1
Райдиан 22:14
Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст
Уыцы бынат Авраам схуыдта Йахве-Ире. Уымӕ гӕсгӕ фӕзӕгъынц ныр дӕр, Дунедарӕджы хохыл бӕрӕг уыдзӕни, зӕгъгӕ.
Ṣe Àfiwé
Ṣàwárí Райдиан 22:14
2
Райдиан 22:2
Хуыцау загъта: «Демӕ ракӕн дӕ иунӕг, дӕ уарзон фырт Исаакы ӕмӕ араст у Мориайы зӕхмӕ, ӕмӕ йӕ уым, цы хохӕй дын зӕгъон, ууыл иууылсудзинаг нывондӕн ӕрхӕсс».
Ṣàwárí Райдиан 22:2
3
Райдиан 22:12
Зӕд загъта: «Дӕ къух ма сис лӕппумӕ! Мацы йын бакӕн! Ныр зонын, Хуыцауы тас дӕ кӕй ис, ӕмӕ Мын дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай, уый».
Ṣàwárí Райдиан 22:12
4
Райдиан 22:8
Авраам дзуапп радта: «Хуыцау Йӕхӕдӕг сбӕрӕг кӕндзӕн, иууылсудзинаг нывондӕн цы уӕрыкк хъӕуы, уый». Ӕмӕ цыдысты дарддӕр.
Ṣàwárí Райдиан 22:8
5
Райдиан 22:17-18
уый тыххӕй дын Ӕз ӕнӕмӕнг раарфӕ кӕндзынӕн! Арвы стъалытӕ ӕмӕ денджызы былгӕрон змис ӕнӕнымӕц куыд сты, афтӕ дын сбирӕ кӕндзынӕн дӕ байзӕддӕгты. Знӕгты сахартӕ уыдоны бауыдзысты! Кӕй Мӕм байхъуыстай, уый тыххӕй дӕ байзӕддаджы фӕрцы арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр».
Ṣàwárí Райдиан 22:17-18
6
Райдиан 22:1
Ацы хабӕрттӕ куы ӕрцыдысты, уый фӕстӕ Хуыцау фӕлвӕрдта Авраамы. Басидт ӕм: «Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».
Ṣàwárí Райдиан 22:1
7
Райдиан 22:11
афтӕ йӕм Дунедарӕджы зӕд уӕларвӕй фӕсидти: «Авраам! Авраам!» Уый дзуапп радта: «Хъусын дӕм».
Ṣàwárí Райдиан 22:11
8
Райдиан 22:15-16
Дунедарӕджы зӕд та дыккаг хатт дӕр уӕларвӕй фӕсидти Аврааммӕ: «Мӕхицӕй сомы кӕнын, — зӕгъы Дунедарӕг, — ацы хъуыддаг кӕй сарӕзтай, дӕ иунӕг фырты кӕй нӕ бавгъау кодтай
Ṣàwárí Райдиан 22:15-16
9
Райдиан 22:9
Хуыцау ын цы бынатӕй загъта, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд Авраам уым сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл сугтӕ равӕрдта. Уый фӕстӕ йӕ фырт Исаакы сбаста ӕмӕ йӕ сӕвӕрдта нывондхӕссӕныл, сугты уӕлӕ.
Ṣàwárí Райдиан 22:9
Ilé
Bíbélì
Àwon ètò
Àwon Fídíò