Сыгъдӕг Уд Филиппӕн загъта: «Баййаф уыцы къарет ӕмӕ цу йӕ фарсмӕ».
Филипп къареты цурмӕ куы базгъордта, уӕд фехъуыста, эфиопаг пехуымпар Исайайы чиныг куыд касти, уый. Уӕд ӕй бафарста: «Цы кӕсыс, уый ӕмбарыс?»
Уый дзуапп радта: «Исчи мын ӕй куынӕ бацамона, уӕд ӕй куыд хъуамӕ бамбарон?» Ӕмӕ ӕрхатыди Филипмӕ, цӕмӕй схиза къаретмӕ ӕмӕ сбада йӕ фарсмӕ.