоморрӕйы сахартӕ нӕма бабын кодта.
Explorer Райдиан 13:10
Accueil
Bible
Plans
Vidéos