1
Лука 17:19
Осетинская Библия. Канонические книги Ветхого и Нового Заветов
ОссБ
Ӕмӕ йын загъта: «Сыст ӕмӕ ацу, дӕ уырнындзинад дӕ фервӕзын кодта».
Lee anya n'etiti ihe abụọ
Nyochaa Лука 17:19
2
Лука 17:4
Бон авд хатты дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа ӕмӕ дӕ бон авд хатты хатыр куы ракура ӕмӕ дын куы зӕгъа: „Фӕсмон кӕнын“, уӕд ын ныххатыр кӕн».
Nyochaa Лука 17:4
3
Лука 17:15-16
Сӕ иу, кӕй сдзӕбӕх ис, уый куы федта, уӕд фӕстӕмӕ раздӕхти ӕмӕ хъӕлӕсы дзагӕй кад кодта Хуыцауӕн. Йесойы къӕхты раз зӕххыл ныддӕлгом ис ӕмӕ Йын арфӕ кодта. Уыцы лӕг уыди самариаг.
Nyochaa Лука 17:15-16
4
Лука 17:3
Кӕсут уӕхимӕ! Де ’фсымӕр дӕ тӕригъӕды куы бацӕуа, уӕд ын бауайдзӕф кӕн ӕмӕ, кӕд ӕрфӕсмон кӕна, уӕд ын ныббар.
Nyochaa Лука 17:3
5
Лука 17:17
Уӕд Йесо загъта: «Дӕс адӕймаджы не ссыгъдӕг сты, ӕви? Уӕд иннӕ фараст кӕм сты?
Nyochaa Лука 17:17
6
Лука 17:6
Йесо сын загъта: «Хъыцъыйы нӕмыджы йас уырнындзинад уӕм куы уаид ӕмӕ мӕнӕ ацы тута бӕласӕн афтӕ куы зӕгъиккат, зӕххӕй дӕ уидӕгтӕ срӕдув ӕмӕ дӕхи денджызы ныссадз, зӕгъгӕ, уӕд уӕ коммӕ бакӕсид.
Nyochaa Лука 17:6
7
Лука 17:33
Йӕ цард бахъахъхъӕнын чи фӕлвара, уый йӕ фесафдзӕни; йӕ цард чи фесафа, уый та йӕ бахъахъхъӕндзӕн.
Nyochaa Лука 17:33
8
Лука 17:1-2
Йесо ма Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ноджыдӕр загъта: «Ис ӕмӕ кӕддӕриддӕр уыдзӕнис, адӕймаг тӕригъӕды кӕй тыххӕй бацӕуы, ахӕм мондаггӕнӕнтӕ, фӕлӕ сар йӕ сӕр кӕны, тӕригъӕд кӕй аххосӕй ӕрцӕуа, уымӕн. Ацы кӕстӕртӕй иуы дӕр тӕригъӕдыл чи бафтауа, уымӕн фӕлтау ныридӕгӕн йӕ бӕрзӕйыл куыройы фыд куы ӕрцауындзиккой ӕмӕ йӕ денджызы куы баппариккой, уӕд ын хуыздӕр уаид.
Nyochaa Лука 17:1-2
9
Лука 17:26-27
Ӕмӕ, Нойы бонты куыд уыдис, афтӕ уыдзӕн, Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уӕд дӕр. Адӕм хордтой, нуӕзтой, устытӕ хастой ӕмӕ цыдысты моймӕ, цалынмӕ Ной наумӕ нӕ бахызт ӕмӕ доныхъаймӕт се ’ппӕты дӕр нӕ фесӕфта, уӕдмӕ.
Nyochaa Лука 17:26-27
Ebe Mmepe Nke Mbụ Nke Ngwá
Akwụkwọ Nsọ
Atụmatụ Ihe Ogụgụ Gasị
Vidiyo Gasị